Индивидуалон-авторон сфӕлдыстады бындур у фольклор. Ууыл ахуыр ӕмӕ хъомыл кодтой ӕппӕт фысджытӕ ӕппӕт заманты. Егъау ӕмӕ ахсджиаг бынат ӕрцахста фольклор Хетӕгкаты Къостайы сфӕлдыстады дӕр. Уымӕн ӕвдисӕн  – йӕ баснитӕ ӕмӕ поэмӕтӕ, йӕ аив адӕмон, хъӕздыг ӕмӕ ӕнӕлаз ӕвзаг.

   Ацы уацы нӕ цымыдисы объект у поэмӕ «Лӕскъдзӕрӕн» ӕмӕ йӕ сӕвзӕрды истори. Поэмӕйы сюжет бындуриуӕг кӕны фольклорон аргъӕутты мотивтыл. Уацмысы сюжет адӕмон сфӕлдыстады цы аргъӕуттӕй бӕлвырд цӕуы, уыдонӕй мах ракӕсдзыстӕм ахӕмтӕм: «Лӕскъдзӕрӕны аргъау», «Мӕгуыр лӕг ӕмӕ хӕйрӕг» (дыууӕ варианты), «Фыййау ӕмӕ хӕйрӕг», «Мӕгуыр лӕг ӕмӕ уӕйыг». Адон сты иу аргъауы варианттӕ, чи – къуындӕгдӕр, чи та  – ӕххӕстдӕр ӕмӕ уӕрӕхдӕр сюжетимӕ. Ис дзы ӕнгӕс, ӕппӕт вариантты чи иу кӕны, афтӕ ма кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, ахӕм мотивтӕ. Уыдон рафӕлгъауын, кӕрӕдзимӕ ӕрӕмных кӕнын у нӕ иртасӕн куысты сӕйраг нысан. Аргъауы жанры аллегоризмы фӕзынд нын фадат дӕтты поэмӕ «Лӕскъдзӕрӕн»-ы социалон быцӕуы бындур рафӕлгъауын. Уӕйыджы хуызы ӕвдыстӕуы хъӕздыг лӕджы фӕлгонц, лӕскъдзӕрӕн та, социалон ӕфхӕрд йӕхиуыл чи ӕвзары хъӕздыджы ’рдыгӕй, ахӕм мӕгуыр лӕджы фӕлгонц. Уацмысы сӕйраг идейӕ у хъӕздыг, ӕфхӕрӕг адӕймаджы ӕрдӕлдзиныг кӕнын. Уыцы нысан къухты бафты, мӕгуыр лӕджы зондӕй фӕуӕлахиз кӕнгӕйӕ.

Сюжетон ӕххӕстдзинадӕй, деталты ӕнгӕсдзинадӕй поэмӕмӕ хӕстӕгдӕр лӕууынц аргъӕуттӕ: «Мӕгуыр лӕг ӕмӕ хӕйрӕг» (Салӕгаты Зойӕ. Ирон адӕмон сфӕлдыстад. Т. II. Дзӕуджыхъӕу, 2007.) ӕмӕ «Мӕгуыр лӕг ӕмӕ уӕйыг» (Бязырты Алыксандр. Ирон аргъӕуттӕ. Т.1. Сталинир 1956).

Хицӕн аргъӕутты архайӕг субъекттӕ, хъӕздыг лӕджы аллегорион фӕлгӕнцтӕ вӕййынц уӕйыг кӕнӕ хӕйрӕг (Къостамӕ – уӕйыг), мӕгуыр лӕгӕн уӕйыг (хӕйрӕг) радты фондз сӕгъы, «Мӕгуыр лӕг ӕмӕ уӕйыг»-ы аргъауы уынӕм хъуг, Къостамӕ у фосы дзуг. Социалон ӕгъдауӕй ӕфхӕрд адӕймаг аргъӕутты бӕлвырд цӕуы дзырдтӕй «лӕскъдзӕрӕн», «фыййау», «мӕгуыр лӕг», «цуанон». Ацы нывӕфтыд деталтӕн стыр аивадон тых нӕй сюжет аразын ӕмӕ рӕзын кӕныны хъуыддаджы ӕмӕ баст у кӕцыдӕр фӕлтӕр дзурӕджы хи мысынадимӕ. Уыцы деталтӕ ахъаз кӕнынц кӕсӕджы сюжеты сӕйраг хъуыдымӕ, ома, мӕгуыр адӕймаджы моралон уӕлахизмӕ ӕрбахӕстӕг кӕнынӕн.

