Æмбæстæгты хæрзиуæгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фадыгмæ хъус дарыны фæдыл комитетæй куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ Югосетпотребнадзоры лабораторийы фæстаг бонты цы 16 тесты арæзт æрцыд коронавирус рабæрæг кæныны нысанæн, уыдон равдыстой æппæрццаг фæстиуæг.

Комитеты сæрдары хæдивæг Гаглойты Аннæ информацион агентад «Рес»-æн куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ ацы лабораторийы æдæппæтæй арæзт æрцыд 170 тесты, кæцытæ се ‘ппæт дæр равдыстой æппæрццаг фæстиуæг. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны территорийыл коронавирусон инфекцийæ рынчынтæ хынцыд нæ цæуы.

Цæгат Ирыстонæй цы æмбæстæгты дыккаг къорд æрцыд æмæ медицинон центры карантины чи сты, уыдонæн дæр арæзт æрцыд тесттæ. Аннæ ма куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ 28 апрелмæ дохтырты хъусдарды бын сты 46 адæймаджы, хиизоляцийы та 13 адæймаджы.

Ацы къуырийы райдианы та республикæмæ æрцыд нæ æмбæстæгты иу къорд. Уыдон дæр дыууæ къуырийы уыдзысты карантины бирæпрофилон центры. Иумиагæй сисгæйæ, ныртæккæ рын-чындоны ис 34 адæймаджы, фараст та – инфекцион рынчындоны, æртæ та Ленингоры районон рын-чындоны. Республикæмæ товар цы шофыртæ ла-сынц, уыдонæй æртæйæ карантины сты уазæгдон «Алан»-ы.

Фæцис сæ карантины рæстæг

Уымæй размæ цы æмбæстæгтæ æрцыд нæ республикæмæ æддейæ, уыдон дыууæ къуыри медицинон центры карантины фæстæ рацыдысты сæ хæдзæрттæм. Республикон бирæпрофилон медицинон центры дохтырты хъусдарды бын уæвгæйæ, ацы æмбæстæгтæм ахасты нæ бафидар сты вирусон инфекцийы фæстиуджытæ, ома, не сты низ парахатгæнджытæ. Карантины цы æмбæстæгтæ уыд, уыдоны ‘хсæн уыдысты сы-вæллæттæ дæр, операцийы фæстæ рынчын дæр. Рынчындоны уыдонмæ уыд сæрмагонд хъусдард.

Бирæпрофилон медицинон центры къухдариуæггæнæг Кокойты Маирбеджы ныхæстæм гæсгæ зын у уалдзæджы къæсæрыл хæдзары бадын, фæлæ низ уый нæ фæрсы, æмæ дзы дæхи æмæ де ‘ввахс адæмы бахизын æнцондæр у хос кæнынæй.

Карантин у ахсджиаг профилактикон мадзал

Вирусæн йæ сæйраг профилактикон мадзал у карантин. Æмæ уыцы хъуыддагмæ хъуамæ æмбаргæ ахаст дара махæй алчидæр. Уый уымæн дзурæм, æмæ нæ бæстæйы карантины цы æмбæстæгтæ вæййы, уыдонæй бирæтæ тестытæ аразыныл нæ разы кæнынц, ома, социалон хызæгты фыссынц, зæгъгæ, уыцы тест аразæнтыл сæхиуыл ис вирус. Уымæ гæсгæ ацы хъуыддаджы бæрнон структурæтæ сидынц нæ республикæйы æмбæстæгтæм, цæмæй ацы фарстмæ æмбаргæ ахаст дарой. Мæнг информацитæн бындур нæй æмæ дохтырты амындтæ та сты сæйраг низ ма æруадзын æмæ апарахат кæныны хъуыддаджы. 

Югосетпортебнадзорæй куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ уыцы тестытæ лаборатори самал кодта, цалынмæ дунейыл ацы æнæхайыры пандеми нæ рапарахат, уæдмæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.