Æрвылаз дæр 15-æм майы дыууæ Ирыстоны дзыллæттæ банысан кæнынц æппæтадæмон бæрæгбон – ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Ацы ахсджиаг бæрæгбоны цытæн нырма дæр уагъд цæуынц ирон æвзагимæ баст алыгъуызон мадзæлттæ.

18-æм майы мадæлон æвзаджы бæрæгбон цытджын æгъдауæй банысан кодтой нæ горæты Сывæллæтты республикон библиотекæйы, кæцы баст уыд зынгæ ирон фыссæг Икъаты Владимиры хъæздыг сфæлдыстадимæ. Бæрæгбонон изæр бацæттæ кодтой уагдоны кусджытæ æмæ Хъоцыты Къостайы номыл 2-æм гвардион скъолайы 2-æм «а» къласы ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнæг Кæркуысты Мзияйы сæргълæудæй. Мадзалмæ фæуазæг сты РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, ацы министрады библиотекæты куысты фæдыл сæйраг специалист Тедеты Мери, Икъаты Владимиры чызг Мæдинæ, сывæллæтты ныййарджытæ æмæ æндæр уазджытæ. Мадзал амыдта библиотекæйы методист Мæргъиты Маринæ.

Бæрæгбонон мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта Сывæллæтты библиотекæйы директор Джиоты Аллæ. «Мах нæ хæсыл банымадтам мадæлон æвзаджы тыххæй ацы мадзал ауадзын, цæмæй радон хатт радзурæм мадæлон æвзаджы нысаниуæджы тыххæй. Ирыс-тоны алкæцы æмбæстаг дæр хæсджын у, цæмæй уарза æмæ кад кæна йæ мадæлон æвзагæн. Ирон æвзаг бахъахъхъæнын баст у адæмыл, махæй алкæуыл дæр. Дыууæ Ирыстоны дæр бирæ фысджытæ ис, фæлæ абон мах дзурзыстæм йæ радтæг Ирыстоны æцæг патриот Икъаты Владимир Антоны фырты бирæвæрсыг сфæлдыстадыл. Уый тынг бирæ сарæзта, цæмæй абон мах цæрæм сæрибар Ирыстоны. Ирыстонæн уæззау рæстæджыты ныхас кодта митингты, куы-иу бахъуыд, уæд-иу ацыд Мæскуымæ дæр, цæмæй фехъусын кодтаид йæ радтæг адæм гуырдзиаг тыхæйисджыты аххосæй цы уæззау уавæры бахуадтой, уый тыххæй», – банысан кодта уый.

Нæ горæты гимназ «Альбион»-ы ахуыргæнинаг Гæбæраты Аннæ æрæмбырдуæвджыты цыбыртæй базонгæ кодта Икъаты Владимиры биографиимæ: «Икъаты Владимир Антоны фырт райгуырд 1936 азы 1-æм августы Цхинвалы районы Соцъийы хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Райдиан скъолайы ахуыр кодта сæхи хъæуы, уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Уæллаг Чъерейы хъæуы. Тынг хорз нысæнттыл астазон скъола каст фæуыны фæстæ æнæ фæлварæнтæй бацыд Сталиниры педагогон техникуммæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæци 1958 азы. Уыцы рæстæджы райдыдта йæ фыццаг къахдзæфтæ ирон поэзийы, фыссын райдыдта æмдзæвгæтæ йæ уарзон Ирыстоныл. 1958-1963 азты ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны педагогон институты ирон-уырыссаг филологийы факультеты. Институт каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта областон газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы. Куыста корректорæй, уацхæссæгæй, тæлмацгæнæгæй, культурæйы хайады сæргълæууæгæй. Уыцы иурæстæджы ма фæсаууонмæ каст фæцис Казахстаны горæт Алма-Атайы паддзахадон университеты журналистикæйы факультет. Алы æмæ алы азты куыста радиокомитеты редакторæй, чингуыты рауагъдад «Ирыстон»-ы редакторæй. 1965 азæй  уыд ССР Цæдисы Журналистты æмæ Фысджыты цæдисы уæнг. Владимир йæ цардæй бынтон æнæнхъæлæджы ахицæн 1990 азы 27 январы йæ тæккæ лæджы кармæ бацæугæйæ. Йæ мæлæты размæ куыста газет «Советон Ирыстон»-ы культурæйы хайады сæргълæууæгæй».