Сӕйраг лӕгӕвзарӕн тох цыргъзонддзинадӕй поэмӕйы ӕргом кӕны фарст дзуаппы хуызы. Æппӕт фарстытӕн дзуапп ратгӕйӕ, лӕскъдзӕрӕн уӕйыджы фестын кӕны цавд дур (Къостамӕ) ӕмӕ йын йӕ фӕллӕйттӕ йӕхи бакӕны. Ацы мотив ӕргом кӕны адӕмы бӕллиц сӕрибар суӕвынмӕ, хъал сӕм кӕны социалон химбарынад.

Аргъӕутты мидӕг мӕгуыр лӕджы цыргъзонддзинад бӕлвырд цӕуы дзырдарӕхстӕй ӕмӕ ныхас-быцӕуы. Цӕвиттон, хӕйрӕг мӕгуыр лӕджы (фыййауы) тыхст уавӕры фенгӕйӕ, сразы уымӕн лӕскъ фондз сӕгъы радтыныл ахӕм дзырдимӕ, цӕмӕй мадӕр сау сӕгъы аргӕвда, мадӕр – урс сӕгъы, мадӕр – цъӕх сӕгъы, мадӕр – гуымы-дзайы, мадӕр – хъулоны. Мӕгуыр лӕг фӕджихау, стӕй загъта: «Разы дӕн дӕ ныхасыл, фӕлӕ ӕрмӕст дзырдӕй: сӕгътӕн сӕ уарыны рӕстӕг куы ‘рцӕуа, уӕд-иу мӕм мадӕр хуыцаубоны ӕрцу, мадӕр – къуырисӕры, мадӕр – дыццӕджы, мадӕр – ӕртыццӕджы, мадӕр – цыппӕрӕмы, мадӕр – майрӕмбоны, мадӕр – сабаты. Иннӕ бонтӕй кӕцыдӕриддӕры ӕрбацӕуай, уӕд нӕ фӕллой адих кӕн-дзыстӕм». (Джыккайты Шамил. Ирон аргъӕуттӕ, Орджоникидзе,1983.Ф.300). Цыргъзонды уӕлахиз бӕлвырд цӕуы ӕххӕстӕй. Иуӕй-иу вариантты уынӕм ӕрмӕст ацы эпизод, стӕй рахизы фарстытӕ дӕттынмӕ. Фӕлӕ кӕцыдӕр вариантты хъуыддаг ууыл нӕ ахицӕн вӕййы ӕмӕ дард-дӕр рӕзы аргъауы сюжет. Баххӕст вӕййы этнографион элементӕй. Хӕйрӕг мӕгуыр лӕгмӕ бацӕуы ӕртыццӕг ӕхсӕв. Адӕмы уырнынадмӕ гӕсгӕ ӕртыццӕг ӕхсӕв хӕйрӕджытӕн адӕмы ‘хсӕнмӕ фӕндаг уыди. Гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ байуӕрстой сӕгъты. Иу сӕгъ дзы разыны уӕлдай ӕмӕ йыл нӕ фидауынц. Уӕд хӕйрӕг зӕгъы: «Ай у кӕйдӕр сӕгъ ӕмӕ йӕ аргӕвдӕм. Амӕй фӕстӕмӕ-иу алы аз дӕр ацы ’хсӕв кӕйдӕртӕн ӕргӕвдӕм дӕ сӕгътӕй иу. Уӕдӕй фӕстӕмӕ кӕйдӕрты ‘хсӕвы райдыдтой сӕгъ ӕргӕвдын» (Бязырты Алыксандр. Ирон адӕмон ар-гъӕуттӕ. Т. II. Сталинир, 1960. Ф.215). Ирон ӕгъдаумӕ гӕс-гӕ: «Цыппурсы фӕстӕ цыдис Бынатыхицауы бӕрӕгбон, кодтой йӕ Цыппурсӕй Ног азы ‘хсӕн ӕртыццӕг ӕхсӕвы. Ацы стырбоны ма хонынц ӕндӕр нӕмттӕй дӕр: Дзинкъуырд, Джикъуыртӕ, Кӕйдӕртӕ, Хӕйрӕджыты ӕхсӕв» (Цыбырты Людвиг. Ирон адӕмон бӕрӕгбонтӕ. Дзӕудж., 1999. Ф.45).

