УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Нефтеюганскы уагъд цыд Владимир Семеновы призтæ рамбулыны сæраппонд дунеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты Ирыстоны минæвæрттæ рамбылдтой иу сыгъзæрин, æртæ æвзист æмæ æхсæз бронзæ майданы. 79 кг уæзы категорийы турниры уæлахиздзау ссис Хуыбецты Кахабер. Уый финалы рамбылдта Малик Шаваевы. Ерысты дыккаг бынæттæ бацахстой Гогаты Алан (70 кг), Тæпсиаты Тамерлан (86 кг) æмæ Коцты Знауыр (97 кг).  Æртыккæгтæ та систы Санахъоты Ацæмæз (79 кг), Нартыхты Радик (86 кг), Соттиты Асланбенг (92 кг), Сечъынаты Геннади (97 кг) æмæ Теблойты Ацæмæз (125 кг). Бронзæ майдан ма рамбылдта Олимпион чемпион Рæмонты Сослан. Уый травмæйы фæстæ нал хæцыд дæргъвæтин рæстæджы. Фæлæ ныр цадæггай цæуы йæ спортивон формæйы. Къуыри раздæр ма уый æвзист майдан  рамбылдта Цæцæны уагъдцæуæг турниры. 

ФУТБОЛ

Футболæй Уæрæсейы чемпионаты дыккаг къорды «Хуссар» зонæйы уыдысты 15-æм туры хъæзтытæ. Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд Ростовы «СКА»-имæ. Дзæуджыхъæуккæгтæ фæуæлахиз сты 3:0 хыгъдæй. Фæлæ кæд хыгъд стыр уыд, уæддæр фембæлд рауад æндыгъд. «Алани»-йæн хыгъд байгом кæнын бантыст æрмæстдæр 76-æм минутыл. Расгуыхт Хæбæлаты Алан. Æртæ минуты фæстæдæр дыккаг пурти бакъуырдта Гуырцъыты Батраз. 90-æм минутыл та хыгъд 3:0 скодта Цæриаты Алан.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ чемпионаты фæлгæтты «Алани» фæд-фæдыл кæй фæуæлахиз 10-æм хатт, афтæмæй 34 очкойы æрмæбырд кæнгæйæ турнирон таблицæйы цæуы дыккаг бынатыл.  

САМБО

Æнтыстджынæй сæхи равдыстой хуссарирыстойнаг самбисттæ 2005-2006 гуырд спортсменты ‘хсæн РЦИ-Аланийы чемпионаты. Дыууæ уæзы категорийы финалы фембæлдысты Дзауы самбойы скъолайы хъомылгæнгинæгтæ. 59 кг уæзы сæйраг тохы ерыс кодтой Хъуылымбегты Марат æмæ Карсанты Тамерлан. Цæттæдæр разынд Марат æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. 65 кг уæзы категорийы та фембæлдысты Джиоты Давид æмæ Тедеты Эдуард. Ам  та хуыздæр архайдта Давид æмæ фæуæлахиз. Тренер Хъоцыты Тамерланы хъомылгæнинæгтæй ма бронзæ майдан рамбылдта Гасситы Аслан (38 кг).

Хуссарирыстойнаг богалтæй ма чемпионаты уæлахиздзау ссис Плиты Ибрагим (35 кг). Уымæн та йæ тренер  у Хъотайты Дмитри.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.