Нæ рагфыдæлтæй нын хорзæй цы баззад, уыцы бирæ хæзнатæн сæ сæйрагдæртæй сты ирон æвзаг æмæ фыдæлты æгъдæуттæ. Махæн стыр æхсызгондзинад æрхæссы, æхсæнадон бынæтты кæстæрты æхсæн ирон æгъдау куы фенæм,  уæд.  Фæлæ нæм ис, ирондзинад йæ къæхты бын чи ссæнды æмæ афтæ чи хъуыды кæны, æз æнæ ирон æгъдауæй дæр фæцæрдзынæн, зæгъгæ, ахæмтæ дæр. Уыдон æй æмбаргæ дæр нæ кæнынц, сæ сомбон талынг æмæ æвæд кæй уыдзæн, уый.

Ирон фынг дæр у хъомылады фæрæз.  Фæлæ фынджы æгъдау бынтон ныггæлиртæ вæййы. Æмæ уæд, кæрæдзийы хорз чи зоны, ахæмтæ иуцалдæрæй иумæ фæкъорд вæй-йынц, сæхицæн æндæр фынг равзарынц (уæлдайдæр та – ресторанты) æмæ тагъдгомау сæ хъуыддæгтæ акæнынц, кæрæдзийæн нуазæнтæ авæрынц, стæй фестынц æмæ федде вæййынц. Фынгыл сæр æмæ бæрзæйы цур хистæртæ бадынц æви нæ, чындз æрбацæудзæн, уый сæм нымады дæр нæ вæййы.

Афтæ рауайы, æмæ фынджы хистæртæ æртæфондзæй баззайынц æмæ сæхæдæг свæййынц арфæгæнæгдæр дæр, кувæг дæр æмæ омменгæнæг дæр. Æгъдаумæ гæсгæ та хъуамæ фынгыл бадæг адæм срæсугъд кæной чындзы æрбацыд. Хъуамæ йæ заргæ æмæ фæндырæй  цæгъдгæ бакæной хистæрты размæ, йæ хуын ын æрæвæрой сæ разы æмæ йын уæздан хистæр  арфæ  ракæна, кæстæртæ та  хъуамæ иууылдæр лæугæйæ «оммен» кæной. Уымæй уыдон,  фыццаджыдæр, сæхицæн кæнынц кад. Дыккаджы та, ног бинойнаг Сæрызæды бынмæ æркуывта æмæ йын нымд, кад кæны. Хуынды ирон лæг ацæуы, цæмæй йæм чи фæдзырдта, уыцы буц фысымы циныл бацин кæна.

Цин æмæ хъыг æфсымæртæ сты. Алчидæр нæ хъуамæ хъуыды кæна ууыл, æмæ бинонтæ кæй сты уæззау уавæры, сæ фарсмæ кæй хъæуы æххуысимæ æрбалæууын æмæ сын сæ уæззау хъыг фæрогдæр кæнын. Ирон адæммæ уыцы æгъдау фыдæлтæй баззад, бахъуаджы рæстæг кæрæдзийы фарсмæ æрбалæууынц. Æцæг ирон лæг искæй хæдзармæ хæрд æмæ нозты фæдыл никуы цыди. Фæлæ уыцы хорз æгъдау, ууыл дзурæг нæу, æмæ фынгыл цы хойраг ис, кæй æрцæттæ кодтой, уыцы фынджы бæркадмæ æвналгæ дæр ма бакæн. Ау, уæдæ  сæ цæмæн æрцæттæ кодтой? Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон æгъдау амоны афтæ. Фæлæ дæ хъуамæ рох ма уа, фынджы кæстæртæ буц хистæртæм кæй кæсынц æмæ уыдоныл кæй ахуыр кæнынц, сомбон сæ сæхи куыд дарын хъæудзæн æмæ сæ фыдæлты æгъдау дарддæр куыд ахæссын хъæудзæн, уый.

Арæх фехъусæн вæййы ахæм ны-хæстæ: «Мах абон цæрæм æндæр рæстæджы, ног дуджы. Нæ рагон æгъдæуттæ хъуамæ рæстæгимæ иумæ фесæфой». Кæд уый раст хъуыды у, уæд  цавæр æгъдаумæ хъуамæ æнхъæлмæ кæсæм дарддæр та, нæхи рæсугъд æгъдæуттæ рæстæгимæ куы фесæфой нæ райгуырæн ирон зæххæй, уæд? Цæмæй искæцы адæмыхатт фесæфа, уый тыххæй йын фесаф æрмæст йæ мадæлон æвзаг, йæ культурæ, йе ‘гъдæуттæ æмæ  бынсæфт фæци.

Ацы куырыхон зондимæ æнæ сразы уæвæн нæй. Уымæн æмæ зæххыл цыдæриддæр зайæгойтæ ис, бæласæй, дидинæгæй, кæрдæгæй, уыдонæн сæ уидæгтæ фидар æмæ до-нæй æфсæст куы нæ уой, уæд нæ дæттынц адджын дыргътæ, зæрдæйæн æхсызгондзинад чи хæссы, ахæм дидинджытæ дæр æмæ бахус вæй-йынц. Адæймагæн дæр йе ‘взаг æмæ æгъдау сты йæ уидæгтæ, æмæ уыдон фидар куы нæ уой, уæд зæхх мæгуыр кæны. Адæмыхатт та сæфтмæ цæуы.

