Аивгъуыдта 2021 аз. Цахæм уыд, цы проблемæтæ æрцыдысты иуварс, æмæ ма дзы аиуварскæнинаг цы баззад, уыдæтты тыххæй нын нæ фарстытæн дзуапп радта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей.

– 2021 аз æнцон æрвитæн нæ уыд æрмæст уæ районæн нæ, фæлæ республикæйæн æмæ æгас дунейæн дæр, сæйраджыдæр, коронавирусы инфекцийы аххосæй. Цыбыртæй нын куы радзурис, цахæм уыд уыцы аз уæ районæн та?

– Уæззау уыдис махæн ацæугæ аз йæ райдианæй фæстæмæ. Зæгъæн ис æмæ æгас дунейыл чи апарахат, уыцы пандеми бандæвта куыстуæттæ, организациты архайдыл, цæрджыты æнæ-низдзинадыл. Иутæ-иу рахызтысты куыстмæ æмæ та-иу æндæртæ фæрынчын сты. Иннæмæй та арæх æхгæд цыдысты скъолатæ, скъолайы агъоммæйы уагдæттæ æмæ сывæллон хæдзары куы уа, уæд хъуамæ йæ фарсмæ уа йæ ныййарæг дæр. Уымæ гæсгæ уы-дон дæр сæ куыстмæ нал рацæуынц. Хъыгагæн, афтæ у нырма дæр. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, районы администраци куыста, архайдта, йæ уавæртæ æмæ йæ фадæттæ куыд амыдтой, афтæ йæ разылæууæг хæстæ æххæст кодта. Сæрмагонд хъусдард здæхтам хъæутæм фæндæгтæ цалцæг кæнынмæ. Цæвиттон, фæндæгтæ цалцæг æрцыдысты Хуыцъейы, Фæзыхъæуы æмæ Æхсæрджыны хъæутæм. Къозы хъæумæ стыр машинæтæй дарддæр рогавтомашинæ нал цыдис æмæ уырдæм дæр фæндаг капиталон цалцæг æрцыд. Ахæм фæндаг арæзт æрцыд Борджнисы хъæумæ дæр. Уырдæм уагъд æрцыд электрохахх дæр. Уымæй дарддæр ма бæстон арæзт æрцыдис Згъуыбиры хъæумæ хид дæр. Уый дзуапп нал лæвæрдта  ком-бæсты цæрджыты домæнтæн. Хидыл нал хызтысты уæззау машинæтæ æмæ-иу доны ахызтысты иннæ фарсмæ. Рукъæй Едысмæ дæр фæндаг уыд бынтон æдзæллаг уавæры. Фараст азы дæргъы уый цалцæг никуы баййæфта. Æгæрыстæмæй дзы “Нива” машинæ дæр цыд тынг зынтæй. Ныр уый дæр æрцыд капиталон цалцæг. Æз, æнхъæл дæн, æмæ уыцы фæндагмæ иудзæвгар нал хъæудзæнис æвналын. Уырдæм фæндаг сцалцæг кæнын уыд æнæмæнгхъæуæг, уымæн æмæ сæрды Едыс, Ерманмæ æрцæуынц, чи дзы фæлыгъдысты, уыдонæй бирæтæ. Æнæуый дæр ацы хъæутæм цæуын райдыдтой æндæр рæттæй уазджытæ дæр.

Банысангонд куыстытæй дарддæр ма зымæгон бонты, митуардтыты рæстæджы, сæрмагонд хъусдард здæхтам районы хъæутæм фæндæгты митæй сыгъдæг кæнынмæ, цæмæй сын бастдзинад уыдаид райцентримæ.

– Куыд зонæм, афтæмæй 1991 азы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн бирæ хæдзæрттæ ныппырх сты бынтондæр, уæлдайдæр та – райцентры. Бирæ хæдзæрттæ та тынг бахъыгдард сты. Стæй рæстæг дæр йæхион кæны. Цахæм куыст цæуы уыдоны æмбæлон уагыл дарынмæ, сæ цалцæг кæнынмæ?

