Сентябры райдианы УФ-йы Президент Владимир Путины барамындæй хистæр сержант, танкы командир Есенаты Таймуразæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы хъайтары кадджын ном, Украинæйы сæрмагонд операцийы йе ‘фсæддон хæс æххæсткæныны рæстæджы равдисгæ хъайтардзинады тыххæй. Банысанчындæуыд, зæгъгæ, хистæр сержант Есенаты Таймураз ис æбæрæгæй сæфт адæймæгты номхыгъды.

Ацы бонты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы хицауады хæдзары уыд хъайтары бинонтæн «Сыгъзæрин Стъалы» радтыны церемони. Уæрæсейы Федерацийы хъайтар Есенаты Таймуразы ныййарджытæ æмæ цардæмбалæн бæрзонд хорзæх радта УФ-йы хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг Цæлыккаты Руслан. «Уæрæсейы Федерацийы хъайтары Сыгъзæрин Стъалы у æфсæддон службæгæнæджы æфсæддон куысты иууыл уæлдæр хорзæх. Уырны мæ, Таймуразы сгуыхтдзинад цæвиттойнаг кæй суыдзæн æппæт Уæрæсейы мингай æвзонг лæппутæн», – банысан кодта Цæлыккаты Руслан.

«Уæ фырт, цардæмбал æмæ æфсымæр равдыста стыр хъайтардзинад. Уый равдыста ахæм фидардзинад æмæ, æгæрыстæмæй, знæгтæн дæр сæ бон ницы бацис саразын, уыцы æнахуыр тых æмæ фæндондзинад басæттыны тыххæй. Айсут мын мæ бузныджы æмæ кады ныхæстæ, ахæм фырт кæй схъомыл кодтат, уый тыххæй», – загъта министры хæдивæг.

 

ХЪАЙТАРЫ СГУЫХТДЗИНАД

УФ-йы Хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ, батальонон тактикон къорды сконды хистæр сержант Есенаты Таймуразы командæйы бын танкы экипаж стратегион ахсджиаг цæрæн пунктмæ бацæугæйæ, то-хы бацыд йæ тыхтæ бирæ фылдæр кæмæн уыдысты, уыцы ныхмæлæууæгимæ. Арæхстджынæй маневртæ аразгæйæ æмæ минæзгъалы æхстытæй, Есенаты Таймуразы хæстон машинæ спырх кодта знаджы дыууæ бронемашинæйы æмæ скуынæг кодта 30 украинæйаг националисты бæрц. Карз тохы рæстæджы знæгтæ ракетон комплексæй сцæф кодтой Таймуразы танк. Экипажы уæнгты цард бахъахъхъæныны тыххæй æфсæддон службæгæнæг бардзырд радта йæ дæлбар хæстонтæн, танкæй рахизыны æмæ æввахсдæр къохы хи бааууон кæныны тыххæй, цæмæй æхсæвы уæрæсейаг æфсæдты равæрды районмæ ацыдаиккой.

Экипаж æмбæхсгæ-æмбæхсгæ рацыд УФ-йы Гарзджын тыхты дæлхæйтты дислокацийы бынаты ‘рдæм, фæлæ бахаудтой украинæйаг националистты хорз сцæттæгонд æрхъулайы.Тохы рæстæджы Есенаты Таймураз фæцæф æмæ бауадзыг, йе ‘муд куы æрцыд, уæд æй бамбæрста амынæты кæй бахаудта, уый. Бафарсты рæстæджы хистæр сержант не сразы националисттимæ ныхас кæныныл æмæ сын уæрæсейаг гарзджын тыхты тыххæй информаци радтыныл. Уæд æй неонацисттæ тыхнад фæкодтой æмæ та Таймураз ногæй фæсур. Цасдæр рæстæджы фæстæ та нацисттæ ногæй бафæлвæрдтой УФ-йы гарзджын тыхты равæрды тыххæй информаци райсыныл, фæлæ та сæ фæндæй ницы рауад. Йæ цардæн тæссаг кæй у, уый æмбаргæйæ, йе ‘фсæддон хæсыл æнувыдæй баззайгæйæ æмæ тыхджын рыстытæ уромгæйæ, Есенаты Таймураз фæхъæр кодта: «Кæд хæдзармæ æрæздæхон, уæд райсдзынæн автомат æмæ фæстæмæ æрцæудзынæн сымах, фашистты марынмæ!».

РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло йæ телеграмм-каналы фыссы: «Абон нæ лæппутæ удуæлдайæ хъахъхъæнынц Донбассы цæрджыты, кæцытæй аст азы дæргъы хынджылæг кодта киеваг режим, тох кæнынц нæ Райгуырæн бæстæйы арæнты æдасдзинад бахъахъхъæныныл. Уыимæ йæ хъахъхъæнынц хъæбатырæй. Уый тыххæй сын зæгъын бузныг».

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.