Медойты Бæдийы фыдæлтæ Дзриайы къуылдыммæ æрлыгъдысты цæрынмæ Цæгат Ирыстонæй, Цыколайæ. Йæ фыды фыд  Джибо Тугъантимæ фæтуджын æмæ ралыгъд Хуссар Ирмæ, æрцард Дзауы районы Къусджыты хъæуы  Гаглойтæм.

Бæди (Иван) райгуырд – 1885 азы, уыдис ын аст æфсымæры æмæ фондз хойы. Бæди уыд хистæры кæстæр. Уæд скъола уыд æрмæстдæр Дзауы. Къусджытæй Дзаумæ дард кæй уыд, уымæ гæсгæ скъолайы никуы ахуыр кодта. Йæ фыдыфыд  Джибо куырдыл сахуыр Гаглойтæм, уæдæй фæстæмæ йæ байзæдтаг иууылдæр уыдысты куырдтæ. Бæди дæр 12 аздзыдæй фæцахуыр куырды куыстыл æмæ-иу куыста йæ фыдимæ. Йæхицæй дзырдта: “Ахæм зæрдæргъæвд æмæ фидæрттæ уыдтæн, æмæ мæ мæ фыдыфыд тынг райгонд уыд.” Бæ-дийæн йæ кæстæр æфсымæртæ Сашино æмæ Безан та уыдысты зæрингуырдтæ. Сæ фыд Никъо канд куырд нæ уыд, фæлæ ма ирон фæндырыл дæр ахæм диссаджы цагъд кодта, æмæ йæм лæг хъусынæй не фсæсти, стæй ма зæронд заманæй цы кадджытæ æрхæццæ, уыдон дæр зарыди йæ фæндырыл.

Бæдийыл 15 азы куы сыххæст, уæд уыцы уæззау æмæ змæст дуджы цы сусæг революцион къордтæ уыд, уырдæм цыд æмæ  æмбæлд семæ.

18 аздзыдæй афтыд Бакомæ æмæ  куыста бургæнæгæй нефткуыстгæнджытæм. Уым базонгæ зынгæ революционер Козаты Разденимæ. Мæнæ куыд зæгъы Бæди йæ мысинæгты: “Козаты Разден кæд механикæй куыста, уæддæр, ам, промыслæты цы бирæ фæсивæд куыстой, уыдон Раздены иу ныхасыл,  «нæ»  никуы загътой, афтæ стыр кад æмæ йын аргъ кодтой…- уыд дзырддзæугæ лæг.”

 1903 азы мыл 18 азы цыд, Ленингоры æфцгуыты цы революцион къордтæ æмбырд кодтой  хицауады ныхмæ, уыдонæй сæ иумæ бацыдтæн. Йæ хистæр уыдис Санахъоты Мате, Котолиты Саулæг та уыд сæдæ лæджы хистæр. Уыдыстæм  Асатуры æфцæгыл. Иннæ къордтæ та Ленингоры ныллæгдæр Члианайы æфцæгыл кæй уыдысты, уымæ гæсгæ мах дæр 1904 азы æрхызтыстæм  Члианайы æфцæгмæ, у лæгъз æфцæг… уым сæ раздзогтæ уыдысты Уалыты Шакро, Дриаты Антъон, Дзугаты Сосо (Сталин). Сосо-иу нæм къуыри дыууæ хатты бацыд æмбырдмæ, фылдæр куыста Имереты, шахты. Ацы къордты бирæ фæсивæд æмбырд кодта, сæ фылдæр уыдысты фынддæс-æстдæс аздзыдтæ, иу хæдза-рæй дзы дыгæйттæ æмæ æртыгæйттæ дæр уыд. Ног царды уылæнтæ нæ тынг цымыдис кодтой, цы уыдзæн дарддæр, нæ сомбон куыд уыдзæн?

 Алы къуымтæй цыдысты ардæм: Онæй Душетмæ, Чеселтгомæй Рукмæ, Гудзаретæй Къахетмæ, йæхи ничи аууон кодта. Иу хат дзы ахæм цау æрцыд,  иу нæм Плитæй Сандро уыд, гудзареттаг, – Члианайы хъæуы уыд чындзæхсæв, æмæ дзы рахыл сты, чидæр æй уым фехста, куы йæ сдзæбæх кодтам, уæд хъæуæн бафидын кодтам иу гал,  æртæ голлаг ссад æмæ иу хъуг. Немæ уыд хуыцауы къахæргæвдæг Харебаты Къола æмæ фидауыны куывды куы бадтыс-тæм, уæд Къола æрбадзырдта – о-о-о, Сандройы…  бахордтат…,  сом та… .

