НÆ  ФИДÆН – НÆХИЦÆЙ  АРАЗГÆ

  Æрвылаз цы традици ныффидар, уымæ гæсгæ Ирыстоны кадджын бæрæгбон – Ирон æвзаджы бон – райдыдта Ирыхъæуы аргъуанæй. Уым Хетæгкаты Къоста æмæ нæ иннæ номдзыд адæймæгты цыртдзæвæнтыл дидинджытæ сæвæрдтой республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис, æхсæнады минæвæрттæ, студенттæ, скъоладзаутæ…

Бæрæгбон гом кæнгæйæ, Хозиты Барис загъта, æнæ æвзагæй адæмыхатт кæй нæй. «Нæ фыдæлтæ нын балæвар кодтой нарты, аланты æвзаг. Уыцы æвзаг махæн радта Къостайы. Цы мæсыг самадта аив литературæйы, уый ирон æвзаджы фæрцы лæууы бæрзонд æмвæзадыл. Ирон æвзаг бирæ цæлхдурты сæрты ахызт, фæлæ æнусты кæй цæрдзæн, уый дызæрдыггаг нæу. Махæн нæ фидæн у нæхицæй аразгæ. Хъуамæ бæрзонд хæссæм нæ намыс, не ‘взаг, нæ кад».

«Абон Ирыстонæн стыр бæрæгбон у, – йа раныхасы банысан кодта Сергей Меняйло. – Йæ нысан у ирон адæмы хиæмбарынад, не ‘взаг бахъахъхъæнын, фæхъæздыгдæр æй кæнын æмæ йæ фидæны фæлтæртæм адæттын. Республикæйы æххæстгонд цæуынц, ирон æвзаг бахъахъхъæнынæн, йæ дарддæры рæзтæн уавæртæ чи аразы, ахæм программæтæ, нæ кæстæртæн арæзт æрцыд æмæ кусы Ирон æвзаджы центр. Уым сывæллæттæн фадат ис нæ истори, нæ культурæ, æгъдæуттæ ахуыр кæнынæн. Ирон æвзагыл фыст цæуынц зонадон куыстытæ, литературон уацмыстæ…

Ацы рæсугъд бæрæгбон уын мæ зæрдæ зæгъы фарн! Ирон æвзаг алы хæдзарæй дæр куыд хъуыса, ахæм амонд нæ уæд!»

Уый фæстæ Къостайы цырты раз æмдзæвгæтæ бакастысты скъоладзаутæ.

Бæрæгбоны мадзæлттæ адарддæр кодтой Театралон фæзы. Ам ирон интеллигенцийы минæвæрттæ, фысджытæ, актертæ ныхас кодтой ирон æвзаджы хъысмæтыл, кастысты æмдзæвгæтæ, æвдыстой сæ аивад. Уыцы ран республикæйы ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнджытæ Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæйы къухæй райстой Арфæйы æмæ Кады грамотæтæ.

Ирон æвзаджы бонмæ цы стыр программæ бацæттæ кодтой, уым арæзт цæуы бирæ мадзæлттæ. Уыдонæй сæйрагдæр у, дзыллон хабархæссæг фæрæзтæн республикæйы Хицауад цы конкурс расидт «Осетия, любовь моя», зæгъгæ, уый. Арæзт æрцыд фæндзæм хатт. Йæ уалахиздзаутæ цалдæр номинацийы систы Мурасты Риммæ, Налдыхъуаты Зæлинæ, Колыты Людмилæ, Сæлбиты Дианæ æмæ Зыхъуаты Жаннæ.

Бæрæгбоны фæлгæтты Мæскуыйы уыд ирон национ  дзаумæтты равдыст дæр, кæцыйæн стыр аргъ скодта къамис.

15 майы  райдыдта ахуырадон ерысы конкурс «Иры фидæн»-ы фыццаг къæпхæн. Конкурсы сæйраг нысан у рæзгæ фæлтæры разæнгард кæнын мадæлон æвзагмæ, нæ истори, нæ культурæ, не ‘гъдæуттæ зæрдæйæ банкъарынмæ… Йæ архайджытæ сты скъолайы агъоммæ ахуырады кусæндæтты хъо-мылгæнинæгтæ.

15 майы Дзæуджыхъæуы Ленины фæзы ацыд нарты эпосимæ баст акци. Проекты организатортæ адæммæ лæвæрдтой эпосимæ баст алыхуызон фарстытæ. Хуыздæр æмæ растдæр дзуаппытæ чи лæвæрдта, уыдон истой зæрдылдарæн лæвæрдтæ.

Уыцы бон ма Дзæуджыхъæуы Центрон библиотекæйы арæзт æрцыд æмдзæвгæтæ аив кæсынæй республикон конкурс. Архайдтой дзы скъолаты ахуырдзаутæ.

Сунжæйы скъолайы ахуырдзаутæн та конкурс сарæзтой ирон адæмон хъæзтытæй. Сывæллæттæ сæ тыхтæ æвзæрстой бæндæн ивазынæй, къорийæ хъазынæй, дур æхсынæй, хъæбысæй хæцынæй…

Ацы бонты ахæм конкурстæ бирæ арæзт æрцыд. Се ‘ппæтæн дæр сæ сæйраг нысан у не ‘взаг, нæ ирон традицитæ ма рох кæнын.

Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуынц бæрæгбоны мадзæлттæ. Ахуырады министрады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй уыдон цæудзысты ацы мæйы кæронмæ.

Алы ирон адæймаг дæр царды хъуамæ æнкъара, не ‘взаг кæй у национ удварны сæйрагдæр хæзнатæй иу.

  Нæ  уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.