Къæбысты Георги зындгонд адæймаг у. Паддзахадон æдасдзинады комитеты Паддзахадон хъахъхъæнæн, Бастдзинады массон коммуникациты æмæ информацийы комитеты сæрдар (министр), Æддагонслесты службæйы сæрмагонд хайады разамонæг, булкъон. Бирæ хорз хъуыддæгтæ бафтыдис йæ къухы республикæйы цæрджыты цард фæхуыздæр кæныны хъуыддаджы. Паддзахады интерестыл тохгæнæгæй йæ базыдтой адæм. Нæ бæстæйы рæсугъддæр чызджытæй сæ иуимæ йæ цард баиу кодта. Дыууæ хъæбулы хъомыл кодта. Æмæ æваст уыцы кадджын, фæзминаг царды фæндаджы æнæнхъæлæджы ныззылд — 2017 азы кæрон. Ахæстон, карз тæрхон æмæ æнæрынцой тох рæстдзинады сæраппонд. 2022 азы Къæбысы фырты æмгъуыдæй раздæр суæгъд кодтой ахæстонæй. Раздæрау йæхи нымайы æнæзакъон æгъдауæй æфхæрдыл æмæ йæ фæнды, цæмæй æххæстæй реабилитацигонд æрцæуа. Нæ раздæры министры фæхуыдтам редакцимæ, райстам дзы интервью.

— Бирæтæ йæ зонынц, 2004 азы дæ фæрцы кæй фæзындис нæ республикæйы мобилон бастдзинад — Мегафон «æрбахызти æфцæгыл» уæды рæстæджы нырма æнæнымад паддзахад Хуссар Ирыстонмæ. Адæм сулæфыдысты дзаг риуæй. 2015 азы Цæгат Ирыстонæй райдыдта Уæрæсейы цифрæйон телеуынынад йæ уæлахизы цыд. Ардæм та æххæстæй æрхæццæ ис æрмæст 2018 азы. Цыбыр рæстæгмæ йыл телекæсджытæ ацахуыр сты, фæлæ уыцы хорздзинад кæй фæрцы фæзындис, уый алчи нæ зоны. Чи уыдис хæрзгæнæг, уый ма нын раргом кæн.

— 2016 азы кӕрон, Тыбылты Леонид мæм бахатыдис, зæгъгæ, бынæттон телеуынынады сигнал алы ранмæ нæ хæццæ кæны æмæ уыцы хъуыддагæн быхсæн нал ис — бакусын ыл хъæуы. Загътон ын уæд, аналогон телеуынынадыл мауал хардз кæнæм нæ тыхтæ — хъæуы нæ цифрæмæ рахизын. Æмæ уæд ацыдтæн Мæскуымæ, уым хъæугæ адæмимæ сæмбæлдтæн, развæлгъау цæттæгонд документтæ сын радтон æмæ сæ бындурыл иу азы фӕстӕ фæзындис Хуссар Ирыстон цифрон телеуынынадæй фæлгонцгæныны фæдыл программæ 157 милуаны аргъ. Уыцы уæрæсейаг æхцайы фæрцы республикæйы территорийыл 2018-2019 азты сæвæрдтой телебæрзæндтæ æмæ 2018 азы республикæйы цифрон телеуынынад фæзындис. Фæнды мæ æнæмæнг зæгъын æргомæй — экспрезиденттæй сæ иу цифрон телеуынынады рапарахат йæхи персоналон æнтыст рахуыдта æмæ уый гæды ныхас у. Уадз æмæ йæ адæм зоной. Æгæрыстӕмӕй телестанцты нымӕц фæкъаддӕр ис пълангонд 157 милуан сомӕй, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн сомбон рабӕрӕг уыдзӕн, цы фесты.

— Бузныг дын, Георгий, не ‘мбæстæгты номæй, дæ лæггæдты тыххæй, фæлæ ма нын æй бамбарын кæн, цæмæн æмæ кæй аххосæй бафæстиат ис стратегион æгъдауæй вазыгджын фарста. Кæй аххос у, уæрæсейаг телеканалтæ сæ трансляцийыл нын цы милуантæ фыстой, уыдон Хуссар Ирыстонмæ кæй нæ хæццæ кодтой? Куыд æмбарын, афтæмæй, уыцы æхцайы фæрцы хъуамæ национ телеуынынад æмбæлон, раззагдæр технологитæй ифтонггонд æрцыдаид. Уæд нæ телеуынынадæн Уæрæсейæ уæлæмхасæн финансон фæрæзтæ курын дæр, чизоны, нал бахъуыдаид.

