Ацы аз, тъæнджы мæйы нæ уарзон газет «Хурзæрин»-ыл сæххæст 98 азы. Уарзон газет æй уымæн хонын æмæ дыууадæс азы ацы газеты кусгæйæ, уый мæ зæрдæйæн ссис адджын. Уыцы азты дæргъы, æз куыд уацхæссæг, афтæ уыдтæн дзæвгар цæрæн пунктты, базонгæ дæн æмæ ныхас кодтон не ‘мбæстæгтæй бирæтимæ, кæцытæ уыдысты æндæр æмæ æндæр карты професситæ æмæ цæстæнгастимæ адæймæгтимæ. Иу ныхасæй, дыууадæс азы – цъус рæстæг нæу, цæмæй бамбарай газеты куысты сусæгдзинæдтæ, афтæ ма йын йæ коллектив бауарзынæн дæр. Фæлæ нæ уарзон газетæн æппæт йæ царды азтæ чи снывонд кодта, уыдоны тæлмæнтæ бирæ фылдæр сты.  

Куыстам уæхскуæзæй

Газет уадзыны процесс, куы фæзындис, уæдæй фæстæмæ ивгæ кодта. Ивгæ та кодта хуыздæрæрдæм – æнцондæр кодта техникæйы ногдзинæдтæ биноныг кæныны руаджы. Уæлдай стырдæр ивындзинæдтæ  ацы хъуыддаджы æрцыдис ивгъуыд æнусы 80-æм азтæй фæстæмæ. Биазырты Роланд Данилы фырт нæ газеты редакцийы куыста советон дуджы дæр æмæ уæды æмæ ныры дуджы журналистты куыстæн абарæн дæр нæй. «Уæд газеты кусæгæн йæ кусæнгæрзтæ уыдысты æрмæстдæр фыссæн сис æмæ гæххæтт. Зæгъгæ, исты мадзалмæ ацыдтæ, уæд сæ демæ айстай, раныхасгæнджытæ цæуыл дзырдтой, уыдон цыбыртæй гæххæтты фæнысан кодтай æмæ дæ стæй дæ арæхстдзинад куыд амоны, афтæ ныффыстай текст æмæ йæ балæвæрдтай мыхуыр кæнынмæ.

Уæд газет къуыри фондз хатты цыдис, ома, алы кусгæ боны дæр, æмæ кусджыты хъуыд бынæттæй æрмæг хæссын. Редакци та автотранспортæй ифтонг нæ уыдис æмæ-иу сæ хъуыд цæуын райсом автобусыл. Уыимæ архайдтой, организаци кодтой, цæмæй газеткæсджытæй фыссынмæ чи арæхст, уыдон фыстаиккой газетмæ.

Бирæ дзурæн ис, уæд газет куыд уагътам, уый тыххæй, фæлæ уыцы фадат ныртæккæ нæй. Абон уавæр бынтондæр фæивта. Интернеты фæзынд бирæ фенцондæр кодта журналисты куыст. Уыимæ пайда кæны алыгъуызон техникон фæрæзтæй. Фæлæ зонадон-техникон прогресс цасфæнды размæ ма ацæуа, уæддæр газет уадзыны хъуыддаджы сæйраг фигурæ уыдзæн адæймаг. Йæ курдиатыл, йæ арæхстдзинадыл кæддæриддæр баст уыдзæн, газеткæсджытæм цахæм газет хæццæ кæна, уый», – йæ мысинæгты æрдзырдта Роланд.

Растдæр цыма мæ дыккаг бинонтæ

1974 азы газет «Советон Ирыстон»-ы редакцимæ кусынмæ æрбацыд æвзонг чызг Джиоты Катя.

«Уыцы бон æз тынг бахъуыды кодтон. О, Стыр Хуыцау, куыд тагъд лидзынц нæ иу-вæрсты нæ азтæ. Мæнæ диссаг, мæ уарзон газет «Хурзæрин»-ыл сæххæст 98 азы. Дык-каг хæдзары хуызæн мын чи сси, уыцы редакцийы къæсæрæй мæ къах куы æрбавæрдтон, уæд ыл нырма 50 азы йеддæмæ нæ цыд, мæхæдæг та хæрзæвзонг чызг уыдтæн – 18 азы мыл цыд уæд. Газет «Хурзæрин»-ы (уæ-ды «Советон Ирыстон») бæстыхай уыд Хетæгкаты Къостайы уынджы, ныртæккæ РХИ-йы Хицауады бæстыхаймæ æввахс.

