Сæдæ фынддæс  азы размæ, Джиуæргуыбайы мæйы фондз æмæ ссæдзæм боны, Сыгъдæг Уастырджимæ кувæн бонты, Цæгат Ирыстоны Зæронд Бæтæхъойы Плиты Алыксандр æмæ Аминæтæн а-дунемæ фæзындис  цæ-рæццаг кæстæр.  «Цæринаг æмæ уын амондджын гуырд расгуыхæд». «Афицер лæг цы суа, æмæ Ирыстонæн цы скад кæна, уыйбæрц амонд æй уæд!» – лæппуйы куывды алырдыгæй хъуыстысты адæмы арфæтæ.  Стæй номæвæрæг дæр ракуывта, стæй сабийы йе уæхскмæ сыппæрста æмæ сахъ нæмттæй иу ном равзæрста. Фидæны сагсуры рахуыдтой Иссæ. Ирон адæм ныр дæр æмæ æнусты дæр сæрыстыр уыдзысты Иссæйæ. Чи уыдис æнхъæл, сидзæр æмæ æххормаг, кæддæры уæлыгæс лæппу номдзыд æмæ кадджын æфсæддон раздзог суыдзæнис, уый.

Зын фадæтты рæзт чысыл Иссæ. Скъоламæ цæуынхъом куы фæцис, уæд ахуыр кодта æнæзивæгæй. Кæд бæгънæг æмæ æххормаг æййæфта, уæддæр тырныдта зонындзинæдтæм. Цух нæ уыдис ирон хæдзары уæззау куыстытæй дæр. Зылд хæдзары фосмæ, хъæдæй ласта суг, цыдис фыййау, æххуыс кодта йæ фыдæн. Искæй-иу хорз саргъы бæхыл бадгæ куы федта, уæд-иу йæхимид ныккæрзыдта, йæхицæн-иу бынат нал ардта, иуран æрбадт-иу ын нал уыдис.

Хъæуы кæнæ иу æндæр ран искуы дугъ куы уыд, уæд уый Иссæйæн уыд бæрæгбоны хуызæн.

Хъæууон скъолайы æртæ къласы каст фæуыны фæстæ йын фадат нал уыд йæ ахуыр адарддæр кæнынæн. Уастæн цы загъдæуа мæгуырдзинадæн! Уæдмæ бинонтæ аст баисты æмæ сын ницыуал фаг кодта, мæгуырæй-мæгуырдæр кодтой. Уыцы рæстæджы æрбайхъуыст, Америкæйы, дам, æхца бакусæн ис. Бинонты хистæр дæр йæ хъæубæстæй цалдæримæ араст сты дард, æцæгæлон бæстæмæ. Цæугæ бæргæ фæкодта, йæ бинойнаг Аминæтæн ныфсы ныхæстæ бæргæ æвæрдта, фæлæ йын фæстæмæ æрыздæхын нал бантыст. Зæрдæхалæн хабар æрыхъуыст дард бæстæйæ: мæгуырдзинад фесафыны мадзæлттæ агурæг, цардмæ бæллæг америкæдзау Алыксандр фæмард шахты хуылфы – ныккалд ыл къæдзæх. Æнхъæлцау бинонтæ баззадысты сидзæрæй.

1922 азы Иссæ барвæндæй бацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм. Куы базыдта, Ленинграды бæхджын æфсады командиртæ цæттæгæнæн скъола кæй ис, уæд йæхи арвитын кодта уырдæм. Кадджын уыд ирон лæппу йæ ахуырмондагæй, йæ фидар æфсæддон æгъдауæй. Стæй йын куыд диссаджы хъуытаз хъæлæс уыдис, куыд рог æмæ аив кафыдис! Бæхыл бадынмæ та йыл тых ничи кодта. Нæ йын уыдис æмбал дугъты æгас кавалерион скъолайы.

Йе ‘фсæддон службæйы бирæ къæпхæнтыл схызт Плийы фырт. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хæдразмæ каст фæцис М.В. Фрунзейы номыл æфсæддон Академи æмæ Генералон штабы Академи. Ам æй æрыййæфта хæст дæр. Уыцы аз июны нысан æрцыд кубайнаг хъазахъхъæгты дивизийы командирæй.   Стыр æмæ дардмæуынаг стратег тырныдта, бæрзонд мобилизациондзинад кæмæ уыдаид, ахæм хæстхъом организм саразын, бæхджын æфсад æмæ танктæ баиу кæнынмæ. Æмæ сарæзта бæхджын-механизацигонд къорд. Мингай километртæ рацыд Иссæ бæхджын æфсад æмæ танкисттимæ хæсты тæссаг фæндæгтыл. Йæ лæгдзинад æмæ æхсардзинады тыххæй хæстонтæ уарзтой сæ командиры. Инæлар кæддæриддæр уыдис разæй. «Уацары, мыййаг, ма бахауæм», – фæдзæхстой иу æй йæ хæдивджытæ. Фæлæ Иссæ йæ кæнон кодта. Уый æмбæрста, командагæнæг разæй куы уа, уæд уый ныфсы хос у хæстонтæн. Фронты та бамбæхсæн ницæмæн ис, æппæт дæр у, куыд армытъæпæныл. Зæрдæхæлар æмæ комкоммæ, карз æмæ домаг, аудæг командирæй зыдтой Плийы фырты Сталинæй райдайгæйæ суанг рæнхъон хæстоны онг. Бирæ, тынг бирæ сарæзтой йæ хæстонтæ тохы быдыры.

