Сланты Мадинæ, Ленингоры районы администрацийы ахуыры хайады хистæр.

– Алы ирон адæймаг дæр хъуамæ зона йæ мадæлон æвзаг. Æз куыд ахуырады къабазы кусæг, афтæ мæ фæнды зæгъын, мадæлон æвзаджы уавæр бонæй-бонмæ хуыздæрырдæм кæй ивы. Цъинагары зонæйы хъæуты цæрджытæ раппæлинаг сты, суанг чысыл сабиты онг дæр дзурынц ирон æвзагыл. Ленингоры поселочы æмæ уымæ æввахс хъæуты дæр ирон æвзаджы уавæр банымайæн ис раппæлинагыл. Бирæ сывæллæттæ хæдзары кæд фылдæр гуырдзиагау фæдзурынц, уæддæр сæ хъæуы раппæлын. Уымæн æмæ раздæр иронау иу ныхас дæр цы сывæллон не ‘мбæрста, уыдонæн абон сæ бон у сæ хъуыдытæ бамбарын кæнын ирон æвзагыл. Æмæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон у махæй алкæмæн дæр. Стыр бузныг ахуыргæнджытæн се ‘ппæтæн дæр сæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ сывæллæттæн кæй амонынц мадæлон æвзаджы нысаниуæг сæ царды. Ацы ахсджиаг цауы тыххæй фыццаг хатт нæ районы уæрæх банысан кодтам ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон. Хайад дзы райстой районы æппæт скъолатæ дæр.

Елойты Олеся, Знауыры районы Мугуты хъæуы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг.

– Мæнмæ гæсгæ алкæцы адæймагæн дæр зынаргъ у йæ мадæлон æвзаг. Мæнæн ирон æвзаг мæ зæрдæйы ахсы стыр бынат, кæмфæнды дæр ирон дзырд фехъусгæйæ, мæ зæрдæ байдзаг вæййы цины æнкъарæнтæй. Мæнæй цыдæриддæр аразгæ уа, уымæй æппæт тыхтæй архайдзынæн мæ зонындзинæдтæ кæстæр фæлтæрæн амоныны тыххæй, цæмæй макуы фесæфа, нæ фыдæлтæ сæрбæрзонд цы ирон æвзагæй уыдысты, уый.

Æлборты Зæлинæ, горæт Мæскуыйы цæрæг.

– Мæ зæрдæйы афтæ арф æвæрд у мадæлон æвзаг æмæ уал азы дæргъы Мæскуыйы цæргæйæ иу уысм дæр никуы ахъуыды кодтон, цæмæй йыл ма ныхас кæнон. Горæты цæугæйæ, кæнæ куысты ирон ныхас фехъусгæйæ, мæ зæрдæ байдзаг вæййы мадæлон æвзагмæ сæрыстырдзинадæй. Ирон дзырд, ирон ныхас хатт афтæ тынг æрымысын æмæ уæд телефонæй фæныхас кæнын мæ ирыстойнаг хæлæрттимæ.

Цæриаты Элизæ, Ленингоры районы Сывæллæтты хæдзары хъомылгæнæг.

Ирон æвзаг ис æмæ уыдзæн кæддæриддæр мæ зæрдæйы. Нæ адæмы культурæ æмæ æгъдæутты тыххæй бирæ дзурæн ис. Нæ кадджын фыдæлтæ фæлтæрæй фæлтæрмæ бахъахъхъæдтой нæ хæзна – нæ мадæлон æвзаг. Æмæ абоны бæрæгбоны Иры адæмæн, æрыгон фæсивæдæн зæгъын: ахуыр кæнут æмæ дзурут иронау. Мадæлон æвзаг зонын тынг ахсджиаг у æмæ йæ алчидæр хъуамæ æмбара.

Кæсæбиты Еленæ, нæ горæты цæрæг.

Ирыстоны кæй райгуырдтæн, ирон æвзаг кæй зонын, уымæй æз сæрыстыр дæн. Уый у дунейы рæсугъддæр æвзæгтæй сæ иу æмæ дзы хъуамæ пайда кæнæм не ‘рвылбонон царды. Не ‘гъдау, нæ фыдæлты фарны рæсугъддзинадæн та кæрон дæр нæй. Тынг мæ фæнды, цæмæй цы кæстæр фæсивæд хъомыл кæнынц, уыдонæн сæйраг уа сæ мадæлон æвзагыл дзурын, уой дзы кæддæриддæр сæрыстыр.

Плиты Ульянæ, горæт Дзæуджыхъæуы цæрæг.

– Мадæлон æвзагæй мах сæрыстыр хъуамæ уæм. Фæлæ йæ абон иуæй-иутæ сæ сæрмæ нал хæссынц, дзурынц æцæгæлон æвзагыл.  Æмæ уый мæгуырау куыннæ у. Ахсджиаг у, цæмæй хæдзары бинонты æхсæн дзурæм мадæлон æвзагыл, уымæн æмæ саби цы æвзагыл дзура, уый бирæ аразгæ у йæ ныййарджытæй.

КОКАЙТЫ Зæринæ  

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.