Интернет абон тынг бирæ адæмæн у сæ ног хицау, акодта сæ йæхи зондыл, фæзынын сæм кодта ног психологи. Интернет царды стырдæр хай йæхи бакодта, виртуалон тыгъдад. Ахæм уавæр æрдомдта æндæр культурæ, æндæр уагахасты æууæлтæ. Ацы ногдзинæдтæй хи бахизыны тых никæмæ разынд, иууылдæр йæ азары судзынц.

Интернеты руаджы кæдфæнды дæр цавæрфæнды хъуыддагæн дæр саразæн ис цыбыр рæстæгмæ. Фæлæ бæллæх уый мидæг ис, æмæ адæймаг «Инстаграм» кæнæ «Фейсбук» куы байгом кæны, зæгъгæ, базонгæ уа Ирыстоны ног хабæрттимæ, уæд фыдæнхъæл фæвæййы. Иуæй-иутæ кæрæдзимæ ахæм гуымир æмæ æнæгъдау ныхæстæ фæфыссынц, уымæй дæр уырыссагау, иронау уа, дæсгай рæдыдтытимæ æмæ зæрдæ бамæгуыр вæййы.

Райдайæн кълæсты сывæллæттæ бирæ хуыздæр фыссынц иуæй-иутæй, йæхи тынг зондджын чи хоны, уыдонæй. Уæхиуыл ма ма худын кæнут нæ сыхæгты… Хуыцауæй курæгау уæ курын! Цытæ фæфыссут, уыдон ма-иу уæхæдæг бакæсут, цымæ сын исты бамбариккат.

Мах йедтæмæ йæ хицауады фыдгой дæр ахæм разæнгардæй ничи кæны. Уæвгæ та нын кæд цавæр хицау бæззыд?! Кусын чи нæ уарзы æмæ мæгуыр цард чи кæны, уый дæр æй хицауады аххос кæны. Тынг бирæ кусæн бынæттæ нæм ис, рафæлдахут-ма хъусынгæнинæгты газет, цымæ дзы цасæй агурынц кусджыты. Фæлæ сæ ахæм куыстытæ нæ хъæуы. Хъæуы сæ хицауы бынат æмæ стыр мызд, фæлæ, цæмæй ахæм бынаты кусай, уый тыххæй, æппæты фыццаг ахуыр кæнын, стæй уал хуымæтæгдæр куыстытæй райдайын кæй хъæуы, уый сæ хъуыды нæ ахсы.

Интернетæй пайдагæнгæйæ, нæй фыссæн адæймаджы кад æмæ намыс æфхæрæн, экстремистон нысаниуæг кæмæн ис æмæ агресси чи расайдзæн, ахæм фыстæджытæ.

«Махæн, ирæттæн, нæ менталитет у æндæр, кæцыйæн, мæнмæ гæсгæ, стыр нысаниуæг ис. Æддагæттæ нæ республикæйы цæрджыты рæстмæ нæ зонынц, æмæ хызæгты комментаритæм гæсгæ, аргъ кæнынц нæ адæмæн. Мах кæрæдзи фаугæ æмæ æфхæргæйæ, нæ фыдæлтæн кад кæнынæн дæр нал стæм», — загъта Цыбырты Дианæ. «Зæгъæм, адæм тыхстхуызæй фæфæрсынц Фейсбукы цытæ фыссынц, уыдон æцæг сты? Социалон хызæг иуæй-иу адæмæн фадат дæтты, хицауиуæгад цы информаци сусæг кæны æмæ æхсæнадон хъуыдыйыл чи бандавдзæн, ахæм информаци фехъусын кæнынæн дам-думты хуызы. Хуссар Ирыстоны хæдбар информацион фæрæзтæ кæй нæй, уый ахъаз кæны негативон æмæ æнæраст информаци адæмы рæгъмæ хæссынæн».

Ирон адæм хъуамæ сæ зæрдыл æдзухдæр дарой, мингай цæстытæ сæм фæйнæрдыгæй кæй кæсынц æмæ æгас ирон адæмæн уымæ гæсгæ кæй аргъ кæнынц.

Виртуалон уагыл ныхас кæнын у нырыккон дуджы иууыл арæхдæр проблемæ. Йæ мидис ис æдзух кæимæдæр контакт аразыны, фæлæ лæгæй-лæгмæ, цæстæй-цæстмæ нæ цæуы, æрмæст социалон хызæгты, сайтты, зонгæгæнæг форумты æмæ æндæр ахæмты. Хъыгагæн, виртуалон уаг сафы рагон царды ахастыты. Мæнг информаци та мах кæддæриддæр фæкæны мæнг фæндæгтыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, социалон хызæгты иууыл информаци мæнг кæцæй вæййы, фæлæ чи вæййы, уый дæр фагæй фылдæр у адæймаджы миддуне сызмæнтынæн.

Сæфтмæ нæ тæрынц «боттæ», алыхуызæн «Алан Алановты», «Ирон Ироновты» æнæуаг ныхас æмæ æнæгъдау митæ худинаг кæмæ нал кæсынц, ахæмтæ. Уыдон барвæндонæй, кæнæ та æнæрхъуыдыйæ, халынц ирон адæмæн сæ рæбинаг цæджындз — фыдæлтыккон царды æгъдау. Ирон адæмы фарн хистæрæй кæстæрмæ цæуы, æмæ фидæны нæ кæстæртæ уыцы фарн махæй агурдзысты.

Ахæм у абоны уавæр, фæлæ йыл къух ауигъын, ома, уый дунеон фæзынд у æмæ йын мах бон ницы у, зæгъгæ, раст нæ уыдзæн: ахæм хъуыдыйыл куы ныххæцæм, уæд уый нысан кæндзæн, Ирыстоны рæзгæ фæлтæрыл, Ирыстоны сомбоныл дæр къух ауигъын.

Дриаты Лейлæ