20-æм азты Хуссар Ирыстоны райтынг национ змæлд. 1925 азы газет «Хурзæрин» фыста: «Кæй зæгъын æй хъæуы, махæй алкæйы дæр фæндид, цæмæй уайтагъд дыккаг райсом мах райдайæм ирон æвзагыл фыссын æмæ дзурын. Фæлæ махмæ нæй бухгалтертæ, агрономтæ, инженертæ. Æмæ уымæй мæгуыраудæр та у, нæ разамонджытæ æрмæст иронау дзурын кæй нæ зонынц уый нæ, фæлæ ма сæ фæндгæ дæр кæй нæ кæны, уый».

Советон Цæдисы паддзахаддзинад куыд фидардæр кодта, афтæ уыцы иурæстæджы советон партион разамынады фидар кодта авторитаризм æмæ гоймаджы культ. 1934 азы декабры паддзахадон театры бæстыхайы уагъд æрцыд  областон советы 10-æм съезд. Æвзæрст æрцыд цытджын президиум æмбал Иосиф Сталины сæргълæудæй. Фæтæджы ном зæгъгæйæ, залмæ æрбамбырдуæвджытæ иууылдæр сæ бынæттæй сыстадысты æмæ нымдзæгъд кодтой, райхъуыстысты хъæртæ  – «Ура!», зæгъгæ.

1925 азы Дзаттиаты Алыксандр хицауиуæгады советон органты куыстæй рахызт Хуссар Ирыстоны автономон областы Коммунистон партийы разамынадмæ. 1928 азы йæ раивта революционерты хуссарирыстойнаг къорды иннæ минæвар Абайты (Зораты) Алыксандр. Уый фæстæ æрбалæууыд рæстæг, кæцыйы гæнæн ис ахæссæн Хуссар Ирыстоны автономон областы партион разамынады интернационализаци кæныны политикæмæ. Разамынады фæфылдæр сты областæн æддейæ æрвыст партионтæ: Сергей Кудрявцев, Хуссар Ирыстоны Автономон областы фыццаг секретарь (1929 азы февраль – 1930 азы август), Лука Ломидзе (1930 азы октябрь – 1931 азы февраль), Степан Акопов (1931 азы март-декабрь), Кандид Гобеджишвили (1931 азы декабрь -1933 азы август), Исак Жвания.

 

Фехстой йæ дыууæ Ирыстоны баиу кæныны идеяйы тыххæй

1934 азы ноябры, ома, 90 азы размæ Хуссар Ирыстоны Автономон областы Коммунистон партийы обкомы сæргъ слæууыд Таутиаты Барис (Абдул-Бекир). Фидæны партион лидер райгуырд Турчы, ацы бæстæмæ алидзæг ирон бинонты ‘хсæн. 1919 азы бинонтæ фæстæмæ рацыдысты Цæгат Ирыстонмæ, цыран Таутиаты Барис активон хайад иста фæскомцæдисонты змæлды. Фæстæдæр куыста Баку æмæ Мæскуыйы бæрнон партион бынæтты. 1934 азы  Коммунистон партийы Хуссар Ирыстоны обкомы сæргъ Таутиаты Барис куы слæууыд, уæд æрмæст коммунистты партийы хъуыддæгтыл нæ тыхст. Номхуындæй, уый слæууыд уыцы азты Ирыстоны хуссар æмæ цæгаты хæйтты æрбаиу кæныны фæдыл змæлды сæргъ. Тынг æй фæндыд Советон Цæдисы сконды дыууæ Ирыстоны иу паддзахадон структурæмæ æрбаиу кæнын. Æмæ уайтагъд æрæвнæлдта ацы ахсджиаг фарст аскъуыддзаг кæнынмæ. Рæстæджы цыдимæ Таутиайы фырты архайдтытæ афтæ активон систы æмæ Тбилисы сæвзæрын кодтой серьезон катайдзинад. Фæлæ Гуырдзыстоны Централон комитетæй фæндвидар директивæтæ æнæбасæтгæ «туркаг уидæгтимæ цæгаттаджы» ницæмæ æркодтой. Æрмæстдæр 1937 азы Гуырдзыстоны хицауадæн йæ бон ссис  «Хуссар Ирыстоны партион разамынады антисоветон национ архайдæн» кæрон скæнын. Сталины фарсхæцынадæй йæ бынатæй систой Таутиаты Барисы. Фæдзырдтой йæм Тбилисмæ, цыран æй æрцахстой æмæ йæ цыбыр рæстæджы фæдагуырды фæстæ фехстой 1937 азы ноябры мæйы. Барисæн мæлæты тæрхон рахæссыны документыл Сталинæй дарддæр сæ къухтæ æрфыстой Молотов, Коганович æмæ Ворошилов. Уый фæстæ Хуссар Ирыстоны ахуырады, кондады тыххæй æппæт документтæ дæр раконд æрцыдысты гуырдзиаг алфавитмæ. Гуырдзыстоны разамынад æппæт дæр сарæзта, цæмæй дыууæ Ирыстоны ма баиу уыдаиккой. Хъыгагæн, Таутиаты Барисы тыххæй информаци бынтондæр скуынæг кодтой. Нæ йын баззад къамтæ дæр. Фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ, ирон мухаджирты байзæддаджы тыххæй мысынад цæры æмæ хъуамæ дарддæр дæр цæра ирон адæмы зæрдæты. Уымæн æмæ уый уыд йæ радтæг адæмы аккаг фырт æмæ æцæг патриот. Йæ мæлæт дæр ссардта, ирон адæмы æрбаиу кæныны æмæ рæсугъд сомбоныл кæй дзырдта, уый тыххæй.

