Нæ горæты цæрæг лæппу Танделаты Вадимыл бæрцæй кæд 33 азы йедтæмæ нæма цæуы, уæддæр хорздзинæдтæй æмæ зындзинæдтæй цы федта æмæ бавзæрста, уый фаг уаид цалдæр адæймаджы цардæн. Райдианы алцы дæр цыдис, куыд æмбæлы, афтæ. А-рухс дунемæ йæ фæзынд стыр циндзинад æрхаста йæ ныййарджытæ Танделаты Виктор æмæ Бестауты Галинæйæн, æппæт хиуæттæн дæр. Скъоламæ цæуынхъом куы фæцис, уæд æй йæ ныййарджытæ барвыстой нæ горæты 5-æм астæуккаг скъоламæ. Цæвиттойнаг уыд Вадим йе ‘мбæлттæн йæ уагахастæй, ахуырæй. Бонзонгæйæ хъомыл кодта лæппу. Бирæ сывæллæттау алцæмæй ифтонг кæм уыд. Йæ ныййарджытæ кæд уыцы рæстæджы æгуыст нæ уыдысты, мад хуыйæгæй куыста Цардуагон лæггæдты хæдзары, фыд та шофыр уыд – магазинтæм ласта хæлцадон продукттæ, уæддæр сын нæ уыд сæхи хæдзар æмæ æххуырст къуымты цæргæйæ, не ‘ххæсыдысты цардыл.

Вадим уыдта йæ ныййарджыты уавæр æмæ сæ никуы ницæуыл батыхсын кодта. Куы байрæзт, уæд-иу йæ сæрдыгон улæфтыты рæстæджы ссыд ТЭК-мæ æмæ уым цы базаргæнджытæ лæлууыд, уыдонæн æххуыс кодта, кæмæн-иу ссады голджытæ æвдæлон кодта, кæмæн та-иу халсæрттæй йедзаг асыччытæ иу ранæй иннæ бынатмæ хаста. Цы æхцатæ-иу æрбамбырд кодта, уыдонæй-иу йæхицæн ахуыры азы райдианмæ балхæдта пысултæ, чингуытæ æмæ æндæр ахуыргæнæн дзаумæттæ. Афтæ уыд алы сæрдыгон улæфтыты рæстæджы дæр.

Вадим астæуккаг ахуырад куы райста, уæд дæр йæ бонтæй иу дæр дзæгъæлы нæ сæфта. Уайтагъд кусынмæ бацыд ОМОН-мæ æмæ уыцы-иу рæстæджы ахуыркæнынмæ та бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультетмæ. Бацыдис, уыцы рæстæджы Æлборты Гемир цы кафджыты къорд сарæзта, уырдæм. Хорз арæхстис кафынмæ. Сæ хъæбул царды раст фæндагыл лæуд кæй уыд, уый уынгæйæ Галинæ æмæ Виктор сæхи арвы милтыл сæрфтой фырцинæй. Цы хъæуы ныййа-рæджы амондæн æндæр – æмбаргæ, æгъдауджын, хиуæттæ æмæ æмгаруарзаг.

Алы æвзонг лæппуйы бæллиц дæр вæййы, цæмæй самал кæна йæхицæн рог автомашинæ. Куыста æмæ йын бантыст уыцы хъуыддаг дæр. Фæлæ рæстæг рацыд æмæ йæ æрфæндыд йæ фæивын æмæ йæ ауæй кодта. Йæ хорз æмгæрттæй иу ныффæнд кодта Вадимы хæлар æмæ уарзæгой зæрдæйæ спайда кæнын æмæ йын цыбыр æмгъуыдмæ ра-куырдта йе ‘хца. Рацыд дзæвгар рæстæг æмæ Вадим бахатыд йе ‘мгармæ, цæмæй йын сæ радта, фæлæ… Сфæнд кодта лæппуйы амарын æмæ  ахæм амалæй йæ хæсæй фервæзын. Æрбацæуын æй кодта йæхимæ æмæ куыддæр кæртмæ бахызт, афтæ йæ æвиппайды æртæ æхсты фæкодта. Æрхаудта лæппу, самæхст йæ туджы. Уæдмæ фæдисонтæ æрбахæццæ сты æмæ йæ аскъæфтой рынчындонмæ. Уым ын бакодтой фыццаг медицинон æххуыс, стæй йæ æвæстиатæй арвыстой республикæйæн æдтæмæ хос кæнынмæ. Дохтыртæ цалдæр боны тох кодтой æвзонг цардбæллон лæппуйы мæлæты дзæмбытæй стоныныл. Фæлæ къахы стæг лыстæг ныммур æмæ нæ дзæбæх кодта. Райдыдта хæрам кæнын æмæ йæ алыг кодтой фатхъулæй дæлæмæ. Низ йæ кæнон кодта, уæлæмæ цыд къахыл æмæ та йæ алыг кодтой дыккаг хатт, стæй йæ æртыккаг хатт уæрагæй дæлæмæ ралыг кодтой. Лæппуйæн хос кодтой Мæскуыйы æмæ Беслæны рынчындоны дæр.

