2008 азы августы цауты фӕстӕ куыд горӕт Цхинвал, афтӕ ма республикӕйы районтӕ дӕр тынг бахъыгдард сты. Хӕсты фӕстӕ уыцы объектты хъуыдис сцалцӕг кӕнын, кӕцыдӕрты та – ногӕй аразын. Ӕмӕ уыцы куыстытӕ бакӕнынӕн та лӕгдых нӕ фаг кодта.

Бынӕттон хӕствӕллад адӕмӕн сӕ бон уыйбӕрц саразын нӕ бауыдаид ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстонмӕ райдыдтой цӕуын Уӕрӕсейӕ ӕмӕ ӕндӕр фӕсарӕйнаг бӕстӕтӕй куыстагур адæймæгтæ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр хай уыдысты Астӕуккаг Азийы бӕстӕты минӕвӕрттӕ. Кæддæрты-иу  иу азмӕ сӕ, нымӕц ахызтис 5 мин адӕймагӕй  ӕмӕ уый мах хуызӕн чысыл адӕмӕн  тынг бирӕ у. Уӕды рӕстӕджы нӕ горӕты уынгты фехъусӕн уыдис алыхуызон ӕвзӕгтыл ныхас. Стӕй ма дзы кӕцыдӕртӕн сӕ уагахаст дӕр нӕ бӕззыдис ӕмӕ-иу сын бынӕттон цӕрджытимӕ хъаугъа рауадис. Ӕрӕджы дӕр ма-иу фæсарæйнаг бӕстӕйы цæрæджы ӕрцахстой фыдракӕнд саразыны фӕстиуæгӕн. Уыдис ма-иу ахæм цаутæ дæр æмæ-иу хъаугъайы фæстиуæгæн рынчындонмæ дæр бахаудтой. Ахæм æндыгъд уавæр сæвзæрыны фæстиуæгæн барадхъахъхъæнæг органтæ сæ хъус лæмбынæгдæр дарын райдыдтой æрцæуæккаг куыстагур гоймæгтæм æмæ сæ, гæнæн уæвгæйæ, æрвитын райдыдтой нæ бæстæйæ. Азтӕ куыд цыдысты, афтӕ сæ нымӕц къаддӕр кодта. Уымӕн ӕмӕ куыстытӕн сӕ фылдӕр хай конд фесты ӕмӕ сын дарддӕр ам баззайынӕн ӕфсон нал уыд. Фæлæ ма абоны бон дæр нæ республикæйы ис 700 æрцæуæггаг адæймаджы, кæцытæ кусынц алыхуызон фирмæты. Ӕмбæлон службæтæ сæ æдзух бæрæг кæнынц куыд сæ куыстуæтты, афтæ сæ цæрæнбынæтты дæр.

Ивгъуыд къуыри дæр та милицийы миграцийы фарстаты фæдыл управленийы кусджытæ ауагътой радон рейдон мадзæлттæ. Басгæрсты рæстæджы инспектортæ рабæрæг кодтой 5 фæткхалæджы. Уыдон разындысты Узбекистаны æмбæстæгтæ æмæ сæ фаивар кодтой фæйнæ 2 мин сомы, сæ цæрæнбынат кæй фæивтой æмæ миграцийы управленийы кусджытæн кæй ницы фехъусын кодтой, уый тыххæй. «Нæ бæстæмæ фæсарæнтæй куы æрцæуынц куыстагур, уæд сын мах бынаты бамбарын кæнæм, цавæр фæткмæ гæсгæ хъуамæ цæрой æмæ кусой ам. Хъыгагæн дзы разыны ахæмтæ, кæцытæ уæддæр нæ сæххæст кæнынц мах домæнтæ æмæ сæ уæд закъонмæ гæсгæ бафхæрæм», – зæгъы миграцийы управленийы инспектор Гæбæраты Геннадий.

Фæсарæйнаг æмбæстаг нæ республикæмæ куы æрбахизы куыстагур, уæд ын арæнхъахъхъæнæн посты раттынц миграцион картæ æмæ æртæ боны æмгъуыдмæ йæхи хъуамæ срегистраци кæна паспортон-визæйон службæйы. Уый фæстæ бацæуы милицийы миграцийы фарстаты фæдыл управленимæ æмæ йын уым раттынц бары гæххæтт кусынæн. Ӕрвыл къуыри дæр миграцийы управленийы инспектортæ бæрæг кæнынц ацы гоймæгты, сæ уагахастмæ сын сæ хъус дарынц. Изæры 8 сахатæй фæстæмæ иууылдæр хъуамæ уой сæ цæрæнуæтты. Исчи дзы куы нæ феххæст кæны домæнтæ, уæд æй фыццаг хатт фæивар кæнынц 2 мин сомы, дыккаг хатт та – 5 мин сомы. Кæд ма æртыккаг хатт дæр фехала фæтк, уæд ын депортаци саразынц.

Нæ республикæйы бæрæг кæй фæкъаддæр сты фæсарæйнаг æмбæстæгтæ, уый хорз хъуыддаг у.  Уымæн æмæ  уыдон семæ æрхæссынц æндæр культурæ, æндæр уагахаст, дин æмæ традицитæ, æмæ уый та æвзæрырдæм æндавы не ‘хсæнадыл.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.