Æнкъард мысинæгтæ

 

Хид æрмæст цæугæдоны дыууæ был, дыууæ фарсы нæ бæтты. Мах æнæуынгæ хидтæ аразæм кæрæдзимæ, зæрдæйæ зæрдæмæ. Мах нæ хъуыдыты æнæуынгæ хид саразæм абоны дугæй нæ ивгъуыдмæ, чысыл æмгъуыдмæ рацæрæм, нæ хъуыдыйы цы нывтæ, цы мысинæгтæ баззадысты цæрæнбонтæм, уыдоны. Мах саразæм хидтæ æмæ нæ фæфæнды атындзын ивгъуыд царды зонгæ, зынаргъ бынæттæм, зынаргъ адæймæгтæм, зæххы чъылдымыл кæмфæнды ма цæрæм, уæддæр.

Нæ дуджы адæймагæн йæ ивгъуыд цардæй чи баззадысты, уыцы зынаргъ, æнæферохкæнинаг бынæтты ‘хсæн ис, кæм ахуыр кодта, уыцы скъола æмæ уырдæм кæимæ згъордта чингуыты хызынимæ, уыцы æмгæрттæ – æмбæлттæ, афтæ йæ ахуыры фæндагыл чи æфтыдтой, уыцы ахуыргæнджытæ-хъомылгæнджытæ. Рæстæджы сæрты арæзт рухс хидыл кæд арæх нæ, уæддæр æрцæуæм алы рæттæй æмæ урссæрæй бахизæм, кæддæр сабийæ, æвзонгæй кæм ахуыр кодтам, уыцы скъолайы, къласы къæсæрæй, æрбадæм, кæддæр цы партæйы фарсмæ бадтыстæм, уым æмæ адæймаг æгасæйдæр аныгъуылы уыцы дард сабион дуджы, æрымысы, йæ фарсмæ чи бадтысты, уыцы æмбæлтты, йæ разы уырдыг чи лæууыдысты, уыцы ахуыргæнджыты.

Гъе, фæлæ уыцы амонд алкæмæ не ‘рхауы, уыцы æхцон æнкъарæнтæ алчи нæ бавзары. Уыдонæй сæ иу – мæхæдæг.

Дзауы районы Котантойы хъæуы райгуырдтæн. Ам рахъомыл дæн. Цалынмæ мыл авд азы сæххæст, уæдмæ мæ сабибонтæ ницæмæй хицæй кодтой, æнусты дæргъы ацы уæзæгыл цардмæ чи фæзындысты, уыцы сабиты цардæй. Кастæн мæ хистæрты уæззау куыстмæ æмæ йыл æз дæр цайдагъ кодтон. Мæ бон цы нæ уыд, уымæй дæр сæ фарсмæ лæууыдтæн «цума»-йы лæппуйы хуызы. Стæй… мæ сабион цард нæ хъæуы мæ карæн æндæр сабитау, фæсаджил. Райстон чингуыты хызын æмæ бахызтæн нæ хъæуы астазон скъолайы фыццæгæм къласы къæсæрæй. Афтæ ‘рлæууыдтæн дыууæ фæндаджы райдиан – мæ фыдæлтау мæм саугуыст, талынг цард кæм æнхъæлмæ каст, уымæ фæндаг æмæ рухс, зонындзинæдтæм чи хуыдта, ахæм фæндаг. Уæд нырма не ‘мбæрстон, уыцы дыууæ фæндагыл иу рæстæджы кæронмæ цæуæн кæй нæй. Фæлæ мæ ныхасы сæр ныртæккæ  ууыл нæу. Фæнды мæ зæгъын, цы ахуыргæнæн уагдæттыл рацыдтæн мæ царды, уыдонæн сæ хъысмæты тыххæй.

Фыццаг, куыд загътон, афтæмæй мæ райгуырæн хъæуы астазон скъола уыд. Абон дæр мæ цæстытыл ирдæй уайы Уæллагхъæуы (цы æртæ сыхы дзы уыдис, уыдоны дæр хъæутыл нымадтам) астæу чысыл фæзы æвæрд даргъ, иууæладзыгон хъæдын бæстыхай даргъ тыргъимæ. Тыргъæн йæ дыууæ кæроны дæр – кълæстæ. Рæнхъыл æвæрд кълæсты астæу уыд ахуыргæнджыты хатæн.

