«Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстыты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъонмæ гæсгæ Централон æвзарæн къамисмæ æнæмæнгхъæуæг документтæ æмæ къухфыстытæ бавдисынæй дарддæр Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бынатмæ алы претендент дæр хæсджын у, цæмæй паддзахадон æвзæгтæ  –  ирон æмæ уырыссаг æвзагæй цæттæдзинады æмвæзад сбæрæг кæныны нысанæн радтой фæлварæнтæ.

Централон æвзарæн къамисæй куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ 8-10 мартмæ Президенты бынатмæ кандидаттæ лæвæрдтой  паддзахадон æвзæгтæ зонынæй лингвистикон фæлварæнтæ.

Централон æвзарæн къамисы минæвар Цоциты Игорь нын куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Республикæйы лингвистикон къамис развæлгъау бацæттæ кодта хæслæвæрдтæ конвертты. Уыдон æмбæлон æгъдауæй æндæгъд æрцыдысты сургучæй æмæ сыл сæ къухтæ æрфыстой кандидатты æххæстбарджын минæвæрттæ.

Æвзарæн къамисы сфидаргонд графикмæ гæсгæ паддзахадон æвзæгтæ зонынадæй 8 марты лингвистикон экзамен лæвæрдтой: Пухаты Владимир Эдуарды фырт, Бибылты Анатоли Ильяйы фырт, Гассеты Ибрагим Алымбеджы фырт, Кадзты Гено Георгийы фырт æмæ Гаглойты Алан Эдуарды фырт.

9 марты æнгæс фæлварæнтæ лæвæрдтой: Санахъоты Дауыт Георгийы фырт, Тасойты Димитр Никъалайы фырт, Плиты Александр Михаилы фырт, Чилæхсаты Владимир Стъепаны фырт æмæ Хъазиты Зелим Семисторы фырт.

10 марты та: Къутæрты Аслан Еврикы фырт, Тадтаты Таймураз Валерийы фырт, Уалыты Альберт Алфезы фырт, Зæгъойты Рустам Батрадзы фырт æмæ Мулдарты Гарри Виталийы фырт.

Хуссар Ирыстоны Президенты бы-натмæ ацы æмбæстæгтæй лингвистикон фæлварæны фæстиуæгæн æвзæрстыты хайад райсыны фадат нал ис æртæйæн: Пухаты Владимир Эдуарды фырт, Къадзты Гено Георгийы фырт æмæ Чилæхсаты Владимир Стъепаны фыртæн.

Президенты бынатмæ иннæ 13 претендентæн 15 мартмæ Æвзарæн къамис бæрæг кæндзæн бавдисгæ документты пакет. Уыцы куысты фæстиуæгæн бæрæг æрцæудзысты, Президенты бынатмæ кандидаттæй регистраци чи æрцæудзæн, уыдоны номхыгъд. Кæд æмæ бавдисгæ бæрæг кандидатæн документты æнæрастдзинад кæнæ æндæр исты рабæрæг уа, уæд уыдон райсдзысты æнæразыйы дзуапп Централон æвзарæн къамисæй æмбæлон уагыл æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нал æрцæудзысты регистраци.

Цоциты Игоры ныхæстæм гæсгæ президентон æвзæрстыты хайад райсыны охыл регистраци цы кандидаттæ æрцæуой, уыдонæн 15 мартæй фæстæмæ фадат уыдзæн æппæт агитацион куыстмæ æрæвналынæн, æмбæлдзысты æвзарджытимæ, хайад исдзысты æвзæрстыты агъоммæ дебатты æмæ афтæ дарддæр.

Централон æвзарæн къамис ма куыд хъусын кодта, уымæ гæсгæ республикæйы районты конд æрцыдысты территориалон æвзарæн къамистæ. Уыдон ныртæккæ æрæвнæлдтой фадыгон æвзарæн къамисы уæнгты снысан кæнымæ, уадзынц рабадтытæ, цæмæй равзарой фадыгон æвзарæн къамисы сæрдæртты, сæ хæдивджыты æмæ нымæрдарты.

Хуссар Ирыстоны Централон æвза-рæн къамис президенттæм кандидаттæй цы документты пакеттæ райстой, уыцы нымæцы къухфыстытæ дæр, ныртæккæ уыдон бæрæг цæуынц. Къухфыстытæ бæрæг цæудзысты республикæйы Мидхъуыддæгты министрады руаджы.

Централон æвзарæн къамис æппынæдзух дæтты бæрæг æмæ раст информаци. Уымæ гæсгæ Централон æвзарæн къамис хаты бæстæйы æмбæстæгтæм, цæмæй ныртæккæ хатт социалон хызæгты цы æнæраст информаци парахат кæнынц, ууыл ма æууæндой.

Зæрдыл лæууын кæнæм уый, æмæ Хуссар Ирыстоны Президенты бынатмæ æвзæрстытæ уагъд кæй цæудзысты ацы аз 10 апрелы.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.