Стыр æхсызгонæн фехъусæн вæййы ахæм ныхæстæ: «Мæнæн зынаргъ у мæ райгуырæн зæхх, мæ Иры зæхх». Кæд æцæг нымайыс дæхи Ирыстоны хъæбулыл, уæд уыцы стыр уарзондзинад дæ бон цæуылнæ у адæмы хорздзинадæн раттын? Дæ бирæ  хъуыддæгтæй, стыр сгуыхтдзинæдтæй  фидар хæц дæ ирондзинадыл, æмæ уымæй равдисдзынæ де ‘нæкæрон æнувыддзинад дæ фыдызæхх æмæ дæ рагфыдæлтыл. Уымæн æмæ дæ удыхъæд, дæ миддуне иууылдæр æвдыст цæуынц уыцы миниуджыты. Абон цы кад кæныс дæ рагфыдæлтæн, уыцы кад дын дæ кæстæртæ кæндзысты дæ райсомы бон.

Ирыстоны бирæ ис, нæ ирон æвзаг, нæ кадджын æгъдæутты сыгъдæгдзинад цæмæй бахъахъхъæнæм, ууыл зæрдиагæй чи архайы, ахæм æцæг ирæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ-нæн уыдон се ‘ппæты ранымайын нæу мæ бон, фæлæ ирон адæммæ æмбисондæн баззад: адæмы цæст уынаг у, Цæстæй кæй нæ феной, уый хъусæй фехъусдзысты. Абон нæ ирондзинадыл зæрдиагæй чи кусы, уыдон афтæ æнхъæл ма уæнт, уынæг сæ нæй, бирæ сты. Ам мæ зæрды æрхæссын РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы ныхæстæ:

«Дзургæ æмæ хъуыды мадæлон æвзагыл чи нæ кæны, йæ райгуырæн уæзæг, фыдæлты æнусон куырыхондзинад æмæ равзæргæ уидæгтæ арф чи не ‘нкъары, уыцы карджын адæм æмæ фæсивæд хъуамæ ироныл сæхи ма нымайой!»

Ирыстоны не ‘гъдæутты кад æмæ фидардзинадыл иудадзыг чи кусы, йæ хъару æмæ йæ зонд  нæ сомбоны фæлтæры хъомыладæн чи нæ æвгъау кæны, уыдон сты Хуыцауæй арфæ-гонд адæм. Сæ удуæлдай фыдæбон ирон ныййарджытæн, мадæлон æв-загæн ирон литературæйы ахуыргæнджытæн вазыгджын у, уыдоны фæрцы ма ирондзинад, мадæлон æвзаджы хъомыс иучысыл змæлы.

Ирон ныййарджытæй, хъыгагæн, бирæтæ скъолайы директортæм лæбурынц, домынц, цæмæй сын сæ сывæллæтты ирон уроктæй ссæрибар кæной. Худинаг, ирон ныййарджытæ! Дунейы ахуыргæндтæй ирон æвзагыл диссертацитæ чи фыссы, сæхицæн дыккаг æвзагæн ирон чи равзæрста, уыдоны раз сымахæн, ирон ныййарджытæн, худинаг æмæ аллайаг, мадæлон æвзаг æнæуынон кæмæн ссис!

Нæлгоймаг-иу саргъы бæхæй æр-хызт  сылгоймаджы кадæн. Дыууæ туджджыны-иу карз тохы куы бацыдысты, уæд-иу сылгоймаджы кæлмæрзæн баурæдта тугныккалд. Ныхасы тæрхоны лæгтæ-иу сылгоймаджы кадæн уырдыг слæууыдысты.

Ныййарæг мады хæрзтæ бирæ сты, зæхх йæ къухты рæвдыдæй бæркад дæтты, цард йæ зонды фæрцы хорзæхджын кæны. Мад Иры хъæбулты амондæй амондджын у, риуыдзагæй æнцонæй улæфы.

Æвæццæгæн, ахæм адæймаг нæ уыдзæн, мады ном фехъусгæйæ, йæ цæсгом кæмæн нæ фæрухсдæр вæййы, йæ зæрдæйыуаг хурварс кæмæн нæ абады, æнцон æнкъарæнты циндзинад кæмæн не ‘рхæссы.

Сылгоймаг у сæууон хурау худæндзаст хæрзгæнæг, кувæндон æмæ аргъуан. Ныййарæг мады кад бæрзонд систой дунейы  фысджытæ, поэттæ, нывгæнджытæ, композитортæ, зарæггæнджытæ.

Зындгонд ромаг Марк Туллий Цицерон йæ фæстагæттæн фæдзæхста: «Ныййарджытæм уарзондзинад у æппæт хорздзинæдты бындур».

Номдзыд францаг фыссæг Пьер Беранже дзырдта: «Мады зæрдæ у æвидигæ суадон. Мады рæвдыд у уалдзыгон хурау, йæ хъæлæс та Уæлахизы тырысайы хуызæн, уый нын дæтты ныфс, нæ царды фæндæгтыл цæугæйæ». Уырыссаг стыр фыссæг, гуманист Максим Горький мады тыххæй загъта: «Мады фæлгонц, йæ уаз ном æдзух сты нæ хъахъхъæнæг, нæ сæууон стъалытæ. Дунейы æппæт сæрыстырдзинад дæр мадæлтæй цæуы. Æнæ хур дидинджытæ нæ райхæлынц, æнæ уарзондзинад амонд нæй, æнæ мад  уарзондзинад нæй. Æнæ мад нæй нæдæр поэт, нæдæр хъайтар, нæдæр адæм, уымæн æмæ мад у не ‘ппæты ныййарæг».

Кад, цыт царддæттаг мад, фыдæлты фарн æмæ намысæн!

Гуылæрты Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.