Скъолайы раз кæрт кæд дардыл нæ уыд, уæддæр фаг уыдис ахуыргæнинæгтæн хъазынæн урокæй урокы ‘хсæн улæфтыты рæстæджы. Ам уыдис турник, дæргъмæ гæппгæнæн уæрм змисимæ. Скъолайы бæстыхайыл иу фарсæрдыгæй ныхæст уыд æрмадз, цыран ахуыргæнинæгты ахуыр кодтой хъæдгуыстыл. Скъолайæн уыд йæхи зæххы фадыг дæр йæ фарсмæ.

Скъоламæ бирæ сывæллæттæ цыдысты. Хъæуы ма æз æрæййæфтон 35 цæрæг хæдзары бæрц æмæ кæд алы хæдзары нæ, уæддæр сæ фылдæры 4-8 сывæллонæй къаддæр нæ хъомыл кодта. Иу хæдзары та 11 сывæллоны уыдис. Афтæ æмæ ахуырдзаутæй цух не ‘ййæфта. Бирæ дзы куыста ахуыргæнджытæ дæр. Æз хъуыды кæнын, иу рæстæджы дзы кæй куыста 12 ахуыргæнæджы. Уыдон, сæйраджыдæр, уыдысты нæхи хъæуккæгтæ. Цы предметтæй-иу нæ фаг кодтой ахуыргæнджытæ, уыдоны та-иу æрбахуыдтой æндæр рæттæй æмæ-иу æххуырсты цардысты хицæн æмæ хицæн цæрджытæм.

Цыдис рæстæг æмæ цардмæ дарддæр йæ ивындзинæдтæ хаста. Фæсивæд цадæггай ивылын райдыдтой хъæуæй. Цыдысты ахуыры фæдыл æндæр æмæ æндæр рæттæм, æндæртæ та хъæууон фыдæбойнаджы цардæй хуыздæрыл нымадтой горæты фабрикæйы, заводы, гъе та арæзтады кусын æмæ цыдысты сæ фыдæлты уæзæгæй. Æрыгон бинонтæ къаддæрæй-къаддæр кодтой æмæ уыимæ къаддæр кодта скъолайы ахуыргæнинæгты нымæц дæр. Æмæ нæ хъæуы астазон скъолайы рацарæзтой райдиан скъоламæ. Раивтой йын йæ бæстыхай дæр – фæкъаддæр æй кодтой, ардæм раивтой, хъæуы астæу   колхозы канторæйы бæстыхайы цы библиотекæ уыдис, уый дæр. Фæлæ куыд скъолайæн, афтæ библиотекæйæн дæр бирæ цæрæнбон нал разынд – иу зымæджы стыр митуарды рæстæджы бæстыхай ныккалд. Ууыл фæцис ме скъолайы æрдæгæнусон истори.

Мæ хъæуы аст къласы йедтæмæ сахуыргæнæн нæ уыд. Афтæмæй та хъуыд астæуккаг скъола фæуын, ахуыр адарддæр кæнын. Ахæм скъола та уыд 2-2,5 километры дарддæр чи уыд, уыцы сыхаг хъæу Хъемултайы. Ацы хъæу комы уыд, нæ хъæу та – бæрзонд ран æмæ се ‘хсæн цыбырдæрæн цы къахвæндæгтæ над уыд, уыдоныл нæ чингуыты хызынтимæ уадыстæм æрвылбон, зымæджы митуардтыты та-иу нæ разæй цы фæд акодтой, ууылты.

Абон дæр цæстыты раз уайы Хъемултайы астæуккаг скъолайы бæстыхай. Хъæуы астæу цы иунæг фæзбынат  ис, уым уыдис. Дурæй амад, иууæладзыгон, уæрæх кæртимæ. Ардæм ахуыр кæнынмæ æрмæст ацы хъæуы, æмæ ма нæ хъæуы хистæркъласонтæ нæ цыдысты, ардæм зонындзинæдтæ исынмæ цыдысты æгас хъæусоветы хъæуты цæрджыты сывæллæттæ. Иууыл дæрддагдæр хъæутæй сывæллæттæн ам уыдис интернат дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Хъемулта æндæр хæххон хъæутимæ абаргæйæ кæй уыдис ноджы чысылдæр. Хæдзæрттæм цы фæндæгтæ цыд, уыдонæн уынгтæ зынтæй уыд рахонæн, хуыздæр сыл бадт хъæууынгты ном. Хъæуы астæуты цы сосæвæндаг цыд, уыцы бынат хъæуæн уыдис сæйраг уынг дæр æмæ фæзуат дæр. Фæндагыл машинæтæ тынг арæх нæ цыдысты æмæ-иу æй адæм бацахстой. Кæд-иу искæцырдыгæй машинæ фæзынд, уæд-иу иувæрсты алæууыдысты æмæ-иу ын фæндаг радтой.

