Хуыцаубоны, 3-æм сентябры, Хуссар Ирыстоны фæстаг хæрзбон загътой Бесаты Георгийæн (Гога). Уый хъæбатырæй фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы. Гога уæрæсейаг æфсады сконды фыццаг бонтæй фæстæмæ хайад иста Донбассы республикæты сæрибардзинады сæрыл хæстон архайдтыты.

Скъолайы фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Тюмены областы æфсæддон ахуыргæнæндоны. Кадетон скъолайы амыдта æфсæддон профессийы сусæгдзинæдтæ. Уый фæстæ службæмæ бацыд Уæрæсейы 4-æм æфсæддон базæмæ. Цæцæны службæ кæныны рæстæджы дæр йе ‘фсæддон хæс æххæст кодта цæсгомджынæй. «Абон йæ фæстаг фæндагыл фæндараст кæнæм Уæрæсейы æфсады æцæг хъæбатыр хæстоны. Георги мæлæтæй нæ тарст. Удуæлдайæ тох кодта нацистты ныхмæ, æвдыста æнахуыр æхсардзинад. Хъыгагæн, хъæбатыр хæстоны цард аскъуыдта знаджы ракетæ. Нал ын бантыст дарддæр царды йæ хорз фæндтæ ныббиноныг кæнын», – дзырдта фыдохы митингы йе ‘мслужбæгæнджытæй иу.

Бесаты Георгийыл цыд 33 азы. Сидзæрæй баззад йæ 4-аздзыд фырт. Кæугæйæ ныууагъта йæ бинонты, йæ цардæмбалы.

РХИ-йы Президент Гаглойты Аланы Барамындæй хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæ-жы» майданæй йæ амæлæты фæстæ.

Рухсаг у!

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.