Дудайты Доннæ æмæ Тадтаты Софья систы Уæрæсейы фыццагады бронзæйон призертæ, кæцы цыд Ульяновскы 25-28-æм октябры, киокусин-кан каратэйæ.

Доннæ архайдта 14-15 аздзыд спортсменты ‘хсæн, Софья та 16-17 кары чызджыты æмрæнхъ.

«Эрысты Дудайты Доннæ æртæ хатты рахызт татамимæ. Фыццаг тохы тæрхонгæнджыты нымадмæ гæсгæ, хуыздæрыл нымад æрцыд Хуссар Ирыстоны спортсменкæ. Дыккаг тохы Дудайты чызг фембæлд мæскуыйаг спорсменкæимæ, кæцы 2018 азы ссис Европæйы чемпион.  Доннæ йæ оппоненткæйыл 15 секундмæ фæуæлахиз накаутæй. Финалы та не спортсменкæ фембæлд бынæттон каратистимæ. Чызджытæ дыууæ дæр бæргæ иу æмвæзадыл тох кодтой татамийы, фæлæ тæрхонгæнджытæ уæлахиз радтой ульяновскаг чызгæн», – зæгъы спортсменты тренер Созайты Владимир.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй Тадтаты Софья дæр æртæ хатты рахызт татамимæ. Фыццаг хатт фортуна бахудт Софьямæ. Дыккаг хатт фембæлд ульяновскаг спортсменкæимæ. Бронзæйы майданы тыххæй та хыл кодта дагестайнаг чызгимæ. Софьяйæн йæ техникæ хуыздæр кæй уыд, уый тыххæй тæрхонгæнджытæ уæлахиз радтой Тадтаты Софьяйæн.

Тренер куыд зæгъы, афтæмæй райгондæй нæ баззад йæ хъомылгæнджытæй «Хорз зонын Доннæ æмæ Софьяйы потенциал. Уыдонæн сæ бон сæрибарæй уыд чемпионтæ суæвын. Тохы рæстæджы уыдон ауагътой чысыл къуыхцытæ. Мах архайдзыстæм, цæмæй аиуварс кæнæм уыцы рæдыдтытæ. Декабры мæйы цæудзæнис ерыстæ Уæрæсейы Кубокæй Краснодары. Уырдæм хуынд æрцыдысты дыууæ спортсменкæ дæр. Тренеры ныфс ис, уым сын хуыздæр æнтыстытæ кæй уыдзæн.

Спонсорон æххуыс спорсментæн бакодтой политикон парти «Ныхас» æмæ РХИ-йы Национ банк.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.