Колыты Аксойы номыл аивæдты паддзахадон лицейы ног æрлæугæ ахуыры азы цы ивындзинæдтимæ сæмбæлдзысты, уыдонмæ æнхъæлмæ кастысты бирæ азты дæргъы. Ныридæгæн лицейы ахуыргæнджытæ сæхи цæттæ кæнынц ног куысты режиммæ. Раздæрау дыууæ сменæйы нал ахуыр кæндзысты йæ ахуырдзаутæ, фæлæ, иннæ ахуыргæнæндæттау, иу сменæмæ рахиздзысты.

Куыд зонæм, афтæмæй 90-æм азты хæстон архайдтыты фæстиуæгæн ацы ахуыргæнæн уаг-доны фыццаг уæладзыджы æрцардысты лигъдæттæ. Уæды рæстæджы адæмæн сæ сæр сæ кой уыдис, стæй ацы бæстыхайы дæр нырма лицей нæ уыдис, æмæ лигъдæттæ ам цæргæйæ баззадысты. Рæстæг цыд, республикæйы къухдариуæггæнджытæ дæр кæрæдзи ивтой, фæлæ лигъдæттæ ахуыргæнæн уагдоны кæй цардысты, уыцы проблемæ скъуыддзаг нæ цыд бирæ азты дæргъы. Лицейы директор Плиты Риммæ куыд зæгъы, афтæмæй ацы хъуыддаг ахуыры процессыл тынг æндæвта æмæ дыууæ сменæ дæр уый фæстиуæгæн æрцыдис арæзт.

«Ацы бæстыхай сæрмагондæй аивæдты лицейæн арæзт не ‘рцыд. Уымæ гæсгæ нын дзы нæ уыд уавæртæ, цæмæй бындуронæй уагътаиккам практикон уроктæ алыгъуызон предметтæй æмæ дæсныйæдтæй. Лицейы бындурæвæрæг Кæсойты Лаврент бирæ тых æмæ фæрæзтæ бахардз кодта, цæмæй аккаг уавæртæ арæзт æрцыдаид ахуырдзаутæн, – кабинетты цалцæг кодтам ахæм хуызы, цæмæй нын нæ домæнтæн дзуапп дæттаиккой. Сæйраг проблемæ нын уыд, кабинеттæй æмæ кълæстæй хъуагдзинад кæй æййæфтам, уый. Бар-æнæбары арæзт æрцыдис дыууæ сменæйы, фæлæ афтæмæй та ахуырдзаутыл цыд фылдæр уæз. Зæгъæм, райсомæй-иу практикон уроктыл чи фæбадтис, уыдон-иу ныффæлладысты æмæ-иу сæм сихорыл, теоретикон уроктæм хъусгæйæ, ахуыргæнджыты ныхæстæй ницыуал хъардта», – зæгъы лицейы директор.

Плиты Риммæ ма йæ ныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй абоны бон æрмæстдæр Кæсойты Лавренты фæрцы уæвынад кæны ацы аивæдты лицей, кæд æмæ мах æппынæдзух йæ фарсмæ уыдыстæм, уæддæр.

«Мах быхстам æппæт зындзинæдтæн дæр, Лаврент нын йе ‘нувыддзинадæй нæ тыхтыл тых æфтыдта æмæ уæззау уавæрты дæр нæхи никуы ауагътам, – фыццаг бынаты алыхатт дæр уыдысты нæ ахуырдзаутæ. Бæргæ, хуыздæр уавæртæ нын куы уыдаид, – кæд ма уыдис афтæ, æмæ спецификон ахуыргæнæн уагдоны бæстыхайы бирæ азты дæргъы ахуыргæнинæгты сыхæгтæ уой лигъдæттæ».

Лигъдæттæ фыццаг уæладзыджы цардысты фондз хатæны æмæ ма дзы абоны бон цæры иу адæймаг. 2017-2021 азты æртæ бинонтæн радтой фатертæ, иу лигъдон та дзы æрæджы фæзиан. Ныридæгæн ма дзы иу сылгоймаг цæры, æмæ уый тыххæй лицейы педагогон коллектив сæ ныфс дарынц президент Гаглойты Аланыл, цæмæй ацы лигъдонæн дæр йæ проблемæ скъуыддзаг æрцæуа. Куыд зонын, афтæмæй ацы лигъдонæн йæ чызг цæры Мæскуыйы микрорайоны коттеджы, фæлæ сылгоймаг уырдæм нæ комы цæрынмæ – «мæхи къуым мæ хъæуы», зæгъгæ.

Цыппар хатæны ссæрибар сты, сындæггай цалцæг цæуынц лицейæн йæхи фæрæзтæй. Плиты Риммæ куыд зæгъы, афтæмæй йын ахуырад æмæ зонады министрады æххуысы ныфс бавæрдтой æмæ тагъд рæстæджы ацы ног хатæнтæй кабинеттæ æмæ кълæстæ сараздзысты æмæ ахуыр кæнын дæр райдайдзысты иу сменæйы. Ахæм режим ахъаз уыдзæнис ахуырдзауты æнтыстдзинадæн, сæ азмæлæнтæ фæуæрæхдæр уыдзысты æмæ сын цы сæрибар рæстæг фæзына, уымæй пайда кæндзысты сæ дæсныйад фæхуыздæр кæнынæн.

Джиоты Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.