Райсом Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы у Культурæйы кусæджы бон. Ацы цауы тыххæй нæ уацхæссæг фембæлд Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зассеты Жаннæимæ. Дæлдæр мыхуыр кæнæм сæ ныхас.

– Райдианы мæ газет «Хурзæрин»-ы кусджыты номæй фæнды раарфæ дын кæнон уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Уæт дын фидар æнæниздзинад æмæ бæрзонд æнтыстытæ дæ хæрзиуæгон архайды.

– Бузныг, кæй нæ æрхъуыды кодтай æмæ нын кæй раарфæ кодтай, уый тыххæй. Бузныг ма уый тыххæй дæр, æмæ цы кусæм, аразæм, уыдон адæмæн кæй зонын кæнут.

– Радзур-ма нын уæ бæрæгбоныл цахæм æнтыстытимæ æмбæлут?

– Раст куы зæгъон, уæд, ацы аз бæрæгбон дардыл, куыд æмбæлы афтæ нæ нысан кæндзыстæм. Йæ аххосаг у Уæрæсе æмæ Украинæйы ‘хсæн ахастытæ мæгуырау кæй сты, туг дзы кæй кæлы, уый. Уымæй дæр, уым Ирыстонæй цы лæппутæ фæмард сты, уыдонæй иу уыд культурæйы кусæг, хорз музыкант. Хъуыды кæнæм, уавæр куы æрсабыр уа, уад æй банысан кæнын. Цы хауы æнтыстытæм, уым та банысан кæндзынæн уый, æмæ нын азы райдианы паддзахад æмæ хицауады разамынд нæ разы цы хæстæ сæвæрдтой, кæд æвзæрстам зынтæ, уæддæр уыдон æххæст æрцыдысты. Уæрæсейæ цы сфæлдыстадон кусджыты корд æрцыдис, уыдонимæ бакуыстам хорз. Базонгæ сæ кодтам не сфæлдыстадон коллективтимæ, сæ арæхстдзинæдтæ æмæ фæндтимæ, Ирыстоны цыртдзæвæнтæ æмæ æрдзимæ. Делегациты уæнгтæй сæ иу Эрцъойы цадыл уацау дæр фыссы. Бакæсын нын дзы кодта скъуыддзæгтæ æмæ у зæрдæмæхъаргæ.

Цасдæрбæрцæй фæивта, кæй зæгъынæй хъæуы, хуыздæрæдæм, ансамбль «Симд»-ы программæ. Театры сценæйыл æвдыст æрцыд, адæмы зæрдæмæ тынг чи фæцыд, ахæм спектакль «Фæстаг æвдисæн». Нæ музыкалон æмæ нывгæнæн ахуыргæнæндæттæ дæр дзæвгар фæхъæздыгдæр æмæ фæхуыздæр кодтой сæ архайд. Нæ культурон уагдæттæ кæд се сфæлдыстадимæ стыр æмæ дардыл бæстæтæ æмæ горæтты нæ зонгæ кæнынц, уæддæр концерттæ, спектаклтæ æмæ равдыстытæ кæм ауадзынц, уым ныууадзынц хорз фæд. Сæ арæхстдзинæдтимæ зонгæ кодтой, цы уазджытæ нæм цыдис, уыдоны дæр. Нæ артистты æмæ нывгæнджыты арæхстдзинад цыд сæ зæрдæмæ æмæ нæм ныридæгæн æрæрвыстой цалдæр арфæйы æмæ æппæлæн гæххæтытæ.

– Хъæууон культурон уагдæтты куыст та цахæм æмвæзадыл лæууы?

– Афтæ куы зæгъон æмæ ацæугæ аз хъæууон культурон уагдæтты куыст ацыд зæрдæйы фæндиаг, уæд уый раст нæ уыдзæнис. Тынг нæ бахъыгдардтой, коронавирусы ах-хосæй цы зындзинæдтæ æвзæрд, уыдон. Уыдонмæ нæ кæсгæйæ уæддæр æххæст кодтам нæ хæстæ. Хъæууон культурон уагдæтты кусджытимæ уагътам фембæлдтытæ, семинартæ. Нæ фембæлдтыты рæстæджы библиотекæйы кусджытæ, сæйраджыдæр, домдтой ирон чингуытæ æмæ уыцы хæс æххæст кодтам. Цæгат Ирыстоны балхæдтам зынгæ ирон ахуыргæндтæ æмæ фысджытæ Абайты Васо, Джуссойты Нафи, Хъазиты Мелитон, Дзасохты Музафер, Хаджеты Таймураз æмæ æндæр авторты чин-гуытæ. Æрластам сæ æмæ сæ байуæрстам куыд  горæты, афтæ хъæуты библиотекæтыл дæр.

