Æрдз у нæ дарæг. Ирыстоны æрдз кæддæриддæр адæмæн лæггад кæндзæнис, сæ зæрдæтæ сын рæвдаудзæнис йæ рæсугъд уындæй, йæ хъæздыг къæбицы бæркæдтæй сын хай кæндзæнис, æрмæст ыл хъæуы аудын, хæдзардзин цæстæй йæм кæсын, æрдзхортæй йæ хъахъхъæнын.

Ахæм æрдзхортæ разындысты нæ фыдæлты рæстæджы авд цуаноны. Æрдз рæсугъд, рæдау куыд у, æгъатыр дæр афтæ у. Алцæмæн дæр ис фæтк æмæ æгъдау. Хуыцау нæ бары цы дæм æмбæлы царды, уымæй фылдæр куы агурай, уæд. «Æгæргæнæг æгæр кæны» – зæгъы ирон æмбисонд. Нæ ныххатыр код-та авд цуаноны фыдракæнд æрдз æмæ æлгъыстаг фæци Гæналдон цæрæнбонтæм.

Хъолайы цъити фезмæлыдис æртæ хатты. 19-æм æнусы 1902 азы, стæй 1963 азы æмæ 2002 азы. 2002 азы 20 сентябрь Ирыстоны историйы баззайдзæн æбуалгъ фыдбæллæхы цауы бонæй. Уыд къуырийæн йæ фæстаг кусгæ бон, майрæмбон, æмæ адæм æрлæууыдысты сæ хъуыддæгтæ æххæст кæнынмæ: чи йæ куыстмæ, чи йæ ахуырмæ цыдис, чи та улæфты бонтæ хъæлдзæгæй арвитыны охыл йæ хъуыдытæ нывæзта. Æмæ ахæм рæстæг та адæймаджы хæхтæй хуыздæр чи сбуц кæндзæн. Фæлæ хæхтæн æгæрон у сæ тых, зонынц адæймаджы барæвдауыд дæр, бафхæрын дæр. Æмæ сын куы уаит цæстытæ, куы зониккой дзурын, уæд сæ бафæрсиккам, æнусты мидæг сæ дæлбазыр æууæнкджынæй чи цæры, уыцы зæрдæхæлар, сабыруарзаг адæмыл цæмæн ауылæн кодта Джимарайы хохы сау зæй.

Æвæджиау бирæ цыдæртæ бавзæрста Ирыстон раджы дæр æмæ абоны дуджы дæр: фыдтымыгътæ, гадзрахатдзинад сыхаг адæмтæй, хорздзинадæн – фыдæх, быныскъуыдæй тас. Афтæмæй та нæ æртыкъахыг фынг алкæйдæр хынцы, зæрдæйы хорзæхæй алкæйы дæр рæвдауæм. Нæ рæдаудзинад айхъуыст дæрдтыл.

Ирон адæмæн рагфыдæлтæй баззадысты хъæбатырдзинад, фæразондзинад, ныфс æмæ райгуырæн бæстæйыл æнувыддзинад. Тых тыхы куы саста, уыцы заман дæр сагсур фæсивæд лæгагур никуыдæм цыдысты.

Уыцы фарн цæры абон дæр. Æхсар æмæ хæстон намыс æнæ хсысгæ суадонау цæуынц иу фæлтæрæй-иннæмæ. Ног дуджы схастой ног фæлтæр сæ рæз æмæ хъахъхъæнынц нæ адæмы удварны хæзнатæ. Бахъуыды рæстæг фæсте не рлæудзысты, нæ фегад кæндзысты фыдæлты сыгъдæг ном.

Алы адæймаг дæр фæззæджы æнхъæлмæ фæкæсы йæ афæдзы куысты бæркæдтæм. Ирыстоны дзыллæтæн та ныры рæстæджы фæззæджы фыццаг бонтæ дæр бæркады бæсты фыдох æрхастой.

2004 азы 1-3 сентябры Ирыстоны адæмыл æрцыди стыр национ трагеди. Беслæны горæты цæрджытæй 1200 фылдæры басыгъта, зæххыл чи никуыма уыд, ахæм æвирхъау фыдракæнды азар. Æппæт дунейы дзыллæтæн дæр сæ зæрдæтæ фæрыстысты аланты бæстæйы уыцы стыр бæллæхыл.

Цымæ цæмæн равзæрста хъысмæт фыдохы бонтæн фæззæджы хъармдæр райдзастдæр рухæны мæй – сентябры?

Цæмæн бахъавыдысты лæгсырдтæ сæ æгæнон сау фæндтæ ацы мæй æххæст кæнынмæ? Уы-цы фыдбоны фыдвæззæг цыфыддæр знаг бахъавыд нæ зæрдæйы уидæгтæм, нæ сабитæм, нæ абон, нæ райсом, нæ фидæны хурыскасты хурты-хуртæм.

Æппæт дунейы историйы бирæ æрцыд хæстытæ, фыдракæндтæ, фæлæ дзы Бесланы æвирхъау фыдбылызы хуызæн нæ уыд. Ирон лæг алцæмæн дæр бабыхста, фæразон разынд. Фæлæ йæ Бесланы фыдракæнд фæцудын кодта, йæ цæстытыл фæзынд цæссыг, нæлгоймаджы цæссыг!

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.