Адæймаг ацы царды фæзынди канд уый тыххæй нæ, цæмæй йæ цард бадынæй арвита, фæлæ ма цæмæй змæла, къахæй цæуа æмæ лидза. Къахæй цæуын канд адæймаджы организмы æнæниздзинадæн хорз нæу, фæлæ ма куы змæла, уæд ма уый æвæрццагæй æндавы ууыл дæр, куыд хъуыды кæнæм æмæ цы æнкъарæм, ууыл дæр. Цас фылдæр къахæй цæуат, уыйас хуыздæр кусдзæнис уæ сæрымагъз дæр, уæхи æмткæй хуыздæр хатдзыстут, уыдзæн уæм фылдæр энерги, хуыздæр фынæй кæндзыстут æмæ бирæ фæхуыздæр кæндзыстут уæ концентраци. Уæ иммунитет дæр фæфидардæр уыдзæн æмæ фылдæр фæцæрдзыстут. Биологон цæстæнгасмæ гæсгæ уæ организм февзонгдæр уыдзæн, уый фæстиуæгæн уæ зæрдæ хуыздæр кусдзæн æмæ уæ сæрымагъзы та райгуырдзысты ног чырæгтæ.

Адæмæн сæ фылдæр ныры рæстæджы сæ рæстæджы фылдæр хай æрвитынц бадгæйæ. Кæмæн йæ куыст домы, цæмæй 8 сахаты бадгæйæ æрвита йæ куысты рæстæг, чи та йæ фырзивæгæй дæр нæ рахизы хæдзарæй æдтæмæ æмæ нæ фæтезгъо кæны, не змæлы къахæй. Куыд рабæрæг, уымæ гæсгæ адæймаг боны мидæг телевизоры раз йæ рæстæг бахардз кæны 3-4 сахаты бæрц, уыйас рæстæг дæр бахардз кæны телефонимæ архайгæйæ. Афтæмæй та нæ организм уый тыххæй арæзт у, цæмæй иу ран ма бада, фæлæ кæна змæлгæ! Нæ хъуыдыкæнынад нæ организмимæ æнгом баст кæй у, уый тыххæй йыл æндавы физикон активондзинад дæр. Фæстаг рæстæджы иртасæнты бæрæггæнæнтæм гæсгæ психологтæ, философтæ æмæ биологтæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй нæ сæрымагъз куыд æндавы нæ организмыл, афтæ нæ организм дæр æндавы нæ сæрымагъзыл.

Къахæй цæуын эффективонæй ахъаз кæны нæ хъуыдыкæнынады куыстæн. Уый сбæрæг кæныны тыххæй психологтæ цалдæр адæймаджы адих кодтой дыууæ къордыл. Фыццаг корды чи уыдысты, уыдонæн бар радтой, цæмæй тесттæ аразыны размæ æддæмæ хизой тезгъо кæнынмæ, къахæй цæуынмæ. Дыккаг къорды чи уыдысты, уыдонæн та бар нæ лæвæрдтой, цæмæй сæ бынатæй дæр сыстадаиккой æмæ бынаты сарæзтаиккой сæ тесттæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй фыццаг къорды чи уыдысты, ома, уынгмæ чи рахызт тезгъо кæнынмæ, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, сарæзтой сæ тесттæ рæстæгыл æмæ гъæдджынæй. Аннæтæй та сæ иутæ куыд æмбæлы, афтæ нæ сарæзтой сæ куыст кæнæ та бынтондæр нæ сæххæст кодтой сæ разылæууæг хæстæ. Бирæ иртасæнтæй ма фæбæрæг, къахæй тезгъо кæнын фæллайын кæй нæ кæны адæймаджы, фæлæ йын йæ сæрымагъзы кæй фæзынын кæны сæрибар хъуыдытæ, уый та куыд зонæм, афтæмæй стимул дæтты сфæлдыстадон хъуыдыкæнынады рæзтæн.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.