28-æм декабрæй 11-æм январмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис æртæ  фыдракæнды æмæ дзы иу раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудта иу адæймаг.

 Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты æртæ адӕймаджы. Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 369 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 14 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Ленингоры районы Раздахæны хъæуы арæнхъахъхъæнджытæ баурæдтой Мцхетайы районы Одзисы хъæуы 27-аздзыд цæрæджы, кæцы æнæзаконæй æрбахызт паддзахадон арæны сæрты. Бархалæг куыд бамбарын кодта, афтæмæй æрбацыд йæ мады бæрæггæнæг, кæцы цæры Ленингоры поселочы. Фæткхалæг конд æрцыд карантинмæ 14 боны æмгъуыдмæ.

Милицийы наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны управленийы кусджытӕ рейдон мадзæлттæ ауадзыны рæстæджы горæт Цхинвалы баурæдтой автомашинæ «Тоуоtа Mark 2». Басгæрсты рæстæджы бæлццоны дзыппы разынд гæххæттæй тыхтон цъæхбын ссадæгимæ, кæцы, экспертизæ сара-зыны фæстиуæгæн, разынд наркотикон буарад «марихуана».

Уымæй уæлдай ма 5 январы баурæдтой горæттаг 26-аздзыд цæрæджы, кæцыйы дзыппы та ссардтой дыууæ гæххæттæй тыхтоны наркотикон буарад «марихуана».

1 январы рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудтой горæттаг 36 æмæ 15-аздзыд цæрджытæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстæгтæ сæ хæдзары уæвгæйæ фæулæфыдысты сыгъдхъæстæ.

4 январы Цхинвалы районы Дменисы хъæуы æрцыд æнамонд цау. 72-аздзыд бынæттон цæрæг басыгъд йæ автомашинæйы . Слестгæнæн-сгарæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн развæлгъау куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаг сфæнд кодта йæхи амарын æмæ йæхиуыл арт бандзæрста машинæйы бадгæйæ.

5 январы Знауыры районы Фарны хъæуы ссыгъд дыууæуæладзыгон хисæрмагонд хæдзар. Зынгхуыссынгæнæн службæйы кусджытæн сæ бон нæ бацис арт ахуыссын кæнын æмæ хæдзар иууылдæр басыгъд. Куыд рабæрæг, афтæмæй хæдзары хицау, 81-аздзыд бынæттон цæрæг, басыгъд йæ мидæг.

Пушкины уынгæй Джиоты Аланы проспектмæ азилæны 32-аздзыд бынæттон цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «BMW» скъæрын, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ сæмбæлд æндæр автомашинæ «ВАЗ-2131»-ыл, кæцыйы шофыр та разынд горæттаг 28-аздзыд цæрæг. Аварийы фæстиуæгæн «ВАЗ-2131»-ы бæлццон, 28-аздзыд горæт Цхинвалы цæрæг, алыгъуызон цæфтимæ бахаудта рынчындонмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.