– Зæгъæн ис æмæ ифтонг стут хъæуæг специалисттæй?

– Ахæм кусджытæй цух не ‘ййафæм, фæлæ æрвылаз дæр квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй цалдæр къорд арвитæм Цæгат Кавказы республикæты культурæйы министрадтæм. Цалынмæ фæстæмæ здæхынц уæдмæ сын сæ хæстæ феххæст кæнынц, ам чи баззайынц, уыдон. Æрвитгæ та сæ акæнæм уымæн æмæ абон библиотекæты куыстмæ дæр хаст цæуы стыр ивындзинæдтæ æмæ мах уыцы ивындзинæдтæ куы нæ сахуыр кæнæм, куы нæ сæ зонæм, уæд не ‘нтыстытæ нæ уыдзысты зæрдæйы фæндиаг.

– Ацы аз уæ разы цы хæстæ ис, уыдонæй ахсджиаг-дæртыл кæцыты нымайыс?

– Культурæйы кусджыты раз цы хæстæ лæууы, уыдон азæй азмæ кæнынц фылдæрæй-фылдæр æмæ се ‘хæст кæнын та домы фылдæр æнувыддзинад. Диссаджы цыртдзæвæнтæ æмæ нын архитектурон бæстыхæйттæ ис. Уыдонæн, раст куы зæгъон, уæд сæ уавæр у фæхуыз-дæркæнинаг. Нæ разы хæс сæвæрдтам, цæмæй Хуссар Ирыстоны арæзт æрцæуа реставрацигæнæн центр. Æрхондзыстæм хорз специалисттæ. Уыдонæн сæ хæс æрмæст реставрацион куыстытæ æххæст кæнын нæ уыдзæнис, фæлæ ма нæ лæппутæ æмæ чызджытæй ахæм куыстытæ кæнын кæй фæнды, æвзыгъддзинæдтæ кæмæ ис, уыдон цайдагъ кæндзысты уыцы куыстытæ æххæст кæныныл. Уымæй дарддæр ма фæнд кæнæм, цæмæй Хуссар Ирыстоны культурæйы кусджыты ‘хсæн уагъд æрцæуа аттестаци. Уый тыххæй бадзырдтæ аразын райдыдтам Уæрæсейы культурæйы министрады разамындимæ. Нæ культурæйы кусджытæн та лæвæрд æрцыдис хи бацæтæ кæныны нысанæн литературæ æмæ цæттæ кæнынц сæхи.

– Цахæм зындзинæдты сæрты рахызт уæ минист-рад каронавирусы карантинты рæстæджы?

– Коронавирусы аххосæй дарддæр махæн æндæр зындзинæдтæ нæ уыд, фæлæ нæ уагдæтты дуæрттæ нæ сæхгæдтам. Цы мадзæлтæ уадзын нæм æнхъæлмæ каст, уыдон уагътам бирæ къаддæр адæмы хайадистæй, карантины æндæр фæткойтæ æххæст кæнгæйæ.

– Цахæм аргъ æмæ ахаст дарынц республикæйы культурæйы кусджытæ В.Путин Украинæйы цы сæрмагонд æфсæддон операци расидт, уымæ?

– Кæнæм ын стыр аргъ. Сæйраджыдæр уымæн æмæ нæ хъуыдымæ гæсгæ В.Путин йæ ахæм архайдæй ныуурæдта, дунейы адæмтæм цы стыр хæст æмæ æнамонддзинæдтæ æнхъæлмæ кастысты, уыдон. Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй рацыд цалдæр дæс азы, фæлæ та фашисттæ сæ сæртæ сдардтой, фадат та сын фæцис се знагиуæгон митæ кæнынæн. Рæстæгыл æмæ афоныл урæд куы нæ æрцæуой, уæд та уырнинаг у, сæ фыдракæнд миты азарæй та кæй басудздзæнис бирæ рæстаг æмæ сабыруарзаг адæмты цард.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.