Æнæуый дæр цардыл чи нæ æххæстысты, уыцы ныййарджытæ стыхстысты. Лæппуйæн финансон æгъдауæй кæд æххуыс кодтой йæ мадыæфсымæртæ, уæддæр тыхстысты. Ам нæхимæ кæд æмбæлон инстанцитæм бахатыдысты, уæддæр ын ницы æххуыс æрцыд æмæ уæд Вадим бахатыд Цæгат Ирыстоны социалон æххуысмæ, цæмæй йын баххуыс кæной протез самал кæнынæн. Лæппуйæн «нæ» нæ загътой. Хъуыд гæххæттытæ бацæттæ кæнын, æмæ та Вадим араст йæ хъуыддæгты фæдыл Дзæуджыхъæумæ. Зын ын кæй уыд иу къахæй рацу-бацу кæнын, уымæ гæсгæ сбадт йæ фыды машинæйыл. Æмæ та ног бæллæх. Бахауд аварийы… йæхи æрымбæрста рынчындоны. Уый бæргæ æрцыд йе ‘муд, фæлæ, хъыгагæн, йæхимæ нал æрцыд иннæ машинæйы шофыр… Ныхъхъуыста йæ зæрдæмæ лæппу, дзыхæй нал дзырдта. Йæхи фарста цы ракодтон, зæгъгæ, хъысмæтæн, цæмæн мын æвзарын кæны ахæм зындзинæдтæ, цæмæн хъазы мæ удæй.

Иу ахæмы, кæрты бадгæйæ, хъусы –  йæхи цахъхъæн лæппутæ кæнынц, хуысгæйæ штан-гæтæ  чи исынц, ахæм лæппуты кой. Вадимы зæрдæйы ныфсы стъæлфæн ферттывта æмæ сæм йæхи æввахсдæр байста. Лæппутæ йын куы бамбæрстой йæ зындзинад, уæд æй бакодтой спорты ацы хуызмæ.

Уæдæй фæстæмæ фæивта йæ царды уаг хъысмæтæфхæрд лæппуйæн. Царды ныфс дзы бацыд æмæ æрывнæлдта зæрдиагæй спорты архайынмæ. Æнтыстытæм æй бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Арæхæй-арæхдæр хайад исын райдыдта ерысты. Уый ссис бирæ дипломты, грамотæты аккаг. Цæвиттон, Азийы чемпионаты пауэрлифтингæй бацахста фыццаг бынат .

Вадимы ерыстæм арæх бахъæуы ацæуын канд Дзæуджыхъæумæ нæ, фæлæ Сочи æмæ æндæр рæттæм дæр. Фæлæ та ам дæр цуды лæппуйы æнтыст. Ерыстæм ацæуын баст у æхцайы фæрæзтимæ. Лæппу афæлвæрдта куыст ссарыныл, фæлæ дзы ницы рауад. Махмæ нæй сахъатджынтæн ахæм тренер æмæ йæ фæхъæуы Дзæуджыхъæумæ тренермæ ацæуын дæр. Раздæр ын æххуыс кодтой йæ ныййарджытæ. Фæлæ фыд не сфæрæзта йæ хъæбулы хъысмæтмæ кæсын æмæ æруатон. Йæхæдæг кæсинаг фæцис… Мад ныртæккæ кæмæндæр кæрдзынгæнæгæй кусы, фæлæ йæ мызд хосты фаг дæр не сты. Фылдæр хатт ерыстæм фæндаггаджы тыххæй кæй нæ ацæуы, уый уæззау у ныййарæг мадæн. Йæ хурау худгæ цæсгом уыцы рæстæджы ныттар вæййы Вадимæн дæр.

Ацы лæппуйы хъысмæтимæ базонгæуæвгæйæ æнæмæнг ахъуыды кæндзынæ: царды цалх тулы æмæ йæ быны чи фæвæййы, уый ныцъцъист кæны. Фæлæ зæрдæдарæн ис ууыл æмæ тыхст рæстæджы нæ адæм зонынц кæрæдзийы фарсмæ балæууын. Чизоны разына ахæм фæрæзджын адæймæгтæ дæр æмæ Вадимы æнцой балæууой, ссарой иу ын фæндаггаг æмæ уый та ирон лæджы кад ма æруадза дæлæмæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.