Знауыры районы уагъд æрцыд спортивон бæрæгбон. Поселокмæ æрцыдысты дзюдойæ дыууæ хатты Олимпион хъæзтыты призер Тменаты Тамерлан æмæ Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы тренерон сконды уæнг Хъайтмæзты Батрадз. Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны цытæн уыдон мастер-къластæ ауагътой æвзонг дзюдоисттæн. Тренировкæты хайад райстой æрмæст Знауыры районы спортсментæ, нæ фæлæ ма уырдæм  сæрмагондæй  ацыдысты цхинвайлаг спортсментæ дæр. Мадзалы райдианы номдзыд уазджытæн бузныг загъта Хуссар Ирыстоны дзюдойы федерацийы президент Гæбæраты Инал.

Мастер-къласы райдианы уал спортсментæ сарæзтой фæлварæнтæ, кæцыты сын равдыстой уазджытæ. Хъæлдзæг фæлварæнтæ тынг фæцыдысты сывæллæтты зæрдæмæ. Тренировкæ уагъд цыд хъарм атмосферæйы. Хъайтмæзты Батрадз фыццаг  хатт уыд Знауыры поселочы.

«Тынг æхсызгон мын у ацы рæсугъд бынаты дзюдойæ кæй архайынц, уый. Ам гæнæн ис уæлдæр категорийы спортсментæ схъомыл кæнын. Уымæн æмæ сывæллæттæй цæуы тыхджын энергетикæ. Тынг рæсугъд æрдз, ис сын тренировкæтæ уадзынæн диссаджы уавæртæ», – банысан кодта Хъайтмæзты Батрадз. Фæлварæнты фæстæ спортсментæн райдыдтой сæрмагонд   амæлттæ (прием) амонын. Тменаты Тамерлан сын лæмбынæгæй æвдыста алы змæлд дæр. Сывæллæттæн иууыл хъæлдзæгдæр хæстæй сæ иу та уыд дыууæ хатты Олимпион хъæзтыты призеры гауызыл æрфæлдахын. Уыцы хæс æнтыстджынæй сæххæст кодтой æвзонг спортсментæ.

Дзюдойы размæцыды нысанæн Тменаты Тамерланмæ ис стыр плæнттæ. Арæзт æрцыд дзюдойы академи, уырдæм хуынд цæудзысты иууыл курдиатджындæр спортсментæ, фæнд ма кæныныц  дзюдойы къорд саразын дæр.

«Нæ хæс у цæмæй баххуыс кæнæм Олимпион чемпион суæвын кæй фæнды, уыдонæн сæ бæллиц сæххæст кæнынæн. Бахатдзыстæм хицауадмæ, цæмæй нын рахицæн кæной чысыл бæстыхæйттæ, уыдон-иу сцалцæг кæндзыстæм. Мах иу стыр зал нæ хъæуы, фæлæ 10 чысыл залы. Уæд нæ фæсивæдæн уыдзæн хуыздæр бæрæггæнæнтæ», – загъта Тменайы фырт.

Тменаты Тамерлан ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, бахатдзæн республикæйы къухдариуæгадмæ, цæмæй Знауыры дзюдойы скъолайæн лæвæрд æрцæуа Къæбысты Зурабы ном.  Уый стыр хайбавæрд бахаста скъола саразынмæ. Уый фæстæ, зæгъ, скъола иу кæнын мæ академиимæ æмæ стæй иууыл иумæ хайад исдзыстæм дзюдойы лигайы, кæцы скусын кæндзыстæм æввахс рæстæджы.

Мастер-къласты кæрон сывæллæттæ сæ къамтæ систой номдзыд спортсментимæ.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.