Раст æй цыма зæрдæйæ хатыд хъысмæт ын цыбыр цардвæндаг кæй схай кодта, уыйау йæ амæлæты размæ поэт ирон адæммæ ныффыста йæ фæдзæхст (ныстуан) – «Мæ уды фæдзæхст ирон адæмæн», зæгъгæ, цыран æвдыст цæуы ирон æвзаджы тыххæй йæ катайдзинад: «Мæ уарзон ирон адæм, абон ацы уæззау рæстæджы нæ адæмæн иууыл æнусондæр хъæздыгдзинад у мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын. Уыдзæн æвзаг – уæвынад æмæ уæлахиз кæндзæн наци. Нæй æвзаг – нæй наци! Цæй æмæ радтæм æххæст бартæ не ‘взагæн, æмæ уадз, суæд Ирыстоны паддзахадон æвзаг!

Икъайы фырт сывæллæттæн йæ фыццаг æмдзæвгæ ныффыста йæ хистæр чызг Мæдинæ куы райгуырд, уæд. Ахуыргæнинæгтæ аив бакастысты поэты фыст æмдзæвгæтæ «Мæ Ирыстон»,  «Мæ фыртæн», «Фæдзæхст мæ дадайæн» æмæ бирæ æндæртæ. Владимир уыд хорз хъомылгæнæг дæр. Уый сабитæн йе ‘мдзæвгæты фæрцы амыдта сæхи куыд хъуамæ дарой, уый тыххæй, ахуыр сæ кодта æгъдауджын уæвыныл. Ацы темæйы фæдыл дæр ахуыргæнинæгтæ равдыстой инсценировкæтæ, куыд зæгъæм, «Реуа гæды», «Гæппой тæрхъус», «Иры къудиппытæ» æмæ æндæртæ.

Поэты чызг Икъаты Мæдинæйæн бахæсчындæуыд æмдзæвгæтæ хуыздæр чи бакаст, уыцы æртæ ахуырдзауы сбæрæг кæнын. Æмæ йын кæд тынг зын уыд сæ равзарын, уæддæр дзы равзæрста цыппар скъоладзауы – Пæрæстаты Лизæ æмæ Давиды, Цхуырбаты Артур æмæ Коцты Кристианы. Фæлæ сын куыд баныфсæвæрдта, уымæ гæсгæ ахуырдзаутæй алкæйы дæр йæхи номæй схорзæхджын кæндзæн Кады грамотæтæй. Сывæллæттæн уагдоны кусджытæ бакодтой лæвæрттæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ирон æвзагыл æмдзæвгæтæ кæй бакастысты уырыссаг æмæ сомихаг сывæллæттæ дæр, куыд зæгъæм Давыдов Стасик, Инджоян Радион.

Икъаты Мæдинæ бузныджы ныхæстæ загъта мадзалы организатортæн æмæ радзырдта йæ мысинæгтæ йæ фыды цардвæндаг æмæ архайды тыххæй. Сывæллæттæ йæм лæвæрдтой алыгъуызон фарстатæ æмæ сын уый дæр дзуапп кодта. Загъта сын уый йæ фыды æмдзæвгæтыл зарджытæ кæй фыссы æмæ сæ йæхæдæг кæй æххæст кæны, уый тыххæй дæр. Йæ хо та æмдзæвгæтæ фыссы уырыссаг æвзагыл. Раныхас кодта Дзеранты Джульеттæ дæр: «Хорз мадзал уыд. Бузныг сæ ахуыргæнæг æмæ сывæллæттæн сæхицæн дæр. Йæхи ирон чи хоны, уый хъуамæ иронау зона, дзура йæ мадæлон æвзагыл. Сывæллæттæ та ацы æмдзæвгæты сæ зæрдыл бадардзысты цæрæнбонтæм».

Джиоты Аллæ та радон хатт йæ катайдзинад равдыста, зæгъгæ, кæд ирон æвзагыл бирæ фысджыты чингуытæ мыхуыр цæуынц, уæддæр уыдон ‘хсæн нæй сывæллæттæн фыст чингуытæ. «Мыхуыры нæм цыд журнал «Хуры тынтæ» кæцы тынг цыд сывæллæтты зæрдæмæ, фæлæ цæмæдæр гæсгæ æхгæд æрцыд», – банысан кодта Сывæллæтты библиотекæйы директор.

Хъыгагæн, Икъаты Владимирæн бирæ цæрын нæ бантыст, фæлæ йæ ном цæрдзæн æнустæм. Йæ номыл нæ горæты ис уынг, Дменисы астæуккаг скъола дæр хæссы йæ ном.

                      ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.