Мӕгуыр лӕгыл фосуӕрст сагъӕс бафтыдта. Фӕлӕ арӕх фадат свӕййы аразӕг. Уыцы фадат фӕцис мӕгуыр лӕгӕн. Ахӕм хуызы аргъауы фӕзыны ног мотив. Къӕвда-йы сурӕй куыд баззад, уый стыр цымыдис равзӕрын кӕны хӕйрӕгмӕ ӕмӕ разы вӕййы уыцы сусӕгдзинад раргом кӕныныл йӕ сӕгътӕ радтын. Хъуыддаг хуымӕтӕг ӕмӕ баналон куы разыны (мӕгуыр лӕг раласы йӕ пысултӕ ӕмӕ сӕ йӕ быны бакӕны), уӕд хӕйрӕг мӕстӕлгъӕдӕй баззайы.

Ацы мотивтӕ йӕ поэмӕйы ауагъта Къоста ӕмӕ спайда кодта аргъӕутты ӕмбӕлӕг фарст-дзуаппы хуызы ныхасбыцӕуӕй. Мӕгуыр лӕг (цуанон) ӕмӕ хӕйрӕг (уӕйыджы) фембӕлды уавӕртӕ сты ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕрхуызон. Ар-гъауы иу вариантмӕ гӕсгӕ мӕгуыр лӕг йӕ усы амындӕй цӕуы лӕскъагур. Фембӕлы йыл уӕйыг ӕмӕ йын йӕ уавӕр базонгӕйӕ, радты хъуг ӕртӕ азы ӕмгъуыдмӕ: «Куы дӕм ныццӕуон, уӕд мын кӕд дзырд мӕ дзырдмӕ сфӕразай, уӕд иууылдӕр – йӕ цӕуӕт дӕр ӕмӕ йӕ сӕр дӕр, дӕу уӕд. Кӕд ӕмӕ мын дзырд мӕ дзырдмӕ не ссарай, уӕд бинонтӕй, фӕллойӕ цыдӕриддӕр баййафон, мӕхицӕн сӕ ракӕндзынӕн». (Бязырты Алыксандр. Ирон аргъӕуттӕ. Т.I. Сталинир, 1956. Ф.26). Аргъауы ӕндӕр варианты дзурӕг йӕхи бахизы уӕрӕх ӕмбарынгӕнӕн-афыстон уавӕрӕй ӕмӕ спайда кӕны хуымӕтӕджы аргъауон формулӕйӕ: «Цардысты-уыдысты хӕйрӕг ӕмӕ мӕгуыр лӕг. Иу хатт куы уыд, уӕд хӕйрӕг мӕгуыр лӕгӕн радта сӕгътӕ лӕскъ…». Уыимӕ домы иу дӕр дзы ма аргӕвдын. Лӕг дӕр, йӕ рады, куры къуырийы бонтӕй иуы дӕр ма ӕрцӕуын. Хӕйрӕг смӕсты вӕййы ӕмӕ лӕгӕн зӕгъы: «Ацу уӕдӕ, ӕз дзурдзынӕн ӕмӕ мын кӕд мӕ дзырдмӕ дзырд арай, уӕд сӕгътӕ – дӕу, кӕннод сӕгътӕ дӕр мӕн ӕмӕ хизгӕ дӕр – лӕвар». Салӕгаты Зойӕ. Ирон адӕмон сфӕлдыстад. Т. II. Дзӕуджыхъӕу, 2007.Ф.215).

«Лӕскъдзӕрӕны аргъау»-ы архайд рӕзынгӕнӕг мотив цӕхгӕр хицӕн кӕны иннӕ аргъӕуттӕй. Аргъауы архайӕг субъект у цуанон. Логикӕмӕ гӕсгӕ, уацмысы сӕрӕй бӕлвырд куыд цӕуы, афтӕмӕй архайӕг субъект хъуамӕ уаид лӕскъдзӕрӕн. Кӕнӕ иннӕрдӕм – уацмысы сӕр схонын хъуыдис «Цуаноны аргъау», уымӕн ӕмӕ сюжеты нӕ уынӕм лӕскъдзӕрӕны кой. Ацы аипп банымайӕн ис информаторы рӕдыдыл.