О, чысыл хъæуы уыдис, фæлæ нымад цыдис æппæт йæ алыварс хъæутæн сæ центрыл. Скъола æмæ интернатæй дарддæр дзы уыдысты хъæусовет, магазин, рынчындон, клуб, библиотекæ, бастдзинады хайад, хæрæндон. Афæдзы алы афоны дæр æрвылбон ам æмызмæлд кодтой адæм. Уыцы адæммæ хъуыст астæуккаг скъолайы кæртæй сæ сывæллæтты зæлланг хъæлæстæ…

Ацы скъоламæ дыууæ азы фæцыдтæн æз дæр. Цæмæй астæуккаг ахуырад райстаин æмæ сфæлвæрдтаин уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуыныл.

Æмæ райстон уыцы бæллиццаджы аттестат. Хъуыд равзарын ныр, цахæм уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуон, уый. Æвзонг адæймагæн йæ хæтæнтæ дардыл вæййынц. Мæ сабидуг та æрхаудта космосмæ Гагарины атахтимæ. Æмæ кæцы æрыгон лæппуйы нæ фæндыд уæд космосмæ атæхын! Æз дæр, Советон Цæдисы уæлдæр ахуыргæнæндæттæ фыст кæм уыдысты, уыцы чиныг райстон æмæ равзæрстон, æввахсдæр нæм цы уæлдæр авиацион ахуыргæнæндон уыдис, уый. Уый та уыдис Ейскы горæт. Æмæ сæм ныффыстон. Уыдон дæр мæм ныффыстой ахуырмæ райсыны уавæртæ. Мæ гæрзтæ рабастон, фæлæ нæ рауад – æгæр цыбыркъух разындысты мæ ныййарджытæ. Æмæ уæд сфæлвæрдтон Ростовы университетмæ, журналистикæйы факультетмæ. Мыхуырон дзырдæн стыр аргъ кодтон, афтæ хъуыды кодтон, зæгъын мыхуырон дзырд у, æууæндын кæуыл хъæуы, ахæм æмæ сæ чи фыссы, уыдоны та – иууыл рæстагдæр удтæ. Фæлæ, цы æмбæхсон, нæ бахаудтæн, иуæй зонындзинæдтæй тынг рæвдз нæ уыдтæн, иннæмæй та уырыссаг æвзаг дæр фаг  нæ зыдтон.

Куыд, цы, фæлæ æрæнцадтæн нæхи, Цхинвалы паддзахадон институтыл. Ахуыргæнæджы дæсныйад мæ, раст зæгъгæйæ, йæхимæ не ‘лвæста, фæлæ мæ фæндыд, цæмæй фылдæр искуы исты базонын, фæндыд мæ мыхуырон дзырдмæ дæр æввахс лæууын æмæ газеттæм фыстон уацтæ, æгæрыстæмæй, службæ кæнгæйæ, мæ уацты мыхуыр кодта округон газет дæр.

Нæ пединститутмæ фæлварæнтæ лæвæрдтон, конкурс иууыл  къаддæр кæдæм уыд, уыцы факультетмæ, зæгъын, кæд уырдæм уæддæр бахауин. Æмæ бахаудтæн. Сдæн студент. Æмæ нæ фæфæсмон кодтон, ацы институты райдиан ахуырады педагогикæ æмæ методикæйы факультеты кæй ахуыр кодтон, уымæй. Ам ахуыр кодтон æндæр æмæ æндæр предметтæ æмæ мын, цы дунейы цæрын, уый уæрæхдæрæй базоныны фадат уыдис. Ацы факультет мын уæлдай тынгдæр бауарзын кодта, уæлдай тынгдæр уарзинаг чи сты, уыдоны – чысыл, рæзинаг сывæллæтты. Æндæр факультеты кæцыдæр предмет арфдæр ахуыр кæнгæйæ мыл, чизоны, искуы ахуыргонд, иртасæджы ном сбадтаид, фæлæ мæнæн фаг уыд, каст кæй фæдæн, уыцы факультет, уый тыххæй стыр бузныг мæ институт æмæ мæ факультетæн.