— Премьер-министр Бровцевы рæстæджы-иу мæ арæх бахъуыдис телерадиотрансляторты авариты фæстиуджытæ иуварс кæнын. Æз уæд Паддзахадон комитеты сæрдарæй куыстон, бастдзинады фарстатæ дæр уыцы комитетмæ хаудысты. Фæлæ ма республикæйы уыдис пост, радио, телеуынынад æмæ бастдзинады кондадон управлени. Уыцы управлени хъуамæ цалцæг кодтаид телехызæгтæ, комитет нæ, фæлæ ӕддагон компани. Сæхи-иу аиуварс кодтой, хицауад та-иу мæнмæ бахатыд æмæ-иу ацыдтæн — зæгъын, цалынмæ мах раиваз-баиваз кæнæм структурæты мидастæу, уæдмæ хуымæтæг телекæсæг æфхæрд бынаты цæмæн хъуамæ уа. Бауырнæд дæ, иу хатт дæр мæм телерадиохызæгты æрдыгæй финансон æгъдауæй ничи никуы фæкаст, æппын ницы, бензин дæр сæ ничи ныккодта мæ хæдтулгæйы, мæхи хардзæй зылдтæн аваритыл цалдӕр кусӕгимӕ телерадиохызӕгтӕй. Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй нæ республикæйы телерадиохызæгты паддзахадон компанийæн 2006 −2018 азты уæрæсейаг федералон каналтæ бафыстой 250 милуан сомы бæрц. Уыцы милуантæ паддзахадон къазнайыл нæ бафтыдысты.

— Куыд, кæд æмæ кæмæй базыдтай хабар? Æмæ цы фесты уыцы æхца?

— 2011 азы нæм фæуазæг Уæрæсейы бастдзинады министр Игорь Щёголев. Йæ визиты фæлгæтты бафыстам æхсæнведомствæйон бадзырд æмæ уый фæстæ Бастдзинады комитеты кусджытимæ цай нуæзтам, профессионалон темæтыл ныхас кодтам æмæ Щёголевмæ бахатыдтæн, зæгъын, фæкæсутма нæм телеуынынады ифтонгад сног кæныны хъуыддаджы, кæннод зæрондгæнæг аппаратурæйы аххосæй телекадрты гъæд æмбæлон нал у. Байхъуыста мæм лæмбынæг Игорь Оледжы фырт æмæ иу дыууæ къуырийы фæстæ телефонæй фехъусын кодта, 2011 азы райдианмæ Хуссар Ирыстоны телеуынынадæн æххуысы охыл Уæрæсейæ кæй æрæрвыстой 100 милуан сомæй фылдæр. Лæмбынæг куы æркастыстæм хъуыддагмæ, уæд рабæрæг ис — Бастдзинады, посты æмæ телехызæгты раздӕры разамонӕг куыстуат срегистраци кодта йæхи номыл æмæ уыцы милуантæ йæхи дзыппмæ цыдысты. Куыд ын бантыстис паддзахадон управленийæ хисæрмагонд компани ацаразын мæ куы фæрсат, уæд уын æй цыбыртæй зæгъдзынæн — хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Уæрæсейы закъонмæ гæсгæ нæ уыди гæнæн æнæнымад паддзахады цыфæнды структурæйæн дæр фидын. Уымæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны бангмæ цыдысты махæн уæрæсейаг телеканалты бюджетæй дихгонд æхца. Раздӕры разамонӕг бавдæлд æмæ цыбыр рæстæгмæ, чысыл раздæр дын цы аферæйы кой ракодтон, уый ацарæзта. Стæй ма иу фиппаинаг — 2006 азы телеуынынадæн ифтонгады фæрæзтыл æмæ мобилон бастдзинады фарстатыл баныхас кæныны тыххæй делегацийы мæхæдæг дзырдтон паддзахады сӕрдары фыццаг хӕдивӕгимӕ ӕмӕ УФ-йы бастдзинады министрадимæ. Мæ архайды сæр скодтон мобилон бастдзинад, уымæн æмæ уый нæ адæмы цард фæрог кæнынæн ахсджиагдæр фарста уыдис уыцы рӕстӕджы. Мӕ размӕ кӕмӕ хауд, уый та телеуынынадæн æххуысы фарста лыг кодта.

— О, фæлæ уал азы дæргъы йæ иу бафæрсæг куыд нæ фæцис? Алы æртæ кварталæн, стæй алы азæн отчет дæттын дæр æй нæ хъуыдис?

— Уымæй мæн нæ хъæуы фæрсын. Раст зæгъгæйæ, командировкæйæ куы æрыздæхтыстæм, уæд уыцы лӕджы бафарстон — цæй, цавæр суммæйыл баныхас кодтат, зæгъгæ. Йæ дзуапп уыдис — 3 милуан сомы. Æцæгдæр афтæ уыдис, фæлæ телетрансляторты нымæц нæм куыд фылдæр кодта, афтæ уæрæсейаг каналты фиддонтæ дæр рæзыдысты. Æмæ 12 азы дæргъы æмткæй нын бафыстой 250 милуаны бӕрц. Цы сæ фæкодта, стæй æнæконтролæй йæ цæмæн ныууагътой паддзахадон барадон æмæ фиддонты структурæтæ, уыдæтты фæдыл бæстон слест хъуамæ уа. Адавды схемæтæ æргомгæнæг документтæ нæм иууылдæр ис. Мæхицæн дзырд радтон хъуыддагæн кæрон скæнынæн баххуыс кæнын. Рæстдзинадыл тохгæнæгæн Хуыцау дæр æххуысгæнæг у, Табу йын уæд.

— Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2008 азы банымадта Уæрæсе. Хъоцыты Валерийы архайды кæрон æрцыдис æрмæстдæр 2018 азы, ома, цифрæйон телеуынад нæм куы фæзындис, уый хæдфæстæ 2006 азы бадзырд йæ тых фесæфта, уымæн æмæ ног технологиты фæрцы нал хъуыдис трасляцийыл фидын. Фæлæ 2008 азæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны бангтæ, куыстуæттæ, организацитæ комкоммæ кусын райдыдтой уæрæсейаг структурæтимæ. Уæдæ уæд логикон æгъдауæй не ‘мбарын, куыдæй бантыст ацы æмбæстагæн æнæхъæн дæс азы æнцад-æнцойæ паддзахадон æхцатæ хӕрын? Иунæгæй, æнæ бæрзондбадæг сæрылхæцæгæй?

— Æнæмæнг, уыдис ын сæрылдзурджытæ. Дам-думтæй никуы пайда кодтон, фæлæ мæм ис гæххæттыты къопитæ, се ‘хсæн дыууæ: сæ иуы раздæры вице-премьер Тъехты Алан Уæрæсейы Паддзахадон телерадиохолдингы директор Добродеевмæ йæхи хаты, цæмæй æндæр бангмæ, ома, комкоммæ Хуссар Ирыстонмæ, цæуын райдайой трансляцийыл фиддонтæ. Иннæ фыстæджы бын та ис 2014-2017 азты Парламенты сæрдар Бибылты Анатолийы къухфыст. Уый дæр фыстæджы хаты Добродеевмæ æмæ куры, цæмæй Хъоцыты Валериимæ бадзырд хæлд ма ‘рцæуа, уымæн æмæ, дам, сæрмагонд парламентон къамис ныртæккæ управленийы фарста æвзарын райдыдта æмæ багæдзæ кæнын хъæуы. Парламенты профилон къамисы сæрдар уæд уыдис Тедеты Руслан (парти «Адӕмон Иудзинад») æмæ йæм бахатыдтæн, зæгъын, æнæмæнг-иу мæм фæдзур уæ фыццаг æмбырдмæ. Йæ дисæн кæрон нал уыдис — цавæр къамисы кой кæныс, нæй нæм ахæм хабар, зæгъгæ. Хатдзæгтæ уæ газеткæсджытæ сæхæдæг скæ-нæнт. Афтæмæй уыцы махинатор 2018 азы кæронмæ фæиста тынг бирæ æхцатæ. Йæ сæрылхæцджытæ дæр хуымæтæджы нæ фыстой бæрзонд инстанцитæм, — уый зын бамбарæн нæу.

— Фыдракæнды схемæйы тыххæй нын бæлвырддæр куы радзурис…

— Уый стыр цымыдисаг хабар у, фæлæ йæ сусæгдзинæдтæ æргом кæнынæн рæстæг нæма æрцыд. Фидæны слестæн сæ раргом кæндзынæн йæ рæстæджы — афтæ растдæр у, мæнмæ гæсгæ. Стæй мæ нæ фæнды, цæмæй уыцы адæймагæн æмæ ма йын чи æххуыс кодта, уыдонæн, сæ фыдракæндты фæдтæ фесафынæн рæстæг æмæ фадат фæзына.

2011 азы та 100 милуаны тыххæй куы фехъуыстон, уæд мæ хъуын арц сбадтис. Фыццаджыдæр ахъуыды кодтон, уыцы æхца кæдæм æмбæлыди, уырдæм куы хæццæ кодтаиккой, уæд афонмæ нæ телеуынынад фæстсоветон тыгъдады паддзахæдты телеуынынадты æмрæнхъ æрлæууыдаид. Фыдракæнд та уыди æмæ слест уый æмбæлон барадон æгъдауæй хъуамæ сбæрæг кæна — кæй зæгъын æй хъæуы, æз дæр сын ме ‘ххуысы хай нæ бавгъау кæндзынæн. Абон та мæ фæнды зæгъын æрмæстдæр — æввахс рæстæджы прокуратурæ ацы хъуыддаг æнæмæнг æвзарын райдайдзæн — бирæ документтæ сæм фæзындис.

— Ныртæккæ кæм цæры уыцы адæймаг, цы кусы?

— Куыд зонын, афтæмæй, хорз цæры, ницæмæй хъуаг у. Фæсарæнты, ома, Ныгуылæн Европæйы, Мæскуыйы, Дзæуджыхъæуы йæхицæн æмæ йæ цотæн хæдзæрттæ нылхæдта…

 

Уазæгимæ ныхас кодта Дамбегти Иринæ

Радон номыртæй сæ иуы кæсут интервьюйы кæрон