Хæст æгъатыр у, фыдбылызхæссæг, канд адæймаджы цард нæ байсы, йæ бирæ фæндтæ æмæ рæсугъд хъуыдытæ йын нæ фескъуыны. Хæсты азарæй пырх æмæ дæрæн æрцæуынц, дæргъвæтин рæстæджы æмбæстæгтæ цæуыл фæфыдæбон кæнынц, уыдон дæр. Фæлæ уæддæр сабыруарзаг адæймаджы хъуыдытæ сты, цæмæй йæ сомбоны цард æрнывыл уа, йæ цард æрвита æмæ фæллой кæна сабыр арвы бын.

Хæсты æвирхъау цаутæн Хуссар Ирыстоны адæм сæхæдæг уыдысты æвдисæн, зæрдæйæ никуы сæфтдзысты йæ тухитæ æмæ мæлæтхæссæг нывтæ. Фæлæ уæддæр царды сконд афтæ у, æмæ æдзух зæрдæмæ хъусын хорзæй ницы æрхæсдзæн, фæхъæуы счъилдысæй æвналын адæмон хæдзарады æппæт къабæзтæ дæр ногæй сæндидзын кæныныл. 2008 азы августы хæст нæ республикæйæн æвирхъау бæллæхтæ бавзарын кодта. Адæм æнхъæл дæр нал уыдысты, ахæм пырх æмæ сыгъд хъæутæ æмæ горæт сæ хуыз тагъд рæстæджы фæивдзысты, уый. Фæлæ Стыр Уæрæсе нæ сабыруарзаг адæмы рохуаты нæ ныууагъта, æмæ йæ зæрдиаг æххуыс æмæ аудындзинад банкъардтам æмæ абон дæр æнкъарæм. Æрмæст горæты уынгтæй цас сырæзт æмæ рæзы, уый кæуылты хъуыддаг у.

Цалдæр азы размæ хæрзарæзт цы уынгтæ æрцыдысты, уыдон нымæцмæ хауы Октябры уынг дæр. Советон дуджы дæр йæ аивдзинадæй рухс кодта цæрджыты зæрдæ. Фæлæ, хъыгагæн, фæстаг хæсты рæстæджы йыл сæ тых æнæвгъау бавзæрстой гуырдзиаг тыхгæнджынтæ æмæ йæм бакæсын дæр адæймаджы цæст уарзгæ дæр нал кодта. Фæлæ уæддæр аразджытæ бакодтой хъаруджын æмæ æнæзæрдæхудт куыст æмæ ногæй рафидыдта ацы уынг. Æмбæстæгтæ ныр ацы уынгыл цæугæйæ, исынц æхцондзинад æмæ бузныг зæгъынц, чи йыл фæфыдæбон кодта, уыдонæн. Фæлæ, хъыгагæн, цæрджыты циндзинад иуæй-иутæ мурмæ дæр нæ дарынц æмæ се ‘нахъинон митæй фыдаудæн кæнынц ацы уынджы аивдзинадæн. Хорз у, изæрыгон ам дæ зæрдæйы дзæбæхæн атезгъо кæнын, кæуыл æмбæлыс, уыдоны рухс цæсгæмттæ уынын. Æцæгдæр, куыддæр æхсæв йæ бартæ райсы, афтæ рухсытæ сæрттивынц, æмæ уый кæуылты хорз хъуыддаг у. Фæлæ уыцы хорздзинад бирæты зæрдæмæ нæ цæуы æмæ барæй цъæл кæнынц цырæгътæ, сæ тых æвзарынц цæджындзтыл.

Цалдæр боны размæ Модæты ательемæ æввахс сыхаг лæппутæ цалцæг кодтой, уый размæ фыдгæнджытæ сæ тых цы рухсы цæджындзыл бавзæрстой, уый. Ам ма ис бандæттæ дæр æмæ æмбæстæгтæн сæ бон у бæрзонд нæзыты бын сатæг уæлдæфмæ аулæфын, дæ абадын. Кæд дæм исты брон ис, уæд æй ныппар, æввахс дæм цы быронкалæн асыкк ис, уым. Фæлæ бирæтæ сæхицæн фыдæбоныл нымайынц æмæ асыччыты фарсмæ асфальты хъæбæрыл æхсынæнты цъæрттæ, тæнгъæды мигæнæнтæ, алыгъуызон гæххæттытæ æмæ æндæр ахæмтæ. Цы бандæттыл фæбадынц, уыдоныл та ныридæгæн райдыдтой сæ тых æвзарын.

Ацы уынджы цæугæйæ ма цæсты хауы уый дæр æмæ иуæй-иу хæдтулгæты сæ хицæуттæ кæй бауромынц афтæ, æмæ дзы фистæгæй цæуæгæн ахизæн дæр нал вæййы. Фистæгæй цæуæг æмбæстæгтæ тынг тыхсынц æмæ æдæрсгæйæ нал цæуынц, Октябры уынджы 12-æм хæдзары раз тротуары хъæбæрыл цы æртæ куыдзы ныддæргъ вæййынц, уыдон тæсæй. Амæйразмæ мын цалдæр æмбæстаджы рахъаст кодтой, сæ тасæй ууылты цæуынмæ кæй зивæг кæнынц, уый тыххæй. Сæ ныхас мæ тынгдæр бауырныдта, æрæджы мын мæхи дæр куы æристой, уæд. Сыхаг сылгоймаг дæр мын рахъаст кодта, æхсæв-бонмæ сæ рæйынæй кæй не ‘нцайынц, æгъуыссæг сæ кæй кæнынц, уый тыххæй. Адæймаг та хъуамæ аргъ кæна йæ сыхагæн.

Рæсугъд æмæ фидыцджын у Октябры уынг, уый нæхи иумиаг цæуæн улæфæн, тезгъогæнæн бынат у æмæ йын йæ аивдзинад хъуамæ хъахъхъæнæм, аудæм ыл.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.