Цуанон, сырдты фӕдыл цӕугӕйӕ, бафтыд уӕйыджы хӕдзармӕ. Дуӕрттӕ фидар сӕхгӕдта ӕмӕ уым ӕрӕхсӕвиуат кодта. Уӕйыг балцӕй ӕрцыд ӕмӕ йӕ хӕдзары уӕвджыты нымӕц сбӕрӕг кӕныны охыл бахъӕр кодта нырма иумӕ, стӕй – дыууӕмӕ, ӕмӕ афтӕ хъӕр кодта ӕстӕмы онг. Банысан ӕмбӕлы уый, ӕмӕ иннӕ вариантты нымад вӕййы фарасты онг ӕмӕ йӕ нысан та у бынтон ӕндӕр – дзырдарӕхст сбӕлвырд кӕнын, цыргъзонддзинадӕй фӕуӕлахиз уӕвын. Сӕ дзуаппытӕ дӕр сты алыхуызон.

Къостайы поэмӕйы мӕгуыр лӕг лӕскъдзӕрӕнӕй цард ӕмӕ куыста уӕйыгмӕ хӕдзары. Уӕйыджы сурӕт (Иуцӕстон сӕтой//Хоры къутуйау йӕ тӕнтӕ//Бинаг был кӕфой), йӕ удыхъӕды миниуджытӕ (Бухъхъытӕ кӕн-гӕ//Загъдӕмхӕст фыййауӕй хъазы) Къоста равдыста иу-уыл бӕстон ӕмӕ ӕххӕстдӕрӕй. Адӕмон прозӕйӕ сфӕл-дыста поэзийы жанры аивадон ӕгъдауӕй бӕрзонд, мидис ӕмӕ формӕйӕ ӕххӕст нывӕфтыд уацмыс.

  Уӕйыг фос дих кӕныныл сразы вӕййы расыгӕй ахӕм дзырдимӕ:

Кӕд ды дзырд мӕ дзырдмӕ ссарай,

Дӕу фӕуӕд мӕ фос.

Науӕд фосӕй дӕр – ӕнӕхай,

Æрӕмных кӕнӕм мӕгуыр лӕджы дзуаппытӕ Къостайы поэмӕ ӕмӕ аргъӕутты. Иуӕн дзуапп аргъӕутты у ахӕм: «Иу мӕхицӕй хуыздӕр нӕй» (Салӕгаты Зойӕ. Ирон адӕмон сфӕлдыстад. Т. II. Дзӕуджыхъӕу, 2007.Ф.215), «Иу мӕхицӕй хуыздӕр нӕ уыдзӕнис» (Бязырты Алыксандр. Ирон аргъӕуттӕ. Т.I. Сталинир, 1956. Ф.27), «Удӕй мӕхи хуызӕн нӕ уыдзӕн».

(Бязырты Алыксандр. Ирон адӕмон аргъӕуттӕ. Т. II. Сталинир, 1960.  Ф. 61). Ахӕм дзуапп уынӕм аргъауы цӕцӕйнаг варианты дӕр: «Что может быть дороже единственной души» (Мальсагова А.О. Сказки и легенды ингушей и чеченцев. 1983.) Къостамӕ раззаг планмӕ рахизы дины мотив: «Иу – хуыцау! Хуыцауы динӕй//Арвмӕ хауы дур».

Дыууӕ – йӕн аргъӕутты ис ахӕм дзуаппытӕ: «Дыууӕ – мӕ кӕсӕнцӕстытӕ»(Салӕгаты Зойӕ. Ирон адӕмон сфӕлдыстад. Т. II. Дзӕуджыхъӕу, 2007.Ф.215), (Бязырты Алыксандр. Ирон аргъӕуттӕ. Т.I. Сталинир, 1956. Ф.27).

«Мӕ дыууӕ къухӕй хӕст кӕуыл фӕуон, уый мӕ дзӕбӕхӕй нал аивӕрздзӕн» (Бязырты Алыксандр. Ирон адӕмон аргъӕуттӕ. Т. II. Сталинир, 1960.  Ф. 61).  Цӕстытӕ уынӕм цӕцӕйнаг аргъауы: «Есть ли зорче двух глаз что-либо на свете?». Къостамӕ – «Сау дыууӕ цӕстӕй //Хорз фыййау дзӕгъӕл нӕ уагъта//Иу дӕ нӕл фыстӕй». Фольклорон ӕмӕ литературон уацмысты мӕгуыр лӕджы дзуаппытӕ  сты эквивалентон.

