5 сентябрæй 12 сентябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу фыдракæд æмæ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис цыппар фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн алыгъуызон цæфтимæ рынчындонмæ бахаудтой дыууæ адæймаджы.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты æртæ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 297 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 4 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Цхинвалы районы милицийы управленийы кусджытæ баурæдтой Дампъалеты хъæуы 26-аздзыд цæрæджы, кæцы спайда кодта марихуанайæ. Горæты милицийы управленийы кусджытæ та баурæдтой бынæттон 27-аздзыд цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæнынмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.