Таутиаты Барисы фæстæ Гуырдзыстоны хицауад тырныдта, Хуссар Ирыстонмæ къухдариуæггæнæджы бынæттæм кæнæ этникон гуырдзиæгты кæнæ та чи сгуырдзиаг, ахæм ирæтты æрвитынмæ. Ацы ног генерацийы фыццаг минæвар ссис Георгий Гочашвили. Уый Хуссар Ирыстоныл разамынад кодта 1937 азы октябрæй 1938 азы марты мæймæ. Раивта йæ Гуырдзыстонæй этникон ирон Владимир Цховребашвили. Уый та хуссарирыстойнаг автономийы сæргъ лæууыд æнæхъæн иуæндæс азы дæргъы. Йæ рæстæджы ирон автономийы æхсæнадон царды æрцыд дзыллон «картвелизаци», æрвылбонон ныхас кæныны тыххæй гуырдзиаг æвзаг ныббиноныг кæнынæй райдайгæйæ, фыссынад гуырдзиаг алфавитмæ ракæныны онг. 1949 азы Цховребашвилийы ацы бынаты раивта гуырдзиаг националист Акакий Имнадзе. Уый Цхинвалмæ æрбацæуыны размæ Тбилисы йæ партион бостæн фидарæй баныфсæвæрдта: «Æз цæуын Ирыстонмæ, фæлæ дзы сараздзынæн Гуырдзыстон!». Ацы эксперимент уый арæзта 1953 азы майы онг ивгæ æнтыстимæ. Йæ цæсгомыл сты хуссарирыстойнаг автономийы æппæт скъолаты æрмæст гуырдзиаг æвзагмæ ракæнын нæ, фæлæ ма областы национ идея басæттын дæр барадон фæткы тыхтæ æрбакæнгæйæ.

Партион разамонæджы статусы регионыл чи разамынад кодта, уыцы фæстаг гуырдзиаг уыд Леван Куджиашвили (1954 азы май-декабрь). Йæ фæстæ партийы областон комитеты сæргъ фæд-фæдыл слæууыдысты Санахъоты Григори (1954-1959 азты), Козаты Владимир (1959-1962 азты), Чиаты Иосиф (1962-1965 азты), Джуссойты Георги (1965-1973 азты), Санахъоты Феликс (1973-1982), Чехойты Анатоли (1982-1989), Цховребашвили Валнин (1990). Æппæт уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны автономон областы Коммунистон партийы областон комитеты фыццаг адæймаг де-факто уыд бæстæйы разамонæг дæр.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ дыууæ азы размæ, 2022 азы Хуссар Ирыстоны автономон областы сырæзтыл кæй сæххæст 100 азы. Ацы национ-территориалон арæзт фидар æрцыд 1922 азы 20-æм апрелы. Æвæццæгæн, уый хъысмæты нысан у, растдæр 70 азы фæстæ, 1992 азы майы мæйы хуссарирыстойнаг адæм расидтысты сæхи хæдбар паддзахад.

1989-2008 азты Хуссар Ирыстоны адæм фашистон Гуырдзыстоны ‘рдыгæй цы хъизæмæрттæ бавзæрстой, уыдон нæ никуы ферох уыдзысты. 2008 азы тугуарæн, æнæмсæр хæсты фæстæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсе куы банымадта, уыцы боныл ацы аз 26-æм августы сæххæст уыдзæн 16 азы. Фæлæ абоны онг дæр Гуырдзыстон Женевæйаг дисскуситы йæ къух нæма æрфыста Хуссар Ирыстоны ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл документыл. Абоны онг дæр сæ цыдæр ныфс ис Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны фæстæмæ се скондмæ раздахынæй.

Марты кæрон футболæй Гуырдзыстоны æмбырдгонд пенальтитæй фæуæлахиз Грецийы командæйыл æмæ фыццаг хатт ахызт Европæйы чемпионатмæ. Ацы цау нысан кодтой республикæйы фæзуаты. Гуырдзиаг футболисттæ микрофоны хъæр кодтой ахæм фразæтæ, зæгъгæ, «Абхаз у Гуырдзыстон», «Самачабло у Гуырдзыстон». Уый фæстæ ацы фразæтæ дзурын кодтой футболуарзджытæн дæр æмæ бакæс æмæ ды уыдонмæ. Фæзуат хъæр, хъыллист ссис. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Абхазы кæд сæхи номæй хонынц, уæд мах нæхи номæй – Хуссар Ирыстон дæр нæ хонынц.

Ахæм цау ма уыд уый размæ дæр. Уæд та митинджы хъæр кодтой ахæм фразæтæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ та сын куыддæр гæнæн фæуа, афтæ та ирон адæмæй нæ раздахдзысты сæ цæвæн кæрдтæ. Гъе, ахæм «хорз» сыхæгтæ  ис Хуссар Ирыстонæн. Мах ирон адæмы  хъæуы иудзинад, æнгомдзинад, науæд кæрæдзи куы хæрæм, кæрæдзийыл алы цъаммар ныхæстæ куы фыссæм социалон хызæгты, уæд нæ уый хорзмæ кæй не ‘ркæндзæн, уый алчидæр хъуамæ æмбара. Не знæгтæ нын нæ алы хъуыддагмæ дæр лæмбынæг сæ хъус дарынц. Æмæ афтæмæй сæ фæндиаг нæхи ма фæкæнæм. Æниу нæ стыр хуыцау бахизæд, ахæм хъуыддæгтæй, фæлæ… Бас кæй басудзы, уый йæ доны къусыл дæр фу фæкæны…

Джиоты Екатерина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.