Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Сырх Æфсады хæстонтæ æмæ командиртæй уацары чи бахаудта, уыдонæй бирæтæ равдыстой сгуыхтдзинæдтæ. Уыцы хъайтартæй иуты сгуыхдзинæдты тыххæй абоны онг дæр зындгонд нæу. Хъайтардзинæдтæ чи равдыста, уыдон ‘хсæн уыд Зæнджиаты Николай дæр. Уый райгуырд 1905 азы. Ахуыр кодта Дигорайы 1-æм астæуккаг скъолайы. Уый фæстæ каст фæцис трактористы курсытæ Дигорайы рабфакы. Хæсты размæйы азты куыста колхозы трактористæй. 30-æм азты йæ цард баиу кодта Хъæдгæроны хъæуккаг Къутæрты Замиратимæ. Фæзынд сын сывæллæттæ Ким æмæ Батраз.

Уый 1941 азы декабры мæйы 31-æм æхсæг дивизийы 177-æм æхсæг полкы æхсæг уæвгæйæ, горæт Сталинойы (Донецк) бахаудта æфсæддон уацайрæгты лагермæ. 1942 азы январь-февралы ныууарыд тынг бирæ мит. Аэродромы стæхæн уадздзаг  асыгъдæг кæныны тыххæй ракодтой уацайрæгты, семæ уыд Зæнджиаты Николай дæр. Æмбисбон сæ немыцæгтæ фæстæмæ акодтой, æмæ сæхæдæг сихор хæрынмæ ацыдысты. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы немыцæгтæ хицæнæй дардтой уацайраг тæхджыты, фæлæ куыддæрты уыдонæй  иу разынд мит асыгъдæг кæнынымæ кæй ракодтой, уыцы уацайрæгты хсæн, кæцыйы æрæмбæхстой миты хъæпæны. Уый рахызт йе ‘мбæхcæнæй æмæ бабырыд  немыцаг бомбæзгъалæн хæдтæхæгмæ, кæцы йемыдзаг уыд бомбæтæй.

Æнæнхъæлæджы уæлдæфмæ стахт бомбæзгъалæн хæдтæхæг. Уацайрæгтæм йæ хъус чи дардта, уыцы немыцаг хæдтæхæджы ауынгæйæ сæрыстырæй загъта: «Уынут, Сталин куклæтæ куы арæзта, уæд Гитлер та арæзта мæнæ ахæм машинæтæ!». Уый куыддæр арвмæ ацамыдта, афтæ хæдтæхæг бомбæтæ калын райдыдта аэродромыл. Цалдæр хæдтæхæджы æмæ стæхæн уадздзаг хъыгдард баййæфтой. Немыцæгтæ сæхи раппар-баппар кодтой аэродромы, стæй йæ æхсын райдыдтой, стæхын кодтой куынæггæнæг хæдтæхджытæ дæр, фæлæ бомбæзгъал хæдтæхæг уæдмæ йæхи бааууон кодта. Атахт Ростовы ‘рдæм. Уацайрæгты банымайгæйæ, рабæрæг иу дзы кæй нæ фаг кæны, уый. Цалынмæ хъуыддаг æвзæрстой, уæдмæ уацайрæгты дардтой мæнгагъуысты уазал æмæ æххор-магæй. Æртыккаг бон сæ ракодтой æмæ сæ дыууæ рæнхъæй слæууын кодтой. Бæрзонд афицер тæлмацгæнæгимæ азылд уацайрæгтыл æмæ  сын карзæй загъта: «Уе ‘хсæн ис коммунисттæ æмæ къамиссартæ, кæцытæ бамбæхстой гермайнаг хæдтæхæджы чи атардта, уыцы уырыссаг тæхæджы. Кæд æмæ йæ фондз минутмæ нæ зæгъат чи сты, уый, уæд æз равзардзæн 25 адæймаджы æмæ сæ марын райдайдзынæн!». Куы ничи басаст, уæд афицер рацыд рæнхъæй чи лæууыд, уыцы уацайрæгтыл æмæ сæ æхсын райдыдта афтæ дзургæйæ: «Дæттын ма уын ноджы фондз минуты æмæ уырыссаг тæхæгæн чи баххуыс кодта, уыдон куынæ басæттой, уæд та ноджыдæр фехсдзынæн 25 адæй-маджы!». Фондз минуты фæстæ афицер рахызт уацайрæгты нымайгæйæ æмæ сын бардзырд радта цæмæй фондз къахдзæфы размæ рахизой. Ныр æнæ тæлмацгæнæгæй йæхæдæг загъта: «Луйс молчайт не хорошо! Ви молчайт, мой убивайт!» æмæ пистолет сæвæрдта фыццаг уацайраджы риуыл. Немыцаг афицер æгъатырæй уацайрæгты кæй æхста, уый тынг бандæвдта Николайыл æмæ хъæрæй загъта: «Ацы фашист алкæйы дæр фехсдзæн! Цæйнæфæлтау иууылдæр амæлой, фæлтау иунæ-гæй амæлын хуыздæр у!». Уый нал бафæрæзта æмæ рахызт размæ афтæ хъæргæнгæ: «Хватит, гадина! Не стреляй! Это я помог ему убежать на вашем самолете!». Ахæм уæндон къахдзæф ауынгæйæ, немыцаг лæгмар æруагъта йæ пистолет, сындæг къахдзæфтæй бацыд Зæнджиайы фыртмæ æмæ йæм сæрæй бынмæ æркаст. Уый фæстæ йæ бафарста: «Ти ешст кто? Как твой имя?». Николай йын къæйных дзуапп радта: «Красноармеец. Красноармеец Зангиев». Немыцаг сфæлхатт кодта: «Ти ешст коммунист?». Уыцы фарстæн дæр та йын Николай къæйныхæй сдзуапп кодта: «Да, сволочь! Я есть коммунист! Я есть комиссар!». Ахæм ныхæстæ дзургæйæ, йæ уæлæ цы лæзæрд гимнастеркæ уыд, уый аскъуыдта. Алкæмæндæр æнæнхъæлджы йæ риуыл  татуировкæтæ Ленин æмæ Сталины нывтимæ.

