18 июлæй 25 июлмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууæ фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма рес-публикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæс-тиуæгæн рынчындонмæ бахаудта иу адæймаг алыгъуызон цæфтимæ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты æртæ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 361 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 2 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Цхинвалы районы милицийы хайады кусджытæ баурæдтой 34-аздзыд горæттаг цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæнынмæ. Фæткхалæг нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.