– Бирæуæладзыгон хæдзæрттыл куы дзурæм, уæд нæ райцентры уыдонæй ницыуал аирвæзт, фæлæ Къуайсайы нæ ныппырх сты, кæд сын тынг разиан чындæуыд, уæддæр. Уыимæ ма советон дугæй фæстæмæ цалцæг никуы æрцыдысты канд се ‘мбæрзтытæ нæ, фæлæ сæ сантехникæ дæр. Уыцы бирæуæладзыгон хæдзæртты æмбæрзтытæй 2020 азы бантыст дыууæ раивын, 2021 азы-иу хæдзары æмбæрзт æмæ нын ног æрбалæугæ азы та планмæ хаст у дыууæ хæдзары сæр раивын. Уый нæ къухты куы бафта, уæд уый æз нымайын æнтыстыл, уымæн æмæ уыдæттæ арæзт цæуынц районы бюджеты фæрæзтæй. Цы хæдзæрттæ ма нын дзы баззайа, уыдоныл дæр цадæггай архайдзыстæм. Сæ канализацион хæххытæ, сæ сантехникæ алы аз дæр дыууæ хæдзарæн раивæм, уы-мæн æмæ уыдон дæр базæронд сты æмæ арæх атонынц.

– Нæ республикæйы районты хъæуты бирæтæн ис нуазыны доны проблемæ. Куыд у уа-вæр уæ районы хъæуты та?

– Доны хæтæлтæ ауагътам поселокæн йæхимидæг 500 метрæй фылдæр. Сау къæдзæхтæй Цъоны хъæумæ  рауагътам дон. Йæ дæргъ у 4 километры бæрц. Дон ма рауагътам Гулианты, Бестауты æмæ Астæуккаг Рукъы хъæутæм. Дзауы поселокы Фæском-цæдисы уынджы доны хæтæлтæ раивтам. Уыдон советон дугæй фæстæмæ ивд никуы уыдысты æмæ бынтондæр дзуапп нал лæвæрдтой цæрджыты домæнтæн. Уымæй дарддæр ма рынчындонмæ хæстæг цы суар ис, уымæ сарæзтам фæндаг. Йæ алыварс территори та æрцыдис хæрзарæзт. Йæ цурты цы дон цæуы, уый сæрты та сарæзтам хид.

– Цахæм объекттæ арæзт цæуы Ивестицион программæйы фæлгæтты уæ районы?

– Ивгъуыд аз ацы программæйы фæлгæтты районы арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты дыууæ 18-фатерон цæрæн хæдзары. Хæрзарæзт æрцыд Къуайсайы горæты Лени-ны уынг, реконструкци фæцис Гуфта-Къуайсайы фæндаг. Афтæ ма хæрзарæзт цæуы Дзауы посе-локы Уыцыфарсы фæндаг, рæзы сывæллæтты лагерь Мзиугомы. Æппæт уыдæттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ахъаз кæнынц цæр-джыты царды гъæд хуыздæр кæнынæн

– Цахæм куыстуæттæ ма ар-хайы районы территорийыл?

– Районы æнтысгæйæ архайы паддзахадон унитарон куыстуат “Бæгъиат”-ы суары завод, кæцы-йы продукци хорз зындгонд у, куыд республикæйы, афтæ Цæгат Кавказы базæртты дæр. Минералон дон ма уадзынц ахæм куыстуæттæ, куыд “Едыс” æмæ “Алан-дон”. Архайынц куыстуæттæ инертон æрмæджытæ къахын æмæ кусыны фæдыл. Рынчынтæ исын райдыдта Згъуыбиры хъæуы хосгæнæндон. Афтæ ма нæм зынын райдыдтой туристон инфраструктурæйы бæрджытæ. Цæвиттон, Борджнисы хъæуы байгом музей “Этнохъæу Борджнис”.

– Куыд уæм цæуынц хъуыддæгтæ хъæууон хæдзарады къабазы та?

– Нæ районы ивгъуыд азы кæронмæ фермерон хæдзарадты нымадæуыд 235 сæры ставдкъах фос. Уыдонæй 90 сты хъуццытæ. Хъæууон цæрджытæ та иумиагæй сисгæйæ дарынц 3142 сæры ставдкъах фос. Уыдонæй 1427 сæры сты хъуццытæ, 1248 сæры – хуытæ, 3818 та – мæргътæ. Афтæ ма районы ис, мыддарды куыст чи кæны, ахæм цæрджытæ. Уыдонмæ æдæппæт ис 1259 мыдычыргъæды.