Куыд тагъд атахтысты азтæ, уæдæй нырмæ рацыд 47 азы бæрц æмæ мæнмæ та афтæ фæкæсы, раст цыма 10 азы размæ æрбацыдтæн редакцимæ кусынмæ. Фæлæ 47 азы та цъус, мыййаг, куынæ сты. Никуы мæ ферох уыдзæн, редакцимæ мæ кусынмæ мæ хæстæг, уæздан æмæ зæрдæхæлар сылгоймаг, дзæнæтыбадинаг Тедеты Юля куы æрбакодта, уыцы бон. Æфсæрмгæнгæйæ бахызтæн кабинетмæ, цыран мыл зæрдæхæларæй сæмбæлдысты Тыбылты Мария æмæ Козаты Нинæ (ныртæккæ – дзæнæттæгтæ). Дыууæ сылгоймаджы йæ куы фæхатыдысты, тынг кæй тыхстæн, уый,  уæд мæм уæлдай хъусдард аздæхтой, мады рæвдыд мæ бакодтой. Куыдфæстагмæ, базонгæ дæн коллективимæ, уыдон мæ зæрдæйæн систы тынг æввахс адæймæгтæ. Абоны онг дæр сæ алкæйы хуыз дæр мæ цæстыты раз слæууы. Ныртæккæ  ма раздæры коллективæй редакцийы кусынц Осиаты Индирæ, Гуыцмæзты Евелинæ, Биазырты Роланд, Лалыты Ленæ, Джиоты Фатимæ, Дзебысаты Гуло», – радзырдта уый.

Куыстам æхсæвыгæтты дæр

Дзебысаты Гуло типографимæ кусынмæ бацыд 17-аздзыдæй 1971 азы линотипты ста-ноктыл æвзарæгæй. Уæд газет хуындис «Советон Ирыстон». «Кæй зæгъын æй хъæуы, зын уавæртæ æвзæрстам нæ куысты рæстæджы. Уæд-иу электрон рухс арæх кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ фылдæр хатт куыстам лампæйы рухсмæ. Газет цыдис стыр форматыл æрвылбон дæр. Куыст уæззау уыд, уымæн æмæ газеты фæрстæ арæзтам къухæй. Арæх-иу уыдис афтæ æмæ-иу æхсæвы дыууæ сахатмæ дæр фæкуыстам, хатт-иу ныл бон дæр ссис.

1990 азы 23 ноябры гуырдзиаг неформалтæ нæ Райгуырæн зæхмæ куы ‘рбабырстой, уæд рæстæг цæхгæр фæивта. Ирыстонæн уæззау уавæртæ кæй скодта, уымæ гæсгæ-иу арæх иу номырыл фæкуыстам æнæхъæн къуыри дæр.

Иумиагæй сисгæйæ куысты хъуыддаг уæды рæстæджы рæвдздæр уыд, уымæн æмæ уæд телетайп куыста, хъæутæй нæм æнæштатон уацхæсджытæ тынг бирæ æрмæг хастой»,- банысан кодта уый.

Абон Дзебысаты Гуло кусы нæ газеты бæрнон секретарæй. Кæд абон куыст бирæ-бæрцæй  фæрогдæр ис, уæддæр арæх æрымысы уыцы азты зын, фæлæ цымыдисон куыст.

«Абон бирæбæрцæй нæ куыст фæрогдæр ис, уымæн æмæ рахызтыстæм компьютерон системæмæ. Интернеты тыгъдад тынг кæй рапарахат, уымæ гæсгæ газеттæ æмæ жур-налтæ афтæ тынг нал ахадынц адæмы æхсæн. Раздæрау газет нал фыссынц, уæлдай-дæр та æвзонг фæлтæр. Æмæ уый зæрдæйæн зын куыннæ у».

Кæй зæгъын æй хъæуы, мах, æвзонг фæлтæр, редакцийы раздæры кусджытæй  се ‘ппæтимæ зонгæ не стæм, фæлæ ахæм мысинæгты фæрцы базонæм бирæ цымыдисон факттæ сæ цардвæндагимæ.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.