Стыр хъæбатырдзинад равдыстой Мæскуыйы сæрыл тохты инæлар Доваторы бæхджын æфсады дæл-хæйттæ. Уыцы æнтыст къухы бафтыд 50-æм бæхджын дивизийы  командир булкон Плиты Иссæйы фæрцы. Уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд инæлар-майоры ном. Мæскуыйы алы фарс стыр хæстытæ ноябры мæйы бахæццæ сты сæ тæккæ карзмæ. Сырх Æфсад ам равдыстой стыр хъæбатырдзинад æмæ асастой знаджы астæумагъз. Волокаламскы фæндæгтыл тугуарæн хæстыты фæстæ дивизийæн лæвæрд æрцыд гвардионы ном, Иссæ йæхæдæг та хорзæхджын æрцыд Ленины орденæй.

Афтæ бонæй-бонмæ, æнæрулæфгæйæ, кубайнаг хъазахъхъæгты 50-æм бæхджын æфсæддон дивизи карз тох кодта немыцаг-фашистон æфсæдты ныхмæ æмæ хъахъхъæдта советон Райгуырæн бæстæйы столицæ Мæскуымæ бацæуæнты, советон зæххы алы уылынг дæр. Дардыл уыдысты фондз азы ирон инæлары тохвæндæгтæ, фæлæ мæ фæнды иу цауы тыххæй радзурын.

Сталинград æмæ Кавказы фæстæ стыр хæсты фæзынд ахсджиаг ногдзинæдтæ. Уыдонæй иуы автор уыд Иссæ йæхæдæг. Уый йæхи фæлтæрддзинады бындурыл снывæзта бæхджын-механизацигонд къорд саразыны план. Йæ фæндыл ын сразы сты Генералон штабы дæр. Размæбырсты ахæм æфсæддон хæйттæ хъуыдысты тынг æхсызгон знаджы хъахъхъæнынад чъылдымæрдыгæй пырх кæнынæн æмæ сурынæн.

1944 азы уалдзæджы, Сталинграды фæстæ Гитлер сфæнд кодта не ‘фсадæй йæ маст райсын. Æрæмбырд та кодтой ног тыхтæ.  Немыцæгты ныфс уыдис, размæ кæй абырсдзысты æмæ Сырх Æфсады хæйтты кæй ныппырх кæндзысты, уымæй. Фæлæ Плийы фырты бæхджын-механизацигонд корпус уыцы аз 5-6 мартъийы æхсæвы Ног Бугмæ æввахс байгæрста знаджы æртывæр фронт æмæ боны цъæхтæм ахызт йе ‘ппæт æфсадимæ немыцы фæс-чъылдымы оперативон фæтæнтæм. Зын банымайæн сты, уыцы æхсæв немыцы салдæттæ, афицертæ æмæ инæлæрттæй советон хъазахъхъæгты æхсаргæрдтæ цал мины скарстой, уыдон. Ныппырх сын кодтой сæ фæсауæрцтæ, техникæ æмæ сæ бауагътой стыр тас. Уыцы бон Совинформбюройы хъусынгæнинæгты  фехъусынчындæуыд Плийы æфсады сгуыхтдзинады тыххæй.

Фондз азы уæззау хæстон фæндæгтыл рацыд Иссæ йæ хæстонтимæ. Уымæн йæ тохы фæндæгтæ  уыдысты Мæскуыйæ Сталинградыл, æппæт Украинæйыл, Молдавийыл, Цæгат Беларусы тар хъæдтæ æмæ цъыфдзæстытæ, Румыныл, Чехославакийыл, Балатоны цадыл, суанг немыцаг Мюнхенмæ. Уæлахизхæссæг майы æппæт дунейы адæмтæ хæсты фæудыл куы цин кодтой, уæд Плийы фырты гвардион корпустæ та тугкалæн тох кодтой фельдмаршал Шернеры æфсæдты ныхмæ.

