Фæстаг цалдæр азы нæ республикæйы машинæтæ дзæвгар кæй фæфылдæр сты, уый кæд нæу æппæрцаг миниуæг, уæддæр  иуæй-иу шофырты аххосæй, фæндæгтыл цы мæгуырау æмæ æнамонды цаутæ æрцæуы, уыдон алы æмбæстагæн дæр æрхæссынц катай æмæ сагъæсы æнкъарæнтæ. Фæндæгтыл æдасæй цæуыны фæткойтæ фылдæр хæлд цы аххосæгтæм гæсгæ цæуынц, уый тыххæй нæ уацхæссæг фыццаг ныхас кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон автоинспекцийы инспектор, милицийы майор Цхуырбаты Русланимæ.

Руслан банысан кодта: Аваритæ æмæ фæндæгтыл алыгъуызон фæткхалæн цаутæ фылдæр хай æрцæуынц машинæтæ нозтджынæй æмæ тагъд скъæрыны аххосæй. Уымæ гæсгæ фæстаг азты арæх аразæм рейдтæ. Шофыртæ æнхъæл дæр кæм нæ вæййынц, ахæм бынæтты сæвæрæм рæстæгмæйы постытæ. Æрвыл бон дæр цалдæр къорды ацæуынц æмæ фæконтрол кæнынц куыд горæты, афтæ районты фæндæгтыл дæр. Машинæ расыгæй чи фескъæры, уыдонмæ нæ ахаст у уæлдай карз.  Уымæн æмæ расыггæнаг шофырты аххосæй æрцæуы ахæм цаутæ, кæцытæн рарасткæнæн дæр нал вæййы. Фæстаг азты  уавæр кæд фæхуыздæр, уæддæр у хуыздæрхъуаг æмæ йыл дарддæр дæр архайдзыстæм, фæткхалджыты ныхмæ ист цæудзæнис ноджы карздæр мадзæлттæ.»

Расыгæй машинæ скъæрын æрмæст фыдракæнд цау нæу адæмы хсæн уый у худинаджы хъуыддаг.

Уымæй дарддæр ма фæндæгтыл æрцæуы æндæр, уæлæнгайдæр фæткхалæн цаутæ дæр. Ахæм шофыртæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, æрцæуынц æфхæрд.

Фæткхалæн цаутæ æмæ ма аваритæ æрцæуы иуæй иу шофыртæ фæндæгтыл æдасæй цæуыны фæткойтæ рæстмæ кæй нæ зонынц, уый аххосæй дæр. Ацы фарстмæ дæр хъус æрдарын хъæуы хуыздæр. Шофыр уæвын, мащинæ скъæрын бирæты фæнды, фæлæ алкæмæн уыцы гæнæнтæ нæй.

Фæстаг цалдæр мæйы горæты светофорты нымæц фæфылдæр дзæвгар. Уыдон дæр кæй зæгынæй хъæуы фæахъаз уыдзысты фæндæгтыл æдасæй цæуынæн.

-Иуæй иу æмбæстæгтæ авариты рæстæджы азымджыны бынаты сæвæрынц паддзахадон автоинспекцийы минæвæртты, зæгъгæ, автоинспекцийы кусджытæ сæ хæстæ куыд æмбæлы афтæ не ххæст кæнынц æмæ уый аххосæй æрцæуынц аваритæ. Ахæм дзурджыты æз растыл нæ нымайын, – зæгъы нæ горæты цæрæг, къорд азты машинæ чи скъæры, ахæм Зассеты Алекси. Дарддæр Алекси банысан кодта, зæгъгæ, автоинспекцийы кусджытæ цас фæнды ма уой, сæ хæстæ куыд фæнды хорз ма æххæст кæной, уæддæр сын фадат нæй æмæ алы машинæмæ дæр  сæ хъусдарын æппынæдзух фæзилæнты, алвæндæгтыл, лæууыдтæн.

Мæ фыд шофыр уыд æмæ мын æрмæст машинæ скъæрын нæ бацамыдта, фæлæ ма мæ фæцайдагъ кодта шофыр фæндæгтыл йæхи куыд хъуамæ дара, алкæмæ æмæ йын алцæмæ дæр цахæм ахастытæ уа, уыдæттыл

Мæхæдæг скъæрын цыппор азæй фылдæр. Чизоны мæ дзырдтæ алкæй нæ бауырной, фæлæ уал азы иунæг хатт дæр нæдæр фæндæгтыл цæуджыты  æмæ нæдæр автоинспекцийы кусджыты батыхсын кодтон. Уый тыххæй мæ бафæдзæхсын фæнды, æрвылбон дæр машинæтыл чи фæрацу бацу кæны, уыдон. Рулы фарсмæ бабадын æмæ уыйбæрц машинæтæ кæм змæлы уыцы уынгтæм рахизын домдæуы стыр бæрндзинад æмæ уыцы бæрндзинадæй æппынæдзух хъуамæ уат хайджын. Зонын уæ хъæуы уый дæр æмæ цы аваритæ æрцæуы, уыдон тыххæй æрмæст уæхæдæг кæй нæ батыхсут, фæлæ бынтон æнаххос адæймæгтæ.

Фæндæгтыл æдасæй цæуыны фæткойтæ æнцонæй æмæ бынтон æнæхъуаджы чи халы, уыдонæн мæ зæгъын фæнды уый æмæ цæмæй хуыздæр хъуыды кæной куыд сæхи цардыл афтæ ма цы адæмы хсæн цæрынц, уыдонæй алкæуыл дæр.

                                                                                               ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.