Цыбыртæй радзырдтон мæ астазон, мæ астæуккаг скъола æмæ мæ уæлдæр ахуыргæнæндоны тыххæй.

Кæм сты ныр, зонындзинæдтæм мæ лæварæй, хицауады æххуысæй, мæ ахуыргæнджыты æххуысæй чи кодтой, уыцы рухс бынæттæ?

Котантойы скъолайы бынат, куыд æппæт хъæубæсты, цалдæр цæрæджы кæртытæй дарддæр, хæмпæлгæрдæджы бын фæцис. Йæ мæнгаххосаг – бæстыхай стыр митуарды аххосæй кæй ныккалд. Æцæг аххосаг та – хъæубæсты цæрджыты ивылынад.

Хъемултайы скъолайы зæронд бæстыхай, стæй дзы уый фæстæ  æппæтæй дæр ифтонг цы æртæуæладзыгон скъола сарæзтой, уыдон абон нал уæвынц – йæ мæнгаххосаг – стыр зæххæнкъуыст. Йæ æцæг аххосаг раздæрау уыд комбæсты адæмы ивылынад.

Абон   ма Хъемултайы хъæуы ис райдиан скъола, цыран ахуыр кæны иу саби æмæ йын «лæггад» кæнынц иу ахуыргæнæг, иу æфснайæг æмæ дыууæ хъахъхъæнæджы (йæхицæн нæ – скъолайæн). Уый ссис, æгас комбæсты цард куыд нымæг кæны, уымæн фæстаг æвдисæн.

Цы загъдæуа, уæлдæр ахуырады тыххæй диплом кæм райстон, нæ уыцы пединститутæй (университет) та? Ис, уæвы нæ иунæг уæлдæр ахуыргæнæндон. Ноджы рæсугъддæрæй рафидыдтой йæ ахуыргæнæн корпустæ, ноджы хуыздæр фадæттæ дзы ис ахуыр кæнынæн. Фæлæ нал сты мæнæн, мингай йæ рауагъдонтæн зынаргъ чи уыдысты, уыцы зæронд корпустæ, йæ аудиторитæ. Алчидæр нæ зоны, йæ зæрдыл дары, сæйраг корпус хæсты арты цъыбыртты сыгъд куыд кодта æмæ йын нæ бон баххуыс кæнын куыд нæ уыд…

Ацы институт мæ бацæттæ кодта æмæ рауадтæн ахуыргæнæг. Радта мын балцæг – диплом скъоламæ æмæ бахаудтæн дыууæ равзæрсты – ахуыргæнæджы æмæ газеты куысты ‘хсæн. Уæдмæ газетмæ æввахсдæр балæууыдтæн æмæ, раст зæгъгæйæ, мæ фидæн дæр уым уыдтон. Афтæ, æмæ сдæн газеты кусæг. Æмæ та мæ ардыгæй арвыстой зонындзинæдты ног артдзæстмæ – Ленинграды уæлдæр партион скъоламæ. Ахуыр кодтам Таврийы галуаны, Смольнимæ хæстæг. Уæрæсейы успаддзах Екатеринæ дыккаджы æввахсдæр æххуысгæнджытæй сæ иу, зынгæ паддзахадон æмæ æфсæддон архайæг, дипломат Григори Потемкины сæрдыгон резиденци уыдис. Йæ рæстæджы ам, зæгъæн ис, фыст цыдис Уæрæсейы паддзахады истори, куыста дзы Паддзахадон Думæ, истой закъæттæ. Октябры революцийы хæдразмæ ам куыста Рæстæгмæ хицауад, революцийы фæстæ та Советты Æппæтцæдисон централон æххæстгæнæн комитет. Уæлдæр партион скъола ам байгом 1921 азы æмæ уæвыд растдæр 70 азы дæргъы, ома, 1991 азмæ. Йæ уæвынады кæронмæ куыд фæцæйхæццæ кодта, афтæ дзы ахуыр кодтон æз – Хуссар Ирыстонæй фыццаг æмæ фæстаг адæймаг. Каст æй фæдæн æмæ фæстæмæ æрыздæхтæн, змæстытæ нæм куы райдыдтой, уæд – 1989 азы.