Иссæ йæ дæлбар æфсады разæй цыдис хъæдгæмттæ, бæстытæ æмæ контузигондæй, уый нæма æвдæлдис йæ цæфтæ дзæбæх кæнынмæ. Æмæ, мыййаг, фыццаг хатт афтæ куынæ уыд. Украинæйы йæ номхæссæн рейды фæцæф йæ сæр, фæлæ йæ рахъæр кæнын нæ бауагъта: ома, зæрдæсæттæн уыдзæнис йæ хæстонтæн – æндæр ницы пайда радтаид. Иссæ нæ ныууагъта йæ гвардионты сахаты бæрц дæр искæй бар. Уымæй ноджы тынгдæр æмæ арфдæрæй равдыста йе ‘нæкæрон хъæбатырдзинад, йæ æвидигæ уарзондзинад йæ хæстонтæм æмæ Райгуырæн бæстæм.

Европæйы хæст æрæнцад. Фæлæ сабыр нæ уыдис  Дард Хурæскæсæны. Æмæ та Советон хицауад бардзырд радта нæ инæларæн. Уыцы аз августы мæйы райдианы советон æмæ монгойлаг æфсад райдыдтой иумæйаг операци Квантуйнаг стыр æмæ тыхджын æфсады ныхмæ. Гобийы быдыртæ æмæ Хинганы хæхтæ æвдисæн уыдысты не ‘фсады хъæбатырдзинадæн. Дард Хурæ-скæсæны хæст куы райдыдта, уæд америкæйаг хæстон дæснытæ дзырдтой: советон æфсæдты Квантуны æфсады басæттын æмæ йæ фидæрттæ рбай-сынæн бахъæудзæн афæдз, æппынкъаддæр – æхсæз мæйы. Фæлæ дæс бонмæ Плиты Иссæйы советон-монгойлаг Улан-Кулантæ Наран-Улсы бæстæйы налатдæр æфсæдты æрлæу-уын кодтой сæ зонгуытыл, уацары кодтой цалдæр мин афицеры æмæ салдаты.

Бирæ  сты йæ уæлахизтæ Плиты Иссæйæн Монголийы  Хинган-Мукдены операци сæххæст кæныны хъуыддаджы. Уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд Монголты Адæмон Республикæйы Хъайтары ном. 9-æм сентябры хæст æрынцад æмæ Плиты Иссæ дæр сыздæхт йæ райгуырæн бæстæм, йæ хъæбатыр риуыл дыккаг Сыгъзæрин Стъалы, афтæмæй.

Хæсты фæстæ уый Советон Æфсады командæкæнынады ахста стыр æмæ бæрнон бынæттæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ 1962-1963 азты Къарибы кризисы рæстæджы æнтыстджынæй кæй командæ кодта Кубæйы Советон Æфсады къордыл. Цалынмæ улæфты нæ ацыд, уæдмæ та командæ кодта Цæгат Кавказы Æфсæддон округыл. Йæ бинойнагимæ цардысты Ростовы. Иссæ бирæ уарзта ирон адæм æмæ Ирыстоны. Арæх-иу ссыд ардæм. Бирæ уазджытæ йæм цыдис Ирыстонæй дæр, æмæ-иу уæд Плиты фæрнæйдзаг æмæ уазæгуарзон хæдзарæй айхъуыстысты ирон зарæг æмæ ирон фæндыры æхцон æмæ зæрдæмæхъаргæ зæлтæ.

Стыр аргъ æрцыдис Иссæйы фæллæйттæн. Уымæн дыууæ хатты лæвæрд æрцыд  Советон Цæдисы Хъайтары ном. Хорзæхджын æрцыд Ленины æхсæз орденæй, Октябры Революци, Сырх Тырысайы – æртæ, дыууæ – Суворовы, Кутузовы æмæ Сырх Стъалыйы ордентæй, бирæ майдантæй. Хорзæхджын ма æрцыд фæсарæйнаг бæстæты ордентæй дæр. Уыд СЦКП ЦК уæнгтæм кандидат. 24 азы та уыдис ССР Цæдисы Уæлдæр Советы депутат, æмæ йæ бон цæмæй уыдис, уымæй æххуыс кодта Ирыстонæн, ирон адæмæн, Ростовы областы йе ‘взарджытæн.

Бирæ, тынг бирæ хорзæхтæ саккаг чындæуыд Плиты инæларæн. Фæлæ уый иууыл стырдæр хорзæхыл нымадта йæ адæмы уарзт. Куыд-иу бацин кодта, куыд æхсызгон-иу ын уыдис, ирон лæг-иу ын йæ дуар куы бахоста, уæд.  Иссæ амард 1979 азы февралы мæйы 76-аздзыдæй æмæ йæ Ирыстоны дзыллæ кадимæ ба-вæрдтой Дзæуджыхъæуы Кады Аллеяйы. Ирыстоны, стæй уымæн æдтейæ  уымæн ис цыртытæ æвæрд, йæ ном хæссынц уынгтæ, скъолатæ, фæзуæттæ æмæ сквертæ.  Ирон адæм сæ зæрдыл дарынц сæ номдзыд фырты. Йæ удæгасæй дæр ыл Кады зарæг уымæн скодтой.

 

Лохты Джамбулат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.