  Нымӕц «ӕртӕ»-йӕн уынӕм дзуаппытӕ: «Æртӕсион фат дӕлӕмӕ дӕр хауы ӕмӕ уӕлӕмӕ дӕр»(Салӕгаты Зойӕ. Ирон адӕмон сфӕлдыстад. Т. II. Дзӕуджыхъӕу, 2007.Ф.215).

«Æртӕтигъон фат дӕларвмӕ дӕр цӕуы ӕмӕ уӕларвмӕ дӕр»(Бязырты Алыксандр. Ирон аргъӕуттӕ. Т.I. Сталинир, 1956. Ф.27). «Ме ’ртӕтигъон фат цъиуы цӕст дӕр нӕ ивгъуыйы»(Бязырты Алыксандр. Ирон адӕмон аргъӕуттӕ. Т. II. Сталинир, 1960. Ф. 61). Цӕцӕйнаг аргъауы зыны ӕртӕкъахыг бандон. Къостамӕ кӕсӕм: «Фынг ӕртӕкъахыг//Уазӕгӕн йӕ фӕллад уадзы //Зианджынӕн – йӕ хъыг». Фат ӕмӕ фынг дуджы бӕлвырдгӕнӕн деталтӕ сты уацмысты. Аргъауон заманы, тыхбары дуджы фат хъӕугӕдӕр дзаума уыд, актуалондӕр уыд йӕ заманӕн. Къостайы дугӕй та сбӕлвырд вӕййы ӕртӕкъахыг фынджы культон нысаниуӕг.

Цыппар аргъӕутты бӕлвырд цӕуы ахӕм дзуаппытӕй: «Цыппарцӕфхадон бӕх хохы дӕр цӕуы ӕмӕ быдыры дӕр».Салӕгаты Зойӕ. Ирон адӕмон сфӕлдыстад. Т. II. Дзӕуджыхъӕу, 2007.Ф.216), (Бязырты Алыксандр. Ирон аргъӕуттӕ. Т.I. Сталинир, 1956. Ф.27), «Цыппар дыхъусӕджымӕ ӕхсӕвӕр фыцы»(Ам цуаноны фӕнды уӕйыгӕн йӕ тых, йӕ хъомыс фенын кӕнын). Цӕцӕйнаг аргъауы цыппар бӕлвырд кӕны мӕсыджы цыппар тигъӕй. Къостамӕ та уынӕм афӕдзы цыппар фырты. Ам дӕр та поэт ссары йӕ персонажӕн йӕхи оригиналон дзуапп.

Фондз-мӕ дзуаппытӕ сты ахӕм: «Фондз ӕнгуылдзы мӕ куы уаид, уӕд доны кӕсаг нӕ уадзин».(Салӕгаты Зойӕ. Ирон адӕмон сфӕлдыстад. Т. II. Дзӕуджыхъӕу, 2007.Ф.216), «Фондз дзӕбидыры мын сты фондз комдзаджы». (Бязырты Алыксандр. Ирон адӕмон аргъӕуттӕ. Т. II. Сталинир, 1960.  Ф. 61),  «Фондз фондзыссӕдз фысы кӕмӕн уа, уый мӕгуыр нӕ уы-дзӕнис» (Бязырты Алыксандр. Ирон аргъӕуттӕ. Т.I. Сталинир, 1956. Ф.27), Æнгӕс дзуапп уынӕм цӕцӕйнаг аргъауы: «Хозяйка, имеющая пять коров, в благодати не нуждается». Къостайы мӕгуыр лӕгӕн уыдон сты йӕ хъахъхъӕнӕг фондз фырты: «Фондз фырты мӕн дӕр//Хизынц хин ӕмӕ кӕлӕнӕй».

