Æрæджы нæ горæты Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы баконд æрцыдис æрыгон нывгæнæг Дыгъуызты Марияйы персоналон равдыст «Цæсгæмттæ æмæ хъысмæттæ», зæгъгæ, ахæм номимæ.

Равдысты экспозицимæ бацыдысты ахæм нывтæ, кæцыты Дыгъуызты Мария равдыста, цалдæр азы размæ 2008-æм азы августы хæст йæхиуыл чи бавзæрста ахæм адæймæгты.  Уымæй дарддæр ма равдысты конд æрцыдысты  зынгæ актерты портреттæ дæр.

Персоналон равдыстмæ æрбацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ æндæр официалон адæймæгтæ, æхсæнадон архайджытæ.

Сфæлдыстадон мадзалы РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, фыццаджыдæр, арфæ ракодта Дыгъуызты Марияйæн, йæ царды нысаниуæгджын цауы тыххæй æмæ уыимæ иумæ банысан кодта, уымæн йæ куыстытæ кæй сты цымыдисон æмæ адæмы цæст кæй здахынц сæхимæ. «Тынг æхсызгон хъуыддаг у уый æмæ нæм кæй ис бирæ æрыгон курдиатджын адæймæгтæ. Паддзахад аразы æмæ  ноджыдæр араздзæн, цæмæй æххуыс кæнæм аивады æрыгон архайджытæн се сфæлдыстадон фæндæгтыл цæугæйæ», – загъта Пухаты Эрик.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зассеты Жаннæ дæр йæ раныхасы арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта нывгæнæгæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уымæн йæ нывтæ хуымæтæг не сты, зыны сæ адæймаджы цардуаг. «Равдысты цы нывты федтам абон, уыдоны Дыгъуызты Мария фенын кодта адæмы удысконд, сæ миддуне. Мæн фæнды, цæмæй Дыгъуызты чызгæн йæ къухты бафта ноджы стырдæр æнтыстытæ. Махмæ бирæ курдиатджын фæсивæд ис, рæзы нæм сомбоны корифейтæ», – банысан кодта Зассеты Жаннæ.

Бирæ арфæты фæстæ æрыгон нывгæнæг йæхæдæг дæр бузныджы ныхæстæ загъта æрæмбырдуæвджытæн йæ равдыстмæ йын кæй æрбацыдысты æмæ йын аргъгæнæг кæй уыдысты, уый тыххæй. Йæ раныхасы ма уый банысан кодта, зæгъгæ, дарддæр дæр кусдзæнис æмæ йе сфæлдыстад размæ кæндзæнис республикæйы хæрзиуæгæн. «Кæддæриддæр цæут уæ бæллиццтæм æмæ уæ къухты бафтдзæн æнтыстытæ, хæрзиуджытæ», – йæ цæст бауарзта Дыгъуызты чызгæн.

Равдысты фæдыл ИА «Рес»-æн йæ тæлмæнтæ загъта Анахарсисы номыл библиотекæйы кусæг Гуыззыдтаты Этери.

«Мæнæн тынг æхсызгон уыдис, Дыгъуызты чызджы персоналон равдыстмæ кæй æрбацыдтæн, уый. Йæ куыстытæм гæсгæ æз уынын , Мария курдиатджын чызг кæй у. Алкæцы нывы дæр ирдæй зыны адæймаджы хъысмæт, йæ хъизæмæрттæ, эмоцитæ. Стыр Бузныг Марияйæн, ацы цымыдисон равдысты тыххæй. Мæ зæрдæ йын зæгъы бирæ хорздзинæдтæ æмæ стыр æнтыстытæ», – загъта уый.

Дыгъуызты Мария каст фæцис Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндон æмæ Краснодары Культурæ æмæ аивæдты университет.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.