Хæдбардзинад æмæ адæмы иудзинады боны цытæн

22-æм ноябры Сывæллæтты республикон библиотекæйы уагъд æрцыд историйы урок. Активон хайад дзы райстой нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы 9-æм къласы ахуырдзаутæ сæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Тыджыты Заирæ æмæ къласгæс Пухаты Неллийы сæргълæудæй. Историйы урокмæ фæхуыдтой 23-æм ноябры цауты хайадисæг хъæбатырты — Джусойты Васили, Джелдыты Георги, Цхуырбаты Тимуры. Мадзалы уыд Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ.

Библиотекæйы методист Мæргъиты Маринæ радзырдта Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы тыххæй. «Абон та ноджы иу хатт æрбамбырд стæм, цæмæй нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм 33 азы размæйы фæззыгон боны цауты тыххæй. Нæ чысыл Ирыстонæн хъæздыг истори ис, фæлæ, хъыгагæн, уым ис бирæ трагикон фæрстæ. Сывæллæттæ кад кæнут уæ радтæг адæмы историйæн. 20 азы бæрц знаджы ныхмæ тохы рæстæджы бирæ лæппутæ æрхастой сæ сæртæ нывондæн. Цæй, æмæ сын иу уысм æмырæй алæууынæй ссарæм сæ ном», — загъта Мæргъиты Маринæ.

23-æм ноябры ныхмæлæуды хайадисæг Джусойты Васили загъта: «Куыддæр æй базыдтам гуырдзиæгтæ æрбацæуынц, афтæ сæ размæ лидзын райдыдтам. Фыццаг иу сахатыуыдыстæм æрмæстдæр æхсæз-авд лæппуйæ. Уæдмæ иннæ лæппутæ дæр схæццæ сты. Уалынмæ æрбазындысты гуырдзиæгтæ дæр. Нæ цурмæ æрæскъæрдтой дыууæ „Волга“ машинæйыл. Сæ иуы бадт Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр, иннæйы та — йæ хæдивæг. Сæ министр нын загъта, зæгъгæ, æз дæн инæлар æмæ фæндаг ссæрибар кæнут, фæлæ мах иу къахдзæф дæр фæстæмæ нæ алæууыдыстæм. Дзуццаты Коко гуырдзиагау не ’мбæрста æмæ йын сæ ныхæстæ тæлмац кодтон. Гуырдзиæгтимæ уыд Нанитæй иу ирон милиционер. Уый нæм æввахс æрбацыд æмæ нын загъта, зæгъгæ, дам, æй зонын сымахмæ хæцæнгæрзтæ нæй. Афæлдахут мæ æмæ афтæ саразут, цыма мын тыхæй байстат мæ хæцæнгарз. Гуырдзиæгтæ нæ истой камерæтæй æмæ нæм æртхъирæн кодтой, зæгъгæ, сымахыл цы бон акæндзæн, уый фендзыстут». Сæ мысинæгтæ радзырдтой Джелдыты Георги æмæ Цхуырбаты Тимур дæр. Уыдон æгæр бирæ сты æмæ сыл иу уацы æрдзурæн нæй.

Ахуыргæнинæгтæ бакастысты Тасойты Ботаз, Хъодалаты Герсан, Зассеты Мераб, Плиты Серго æмæ æндæр поэтты фыст æмдзæвгæтæ. 4-æм къласы ахуырдзау Джиоты Людвиг хорз сæххæст кодта зарæг «Лæгъстæ». Ахуыргæнинæгтæ фарстатæ лæвæрдтой хъайтартæм æмæ сын уыдон дæр лæмбынæг дзуаппытæ кодтой. Сывæллæттæй сæ иу афарста, зæгъгæ, мæлæтæй нæ тарстыстут. «Мæлтæй алчидæр тæрсы, фæлæ мæлæтæй æвзæрдæр та у худинаг æмæ ирон лæг та йæ сæрмæ худинаг никуы схаста», — уыд сæ дзуапп.

Библиотекæйы директор Джиоты Аллæ йæ катайдзинад равдыста, зæгъгæ, 33 азы рацыд уыцы æндыгъд бонтæй, фæлæ абоны онг уыцы хъайтарты тыххæй мыхуыры нæма рацыд иу чысыл брошюрæ дæр. Уый та æнæмæнг хъуыддаг у, уымæн æмæ рæзгæ фæлтæр хъуамæ зоной сæ хъайтарты æмæ сын уой цæвиттойнаг.

Библиотекæйы кусджытæ сæ уазæг хъæбатыртæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