Мах, куыд æвзонгдæр фæсивæд, афтæ нын нæ сусæг æмбырдты нæ хистæртæ цы хæстæ лæвæрдтой, уыдон рæвдзæй æххæст кодтам. Цы  нысаниуæг  ын уыд ацы сусæг куыстæн? Уæрæсейы мæгуыр адæмимæ æмдыхæй паддзахы раппарынмæ æрхъавыдыстæм. Нæ уæззау уавæртæ ницæмæ даргæйæ, мах цы фæндагыл ныллæууыдыстæм, уый хъуамæ кæронмæ акæнæм, цагъайраджы дугæй нæхи хуызæн мæгуыр адæмы фервæзын кæнæм.  Ӕз, куыд куырд, афтæ мæ куыст кодтон æнæ-рынцойæ; арæзтон нæмгуытæ, хастой мæм хæцæнгæрзтæ æмæ сæ цалцæг кодтон. Зын нын уыд, кæй зæгъынæй хъæуы, мысыдыстæм нæ бинонты дæр. Хистæртимæ баныхас кæнгæйæ-иу нæ кæддæрты иу дыууæ боны хæдзæрттæм дæр ауагътой.

Ирыстоны революцион змæлды къухдариуæггæнджытæн  ам, Члианайы цы къорд-тæ уыдис, уыдон уыдысты баст Чъребайы æмæ Дзауы сусæг революцион организацитимæ, цæмæй хъазахъхъ  гуырдзиæгты сæргълæудæй Цхинвалмæ цы фсад æрбакодтой уыдоны ныхмæ фидар фæлæууæм. Цæмæй адæм æрæмбырд кæнæм, уый тыххæй нын хистæртæй цы хæслæвæрд уыдис,  уый æххæст кодтам æмæ  активон хайад истам хæстон архайдтыты.

Иу рæстæджы Хъуызылты Никъалайы къордимæ Карелæй  рацæйздæхтыстæм, хъазахъхъ нæ размæ фесты æмæ нын семæ тох бацайдагъ. Хъазахъхъ ныл фæ-тых сты, чи ма нæ баззад, уыдон фæйнæрдæм фæлыгъдысты.

Ленингоры æфцгуытыл уæвгæйæ,  арæх цыдыстæм фæдысгарæг, зæрдæхсайæн бынæттæм цыдыстæм къордтæй. Алы бон дæр-иу нын уыд æмбырд. Ныхас-иу кодтой хистæртæ: Дриаты Антон, Уалыты Шакро, Дзугаты Сосо (Сталин).

Дриаты Антон – чысыл бурдзалыг, астуккаг кары, уыдис ын сырхцъар цæсгом, дард-та рихитæ,  цыдис ыл 28 азы бæрц, йæ хъæлæс уыд бæзджын.

Уалыты Шакро – бæрзонд, къæсхуыртæгомау, рихиджын, Антъонæй кæстæр уыдис, дардтой цухъхъатæ.

Дзугаты Сосо (Сталин) – тымбылдзæсгом, саулагъз, сау рихитæ дардта цъухъхъа, цы-дис ыл 25 азы бæрц. Йæ хъæлæс – цъæхснаг.

1904 азы мæныл сæххæст 19 азы, уыцы аз сентябры мæйы Члианайы æфцæгыл  хистæртимæ рахастам ахæм уынаффæ, цæмæй Къаралеты æлдар  Амилахварашвили Сергойы амарæм, цæры Къаралеты. Хъæубæстæ йæ сæхæдæг марын кæнынц фыдлæг кæй у, уый тыххæй, сæ туг сын дойныйæн нуазы. Хæлттæ аппæрстам – æртæ марджытæ, æртæ – хъузджытæ. Хокъерашвили Петъре, ахалдубайаг, æнæ хæлттæппæрстæй рацыд немæ, йæ фыды йын йæ сыджыты голладжы бын амардта æмæ йæ фыды туг исынмæ цыд немæ».

Бæди йæхæдæг куыд зæгъы афтæмæй уыдис хъузджытимæ.- Ӕхсæзæй рацыдыстæм бæхтыл Члианайы æфцæгæй,  æрхæццæ стæм талынгæй. Бæхты бафснайдтой хъæу. Мах бæрæг бынæтты нæхи бааууон кодтам æмæ æнхъæлмæ кæсæм.  Ӕлдар зынæг нæй. Дзæвгар рæстæджы фæстæ æлдар кæцæйдæр æрбацыд нозтджынæй, йæ хъахъхъæнджытæ уыдысты ав-дæй. Фехсыны гæнæн дзы нæ уыд, уæд дзы хæцын хъуыд. Хъуыддаг уæззаудæр кодта.  Къахбынат уыд бынæй, æлдар æрцыд уырдæм, ныр куы нæ фæцырд уæм, уæд дзы æнæ хæцгæ нæй. Афтæмæй æдтæмæ куыд рацæйхызт афтæ йын Хокъерашвили Петъре  йæ къубал ахауын кодта æмæ йæ уайтагъд куыройы доны ныппæрстам, йæ сæр ын фæндагыл баппæрстам, йæ хъус ын немæ рахастам æвдисæнæн, уымæн æмæ нæм æфцæгыл æнхъæлмæ кастысты. Ахæм ми йын бакодтам.