Райстæуыд 190 центнеры дзидза, 18051 центнеры æхсыр, 169 центнеры та мыд, 2493 центнеры картоф. 720 центнеры халсæрттæ, 1055 центнеры дыргътæ. Зымæгон фосæн æрцæттæ чындæуыд 15877 центнеры холлæгтæ æмæ ныр фос æрвитынц æдыхст зымæгиуат. Зæгъын хьæуы уый æмæ фермерон хæдзарадтæ æмбæлон æххуыс кæй нæ исынц паддзахады æрдыгæй. Æмæ уый та мæгуырауæрдæм æндавы хъæууон хæдзарады продукцийы æркондыл.

Районы хъæууон хæдзарады управлени Сырх Дзуары дунеон комитетæй лæвары хуызы цы МТС-82 трактор æмæ мини трактор райста, уыдонæй æххуыс цæуы, куыд фермерон хæдзарадтæн, афтæ хицæн цæрджытæн дæр холлæгтæ цæттæ кæнын æмæ мæр кусынæн.

– Аивгъуыйгæ аз уæззау фæлварæн уыдис ахуырады къабазы кусджытæн. Цахæм у ахуырады уавæр районы скъолаты?

– Районы ис аст иумиагахуырадон æмæ дыууæ та скъолайы агъоммæйы ахуырадон уагдоны. Афтæ ма архайынц скъолайы агъоммæйы æндæр æмæ æндæр кары къорд Гуфтайы астæуккаг скъолайы базæйыл æмæ сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары.

Аивгъуыйгæ азы районы скъолаты ахуыр кодта 537 ахуыргæнинаджы. Хъыгагæн чысыл комплектон скъолаты чи ахуыр кæны, уыдоны нымæц азæй азмæ къаддæр кæны, кæд ахæм скъолаты, куыд Синагуры, Хуыцъейы, Кировы, Хъемултайы бирæ арæзт æрцыд, ахуыры процесс нормалонæй сорганизаци кæнынæн, уæддæр. Синагур æмæ Хъемултайы скъолатæй дарддæр иннæ скъолаты ахуыргæнинæгтæ ифтонг цæуынц хæлцæй. 2021- 2022 ахуыры азы фыццаг цыппæрæм хайы ахуыргæнинæгты ахуыр-фæразондзинад уыдис 98,3 проценты.

Дзау æмæ Къуайсайы астæуккаг скъола-ты архайынц урокты фæстæ ахуыры 6 къор-ды, кæцыты ахуыр кæнынц 102 ахуыргæнинаджы æмæ ахъаз кæнынц сæ ахуырдзинад бæрзонддæр кæнынæн.

Ивгъуыд аз астæуккаг ахуырады тыххæй атестаттæ райстой 43 ахуыргæнинаджы. Уыдонæй 20 сæ ахуыр дарддæр кæнынц Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты, 43 ахуыргæнинаджы та ахуыр кæнынмæ бацыдысты Уæрæсейы Федерацийы æндæр æмæ æндæр уагдæттæм.

Дунеон ахыгъдон бангы хæрзаудæн архайды руаджы Дзауы скъола-интернаты территорийыл арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд нырыккон спортивон зал, иф-онггæрзты æххæст комплектимæ.

Æнахъомты фæдыл къамис фæсивæды комитетимæ уагътой рейдтæ дисциплинæ халджытæ, уроктæм чи æрæджы кæны, уыдоны бабæрæг кæныны фæдыл. Уагъд цыдысты беседæтæ скъоладзаутимæ æмæ милицийы хыгъды чи сты, уыцы æнахъомтимæ.

– Районы минæвæрттæ арæх райсынц хайад алыгъуызон спортивон мадзæлт-ты. Цы зæгъдзынæ уый фæдыл та?

– Районы администрацийы физикон культурæ æмæ спорты хайад ивгъуыд аз ауагъта къорд мадзалы: турнир шахмæттæй, волейболæй районы чемпионат горæт Къуайсайы, афтæ ма районы спортивон скъолаты сывæллæттæ хайад истой республикæйы æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æндæр æмæ æндæр спортивон мадзæлтты æмæ иу сын уыд хорз æнтыстытæ.

            БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.