Знауыры райцентры 18 фатерон корпусы фатерты дæгъæлтæ цæрджытæн радта районы администрацийы сæргълæууæг Хуыбиаты Сослан.

Уый се ‘ппæтæн дæр раарфæ кодта ахæм нысаниуæгджын цауы тыххæй æмæ сын йæ цæст бауарзта амонд ног хæдзæртты.

«Ацы бирæфатерон хæдзар арæзт æрцыд республикæйы къухдариуæгад æмæ Уæрæсейы æххуысы фæрцы Инвестицион программæйы фæлæгтты. Бузныг мæ фæнды зæгъын нæ Президентæн йæ актвион хайадисты тыххæй. Уый-иу арæх бæрæг кодта арæзтад, цæмæй адæм тагъддæр райстаиккой сæ цæрæнуæттæ», – загъта Хуыбиаты Сослан.

Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат Гæбæраты Инал банысан кодта, зæгъгæ, Знауыры районæн у, æцæгæйдæр, амондджын цау, уымæн æмæ ам цæрæнуæттæ арæзт нæ цыд цыппор азæй фылдæр.

18 фатеры иууылдæр ссардтой сæ хицæутты. Цæрджытæ цины æмæ бузныджы æнкъарæнтимæ истой сæ фатерты дæгъæлтæ, уыдонæй бирæтæ цалдæр азы дæргъы лæууыдысты рады цæрæнуат райсыны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.