Лæгмар лæмбынæг бакаст татуировкæтæм, стæй йæ къухтыл скодта сæракæй æрмкъухтæ, иу къахдзæф фæстæмæ алæууыд æмæ æппæт тыхтæй ныццавта Николайы цæсгом. Зæнджиайы фырт фæцудыдта, фæлæ хаугæ нæ акодта, лæууыд къахыл. Афицер та ногæй бафарста ныр тæлмацгæнæджы æххуысæй: «Чи атардта немыцаг хæдтæхæджы? Ды йын иунæгæй баххуыс кодтай? Чи сты иннæтæ?. Николай загъта: «Уæ хæдтæхæг уын атардта Иван, уырыссаг Иван! Мах ын баххуыс кодтам. Фæлæ мæнæй дарддæр иннæтæн ницыуал сараздзынæ! Мæ-нæ сты иннæтæ!» æмæ ацамыдта мард уацайрæгтæм, кæцытæ хуыссыдысты митыл. Уыдонмæ бакæсгæйæ, афицер скомандæ кодта æмæ салдаттæ Николайы акодтой комендатурæмæ. Зæнджиайы фырты куы фæцæйкодтой, уæд фæстæмæ фæзылд йе ‘мбæлттæм æмæ сæм иронау фæхъæр кодта: «Æз Дигорайæ дæн, Зæнджиаты Бæппуйы фырт Микъала! Сымахæй исчи сæрæгасæй кæд баззайа æмæ ма йæ Райгуырæн бæстæйы дон баназа, уæд  зæгъæт мæ мадæн, цæмæй  мауал æнхъæлмæ кæса йæ фыртмæ!».

Иу къуырийы фæстæ æхсæвы æрбатахт æнæзонгæ хæдтæхæг, кæцы ныппырх кодта немыцаг комендатурæйы. Уацайрæгтæ афтæ фенхъæлдтой, зæгъгæ, уый сарæзта уыцы тæхæг, кæцы уый размæ атардта немыцаг хæдтæ-хæджы. Ацы цаутæ йæхи цæстæй чи федта, уый – фидæны Ирыстоны адæмон поэт Хъайтыхъты Азæмæт баззад сæрæгасæй æмæ алыгъд лагерæй. Дигорæмæ æрцæугæйæ, уый Зæнджиаты Саломейæн радзырдта йæ фырт цы сгуыхтдзинад равдыста, уый тыххæй. Зæронд усы цæсгомыл æртагъдысты цæссыгтæ, фæлæ йæхи баурæдта æмæ не скуыдта. Æрмæст бахатыд Азæмæтмæ, цæмæй Николайы цардæмбал Зæнджиаты-Къутарты Замиратæн мацы зæгъа. Фæлæ уый уæддæр цалдæр азты фæстæ базыдта йæ цардæмбал куыд æмæ цы уавæрты амард, уый тыххæй. Николайæ хъауджыдæр уый фæцард бирæ æмæ амард 2002 азы. Зæнджиаты Николай нæдæр коммунист уыд æмæ нæдæр къамиссар, фæлæ уыд рæнхъон сырхæфсæддон. Ирон лæг мæлæтæй нæ фæтарст, афтæмæй йæ цард нывондæн æрхаста иннæ уацайрæгты аирвæзын кæныны сæраппонд.

Æрмæг бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.