Чиныгмæ цы фарстатæ хаст æрцыд, уыдон сты РХИ-йы демографион анализ, социалон æгъдауæй цæрджыты æнæниздзинад бахъахъхъæнын æмæ йæ ‘мбæлон уагмæ æркæнын. Афтæ ма 2012 азæй 2019 азмæ РХИ-йы инвалидты уавæры тыххæй. Уыдонæн медико-социалон экспертизæ, реабилитаци æмæ абилитаци кæнын.

 Чиныгæн презентаци уыд Мæскуыйы. Уырдæм хуынд æрцыдысты Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги æмæ йæ уынаффæгæнæг Зассеты Сергей, афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады бæрнон специалисттæ. Чиныджы автортæй сæ иу – Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл Уæрæсейы Федерацийы уынаффæгæнæг Игорь Галь куыд зæгъы, афтæмæй РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæныны историйы сферæйы фыццаг уагъд æрцыд цæрджыты райдиан æмæ иумиаг рынчындзинадæн бирæпрофилон анализтæ. Игорь Галь куыд зæгъы, афтæмæй йын æрмæджытæ æрæмбырд кæнынæн баххуыс кодтой уæрæсейаг специалист Эдуард Эмерханов, кæцы кусы РХИ-йы æнæниздзинады фарстатыл, йæ кафедрæйы ассистент Нина Димитрева æмæ УФ-йы медицинон департаменты кадрон политикæйы директор Ирина Купеева.

Чиныджы иу хайы Игорь Галь æрдзырдта æнæаргъæвгæ медицинон æххуысыл, кæцы, йæ хъуыдымæ гæсгæ, нымад цæуы иууыл æнтыстджындæрыл æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы. Уый куыд амоны, афтæмæй дарддæр дæр хъæуы кусын, цæмæй ацы хуызы æххуыс рæза. Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ нæ республикæйы территорийыл кусы 49 ФАП-ы, 11 амбулаторийы, районты централон рынчындæттæ, поликлиникæйы хайадтæ, амбулаторон-поликлиникон центр, республикæйы бирæпрофилон медицинон центр.

Чиныджы ма цы зонæнтæ лæвæрд цæуы, уыдонмæ гæсгæ РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы фæстаг æртæ азы  æрцыд серьезон ивындзинæдтæ. Фæлæ ис нырма дæр ахæм  фарстытæ, кæцытæ скъуыддзаг кæнын хъæуы, зæгъæм, медицинон-санитарон æххуыс функционалон æгъдауæй баиу кæнын хъæуы, цæмæй уый фæрцы рынчын æнæкъуылымпыйæ райса æххуыс бæрзонд æмвæзадыл, кæм цæры, уымæ нæ кæс-гæйæ.

ФАП-тыл дзургæйæ, уый ахсджиаг фарстыл нымайы амбулаториты ифтонгад. Уыдон, зæгъгæ, хъуамæ кæниккой æнæаргъæвгæ медицинон æххуыс бæрзонд æмвæзадыл. Инвестпрограммæйы фæлгæтты ФАП-тæ æмæ амбулаторитæ хъуамæ ифтонг æрцæуой тагъд æххуысы машинæтæй, кæцыты руаджы рынчынтæ ласт цæудзысты республикон рынчындонмæ, æндæр медицинон уагдæттæм.

Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны рæзтыл дзургæйæ, банысан кодта чиныджы хицæн сæрæй,  афæдзы размæ нæ республикæйы цы хирургион корпус байгом, ууыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ,  ма стыр æнтыстыл банымадта, гемодиализы хайад кæй скуыста, уый дæр.

Чиныджы дзырд цæуы 2020-2024 азты Хуссар Ирыстоны медицинæйы райрæзты программæмæ хаст кадрон проблемæтыл дæр. Уый зæгъы, зæгъгæ, цæмæй дохтырты квалификаци фæбæрзонддæр уа, уый тыххæй æрвыст æрцæуынц сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынмæ Уæрæсемæ.

Ныртæккæ нæ республикæйы цæрджытæ фылдæр цавæр низтæй рынчын кæнынц, уыцы фарстæн чиныджы хицæн æрцыд сæрмагонд хай. Уым дзырдæуы, 2012 азæй фæстæмæ нæ республикæйы уагъд кæй цæуы низтæ рабæрæг кæныны фæдыл аналитикон куыст. Игорь Галь куыд амоны, афтæмæй фыццаг бынаты сты зæрдæдадзинты низтæ, дыккаг бынаты – онкологон æмæ æртыккаг бынаты та – рæуджыты низæй мæлыны цаутæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй нæ республикæйы байгом паллиативон æххуысы хайад. Игорь Галь йæ чиныджы уый тыххæй фыссы, зæгъгæ, ацы хуызы медицинон æххуыс дæр у æнæмæнгхъæуæг. Реабилитацийы фарстаты фæдыл дзургæйæ та уæрæсейаг специалист амоны, уый дæр сæндидзинаг кæй у РХИ-йы. Ныртæккæ горæты ис æрмæстдæр хосгæнæн физкультурæйы зал. Районты дæр, зæгъгæ, хъæуы ахæм залтæ бакæнын. Специалисты хъуыдымæ гæсгæ, рынчынимæ хъуамæ куса мультисциплинарон бригадæ, кæцы архайа, дарддæр та цы хъæуы аразын рынчыны æнæниздзинад сфидар кæнынæн. Хъыгагæн, хистæр кары адæймæгтæ рынчындонæй куы ацæуынц, уæд реабилитацион курс нæ рацæуынц. Уый ма дзуры санитарон-курортон æххуысыл дæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ инсульт æмæ инфарктæй рынчынтæ Уæрæсейы æрвыст цæуынц санаторитæ æмæ курортон уагдæттæм. Уыцы хъуыддаг, йæ хъуыдымæ гæсгæ, ныббиноныгкæнинаг у Хуссар Ирыстоны дæр.

Чиныг «Здравохранение РЮО: демография, заболеваемость и инвалидность» мыхуыры рацыд РХИ-йы премьер-министр Пухаты Эрикы иумиаг редакцийæ. Редакторты сконды ма уыдысты РМАПО-йы Президент Лариса Мошетова, ацы кафедрæйы сæргълæууæг Сергей Пузин, афтæ ма УФ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады специалист Владимир Стародубов.

Чиныг нымад æрцыд хъæугæйыл æмæ Хуссар Ирыстоны 2020-2024 азты æнæниздзинады райрæзты стратегион сæйраг документыл.

  УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.