«Æхсӕз»-ӕн мӕгуыр лӕг сдзуапп кӕны: «Æхсӕзыссӕдзы мӕ сау хъом куы уаид, уӕд мӕгуыр цӕмӕн уаин?» Салӕгаты Зойӕ. Ирон адӕмон сфӕлдыстад. Т. II. Дзӕуджыхъӕу, 2007.Ф.216), «Æхсӕзыссӕдз хос чи самайы, уый холлагхъуаг нӕ вӕййы»(Бязырты Алыксандр. Ирон аргъӕуттӕ. Т.I. Сталинир, 1956. Ф.28), «Æхсӕз цӕджджинаджы бӕгӕны ӕхсӕвӕрыл мӕ нуазинаг» (Бязырты Алыксандр. Ирон адӕмон аргъӕуттӕ. Т. II. Сталинир, 1960.  Ф. 61). Цӕцӕйнаг аргъауы уынӕм ӕхсӕз фырты кой. Къостамӕ кӕсӕм:

Æз ӕхсӕз хатты

Фос байуарынмӕ бӕллыдтӕн,

Не сразы дӕ ды!

«Авд»-ӕн дзуаппытӕ сты ахӕм: «Авд уагъд усы ме знаджы хай уӕт». Æнгӕс дзуапп ис цӕцӕйнаг варианты: «Женщина семь раз выходившая замуж, пусть не окажется ни в твоем, ни в моем доме»,  «Авд хосдзауы кӕмӕй ацӕуа, уый холлагхъуаг не суыдзӕнис»,  «Авд боны мӕ фаг сты уӕйыджы азы холлаг». Къоста авдӕн дзуаппы хуызы спайда кодта аргъауон фӕрӕзӕй, авдсӕрон уӕйыджы фӕлгонцӕй: «Авд сӕры уӕйыгыл зайы,//Зондӕй та- къӕдзӕх».

Кӕцыдӕр вариантты нымӕцонты ранымад банцайы астыл: «Æстӕм хатт ам нӕ уыдтӕн: Терчы уыдтӕн, Турчы уыдтӕн» Салӕгаты Зойӕ. Ирон адӕмон сфӕлдыстад. Т. II. Дзӕуджыхъӕу, 2007.Ф.216), «Аст боны цӕуы, – фурды сӕрты алиуырдтон ӕмӕ уырдыгӕй сохъхъуыр уӕйыджы бастӕй сластон». Æндӕр ваианты уынӕм: «Аст цӕды гал чи сифтындза, уый хорхъуаг не суыдзӕнис». (Бязырты Алыксандр. Ирон аргъӕуттӕ. Т.I. Сталинир, 1956. Ф.28). Къостамӕ разыны, мӕгуыр лӕг уӕйыгмӕ удхарӕй цас рӕстӕг мард, уыцы рӕстӕджды бӕлвырдгӕнӕн: «Аст азы дӕ фосмӕ кастӕн//Айс сӕ ныр – хӕлар». Иу аргъауы          («Мӕгуыр лӕг ӕмӕ уӕйыг»-ы) ӕмӕ Къостайы поэмӕйы уынӕм ахӕм дзуапп: «Фарастӕмы ам нӕ уыдтӕн».

  Ранымад нымӕцонты фарст-дзуаппытыл аргъауы архайд нӕ фӕвӕййы. Иугӕр «фарастӕмы ам нӕ уыдис», уӕд логикӕмӕ гӕсгӕ ныхмӕлӕууӕг ратты фарст: «Кӕм уыдтӕ?» мӕгуыр лӕджы йӕ фантази ах-ӕссы Терк-Турчы зӕххы тыгъдадон ориентирмӕ. Фурды сӕрты ахизыны фӕрӕз аргъӕутты вариантты у: «къӕлӕу» (Бязырты Алыксандр. Ирон аргъӕуттӕ. Т.I. Сталинир, 1956. Ф.28), «къуылых дзынга» Салӕгаты Зойӕ. Ирон адӕмон сфӕлдыстад. Т. II. Дзӕуджыхъӕу, 2007.Ф.216), Къостамӕ – «бӕх». Фурд чысыл кӕй нӕ уыд, уый мӕгуыр лӕг бӕлвырд кӕны аргъӕутты: «йӕ иу кӕронӕй иннӕмӕ къӕлӕу куы ныууасыдаид, уӕд иннӕ кӕронмӕ куы нӕ фехъуыстаид» (Бязырты А. Х. Ирон аргъӕуттӕ. Т.I. Сталинир, 1956. Ф.28). Æндӕр вариантты зыны цӕргӕс фурды иу кӕронӕй иннӕмӕ кӕй нӕ атахтаид (Бязырты Алыксандр. Ирон адӕмон аргъӕуттӕ. Т. II. Сталинир, 1960. Ф. 61),  (Салӕгаты Зойӕ. Ирон адӕмон сфӕлдыстад. Т. II. Дзӕуджыхъӕу, 2007.Ф.216), Къостамӕ «фурд» ивд ӕрцӕуы «денджызӕй», кӕцыйы сӕрты нӕ уыд атӕхын йӕ бон цӕргӕсӕн. Ацы быцӕуы варианттӕ кӕд чысыл фендӕргъуызонгонд сты фольклорон вариантты ӕмӕ Къостайы поэмӕйы, уӕддӕр сӕ бындур у иу. Аргъӕутты дзуаппыты вариативондзинад бирӕ-бӕрцӕй баст у аргъау радзурӕджы  рӕдыдимӕ.