Цæмæн радзырдтон, кæм ахуыр кодтон, уыцы историон галуаны тыххæй. Уымæн æмæ та нал уæвы уыцы ахуыргæнæн уагдон дæр. Уыцы ахуыргæнæн уагдон, кæцы партион, советон органæн æмæ дзыллон информацийы фæрæзтæн цæттæ кодта, абон паддзахадон æмвæзадыл фаг хъусдард кæмæ нал ис, уыцы ахсджиаг фарстмæ – кадртæ æвзарын, цæттæ кæнын æмæ сæ бынæтты  равæрынмæ. Галуан  раздæрау уæвы – ныр æртæ æнусæй фылдæр, фæлæ дзы нал ис уæлдæр партион скъола. Йæ сæхгæныны фæстæ йæ сæрмæ фæйлауын райдыдта Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæтæ-хайадисджыты Æхсæнпарламентон ассамблеяйы  эмблемæ, йæ бахизæны  та – Æмхæларады бæстæты  тырысатæ.

Мæ хъуыды балхынцъ кæныны тыххæй мæ цы фæнды зæгъын? Куыд фæзæгъынц, рæстæг дугъон бæхæй хъауджыдæр нæу. Уый адæймаг йе ‘взонджы бонты, зæгъæн ис, æнкъаргæ дæр нæ фæкæны. Афтæ йæм фæкæсы, цыма йе ‘взонгад æнусон у, гъе та фæуыдзæн дард, тынг дард кæмдæр æмæ уæд æрбалæудзысты зæронды бонтæ дæр. Уый хорз у, уадз æмæ афтæ æнхъæла æвзонг адæймаг. Фæлæ уæддæр азгъорынц уыцы азтæ æмæ уæд æрбалæууы  ивгъуыд цардыл цæст ахæссыны рæстæг. Уыцы кары дæн æз дæр æмæ уын радзырдтон, цы ахуыргæнæн уагдæтты ахуыр кодтон, уыдоны тыххæй. Адæймаджы удæн хицон æмæ æхцон у, цæмæй йæ ивгъуыды æрмæст йæ хъуыдыты ма мыса, йæ фынты сæ ма уына, фæлæ сæ йæ буары ныдзæвдæй дæр банкъара. Уымæн нын вæййы æхсызгон, дард кæцæйдæр æрцæугæйæ, ногæй фыды уæзæгыл къахдзæфтæ аразын, йæ хъарм ын ног æмæ ногæй банкъарын, алыварс хæхтæ, хъæдтæ, фыййауæй фосы фæстæ сабийæ кæм лыгътæ, уыцы сæрвæттыл, хос кæм карстай, уыцы уыгæрдæнтыл ногæй цæст ахæссын. Уыдон иууылдæр бынаты сты, фæлæ хæхтæй дарддæр дæ алыварс  аивта алцыдæр. Сæрвæттæ, уыгæрдæнтæ къутæр кæнынц, рæз сыл хæссынц алыгъуызон бæлæстæ æмæ хъæдты фæзуæттæ фылдæр кæнынц. Кæддæр цы цæугæдæттæм уадыстæм хи найынмæ, уыдон сæрдыгон тæвд бонты къададæтты йас свæййынц…

Сæйраджы сæйраг та нæ хъæутæ хъæууæттæ кæнынц. Абон мæнæн нал сты, рухс кувæндæттæм цæуæгау рухс фæндагыл кæуыл цыдтæн, уыцы ахуыргæнæндæттæ. Мæн æмæ се ‘хсæн цы хидтæ уыдис, уыдон мын басыгъдысты æмæ сæм нал ис къах бавæрæн, фæстаг ахуыргæнæндонæй дарддæр. Афтæмæй та адæймаджы куыд бафæнды йæ рухс бæллицтимæ йæ рухс бынæттæм бацæуын…

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.