РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæргълæууæг Зассеты Сергей радзырдта республикæйы спорты къабазы сæйрагдæр проблемæты тыххæй.

«Комитетæн хъæуы финанскæнынад фæфылдæр кæнын, цæмæй спорт схиза æмбæлон æмвæзадмæ», – банысан кодта Зассейы фырт.

«Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет нæ исы æмбæлон финанскæнынад паддзахадон бюджетæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ уый паддзахады архайды ахсджиагдæр фæдзæхстытæй сæ иу у.

Сергейы ныхæстæм гæсгæ комитетæй ацы къабазы ивгъуыд азы цы куыст домдæуыд, уый æххæст æрцыд, фæлæ финанскæнынады хъуагдзинады тыххæй нæй дарддæры размæцыд.

Спорты къабазы мах хардз кодтам, сæйраджыдæр, Президент æмæ Хицауады резервон фондæй уымæн æмæ спортивон мадзæлттæн рахицæнгонд бюджеты фæрæзтæ фаг нæ уыдысты. Ныр дæр уавæр хуыздæр нæу –  комитеты хъуагдзинæдтæн рахицæнгонд æрцыд авд милуан сомы æнæхъæн азæн æмæ уый та у тынг цъус. Ногæй та нæ бахъæудзæн агурын æххуыс Президент æмæ Хицауадæй», – загъта уый.

Зассеты Сергей ахсджиагыл банымадта футболы размæцыдыл хуыздæр кусын.

«Цæмæй нæ футболисттæ искуыдæм ацæуой сбортæм æмæ хайад райсой æхсæнадæмон турнирты, уый тыххæй иу командæйæн хъæуы 600-700 мин сомы. Ахæм балцтæ та сты æнæмæнгхъæуæг, цæмæй  курдиатджын сывæллæттæн уа фадат сæ арæхстдзинад рæзын кæнынæн. Уый фæрцы сывæллæттæн фæзыны фадат профессионалон ахуырад алыгъуызон футболон скъолаты рацæуынæн», – зæгъы Зассеты Сергей.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй бахатыд паддзахадмæ æххуысы фæдыл ацы фарсты, фæлæ нырма ницы мадзæлттæ ист æрцыд.

«Ивгъуыд аз махæн Хицауады ныфс бавæрдтой, зæгъгæ уал хи фæрæзтæй пайда кæнут æмæ уын фæстæдæр уæлæмхас æххуыс бакæндзыстæм. Фæлæ рауад афтæ æмæ нæхи сæрмагонд фæрæзтæ фесты апрелы, æххуыс та нæма райстам», – дзуры Зассеты Сергей.

Финнанскæнынады хъуагдзинадмæ нæ кæсгæйæ 2017 аз спорты къабазы уагъд æрцыд 140 мадзалы.

Зассеты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй 2018 азы нывæзты дæр нысан ис бирæ спортивон мадзæлттæ ауадзын, фæлæ сæ реализаци баст у паддзахады финанскæнынадыл.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.