 Зӕгъӕн ис, аргъауы дыккаг хайы Къоста хӕстӕгдӕр ӕрбалӕууыд адӕмон сфӕлдыстады мотивтӕм: «Что же касается второй части, где пастух рассказывает небылицы о своем пребывании в стране Терк-Турк, то здесь Коста совсем близко подошел к «народным образцам». (Бритаева А.Б. Сказочный мотив «загадок-разгадок» в стихотворении К.Л. Хетагурова «В пастухах»//Венок бессмертия. Материалы международной научной конференции, посвященной 140-летию со дня рождения Коста Хетагурова. (Владикавказ, 2000. Ф.133).   Хицӕндзинад уый мидӕг ис, ӕмӕ  Къостамӕ ныхасбыцӕуы фӕрӕзтӕ сты нывӕфтыд поэтикон амӕлтты агъуды конд.

  Цымыдис ӕвзӕрын кӕны ацы сюжеты уӕйыджы мӕлӕты мотив.  Къостамӕ уӕйыг фесты цавд дур: «Кӕд мӕнгӕй зӕгъын, – мӕ цуры//Цавд дур фест ды дӕр». Аргъӕуттӕй дӕрддагдӕр сюжеты – «Цуаноны аргъауы» – цуанон йӕ дзуаппыты фӕстӕ уӕйыджы цӕстыл топп фӕкодта, уый лидзынмӕ фӕцис ӕмӕ йӕ бынтӕ баззадысты цуанонӕн. (Бязырты А.т 2 62). Æндӕр варианты «басастис хӕйрӕг, мӕгуыр лӕгӕн та баззадис сӕгъты дзуг» (ам мӕлӕт бынтондӕр нӕй) Салӕгаты Зойӕ. Ирон адӕмон сфӕлдыстад. Т. II. Дзӕуджыхъӕу, 2007.Ф.216). Иууыл стырдӕр цымыдис ӕвзӕрын кӕны, мӕгуыр лӕг уӕйыджы цырагъы къодах кӕм фестын кӕны, уый: «Уӕдӕ мын ныр та цырагъы къодах фест, болат фӕрӕт йӕ мидӕг тъыст ӕмӕ йын цӕрӕнбоны фӕуӕн ма уӕд». (Бязырты Алыксандр. Ирон аргъӕуттӕ. Т.I. Сталинир, 1956. Ф.29).

   Рухсы проблемӕ ахъаззаг уыд йӕ рӕстӕджы ӕмӕ рухс кодтой ӕхсныфдзырӕгътӕй. Фӕлӕ йӕ гуырӕн проблемӕйӕн арфдӕр у: биологон уӕвӕгойӕ социалонмӕ рахизыны этапыл адӕймаг йӕ фыццагон цардуагон ӕмбарынадӕй ракодта ацы проблемӕ талынгӕй рухсмӕ рахизын, социалон ӕфхӕрд басӕттын, тыхтонайы азарӕй фервӕзынмӕ. Уӕдӕ аргъауы бындур амад у талынг ӕмӕ рухс, хӕлар ӕмӕ хӕрам, хӕрзиуӕг ӕмӕ фыдӕхы ӕнусон быцӕуыл. Аргъауӕн миниуӕгджын куыд вӕййы, афтӕмӕй уӕлахиз кӕнынц хӕлар тыхтӕ.

         БИАЗЫРТЫ Аллæ,

филологон зонæдты кандидат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.