Уый фæстæ райхъуыст  хъазахъхъ гуырдзиæгты сæргълæудæй кæй æрбабырстой Цхинвалмæ.    

Нæ хæссинæгтæ бæхтыл баппæрстам æмæ рацыдыстæм Члианайы æфцæгæй æмæ æрцыдыстæм Уанатмæ. Уырдыгæй Цъиарайы хæхтыл рахыстыстæм æмæ изæрмылтæм æрхæццæ стæм Цхинвалмæ.

1905 азы æхсæвы  нæ ныццавтой хъазахъхъ Чъребайы, уыцы фыдбылызы хæсты мах Гудзабары дæлæты æрбахыстыстæм. Ӕхсæвы нын тох  бацайдагъ, бирæ нæ фæмард ацы ран. Ӕз æмæ Гассеты Готта хуыцауы ирвæзт акодтам. Присы къуылдыммæ  сирвæзтыстæм æмæ уырдыгæй Цъиарайы хъæдтыл Църумæ æрхызтыстæм, уым нæ сæ  сауджын  бамбæхста æмæ уый фæрцы баззадыстæм удæгасæй. Афтæ уыдысты нæ царды хабæрттæ суанг Империалистон хæсты райдианы онг.

1915 азы мæ акодтой Турчы хæстмæ. Хайад истон Ставраполы 597-æмфистæгонты полчы. Мемæ уыд дæс иронæй фылдæр. Тадтаты Реуаз æмæ Багаты Пидо – къахеттæгтæ, Дзеранты Леуан æмæ йе фсымæр – Карелæй, Хъуызылты Никъо æмæ Уазæгты Додти – Ленингорæй, Тедеты Уасикъо – Хъорсеуæй, Къудухтæй Симон, Хуыбиатæй, Музиатæй – ленингойрæгтæ.

Фыццаг хатт уыдтæн курсыты. Стæй æртæ мæйы ахуыр кодтон полчы скъолайы, фараст мæйы та дивизион сколайы. Ахуыр кодтам Калачы, Лоткины къуылдымыл. Ацы ран ахуыргæнгæйæ мын радтой хистæр унтер офицеры ном.  Уырдыгæй нæ арвыстой Турчы хæстмæ, командæ кодтон дыууиссæдз лæгыл. Уацары ракодтон нæ ныхмæлæууæг Турчы æфсадæй æнæхъæн колоннæ, сæ фылдæр уыдысты гуырдзиæгтæ, номхыгъд куы арæзтон, уæд рабæрæг сты: Имнадзе, Харадзе, Симонидзе, Абашидзе, Закаридзе, Тотадзе, Гамхърелидзе, Митаралидзе,  æмæ афтæ дарддæр. Сæхи хуыдтой огълытæ, се ‘взаг бынтон дæр нал зыдтой гуырдзиаг мыггæгтæ цы хастой, уымæй дарддæр уыдысты пысылмæттæ. Туркæг-тæ дзы бирæ нæ уыд, æцæгæлон адæмыл цы ауæрстой, фæнды мæлæт фæнды цæ-рæд.

Турчы паддзахы куы раппæрстой уæд, уыдтæн полчы радгæс, æрæгмæ йæ базыдтон, прапорщик мын æй загъта. Ацы рæстæджы полициæгтæ æфсады сæ разæй скодтой æмæ сæ винтовкæты хъæдтæй нæмгæ тардтой.

Къогоры уыд æмбырд, радтон мæ куыст æмæ æз дæр ацыдтæн уырдæм доклад кæ-нынмæ. Уый фæстæ Дорохцовы скульптурæ раппæрстам, уыдис хиды хъусыл архы был, йæ быны уыд сыгъзæрин æхцатæ дыууиссæдз туманæй фылдæр.

Мæ къах цæф кæй уыд, уый тыххæй ме ‘нæниздзинад фæцудыдта æмæ 1918 азы Туркæй рацыдтæн отпусчъы  ноябры мæйы æмæ æрцыдтæн нæхимæ. Дыууадæс боны фæстæ ма ныццыдтæн Калакмæ, фæлæ уæдмæ  не ‘фсад æрæздæхтысты Турчы хæстæй. Гуырдзыйы хицауад сын сæ хæцæнгæрзтæ æрæвæрын кодтой сæхимæ.

Уыцы аз  Дзауы бацыдыстæм  иу æстдæсæй партимæ, айста нæ Дзадтиаты Алыксандыр, уыдыстæм дзы æз, Карсанты Писыр, Битеты Н., Цхуырбаты Ц., Хъоцыты Т., Джиоты К., Котолиты Г. æмæ æндæртæ.

Советон хицауад расидыны фæстæ 1920-æм азы гуырдзыйы  хицауад сæрра сты æмæ ирон адæмæн расидтысты геноцид. Гæрзифтонгæй æрбабырстой Хуссар Ирмæ. Цы ма сæ урæдта,  холыхор куыйтау, лæбурттой Ирыстонмæ,  нал æмæ нал æфсæстысты ирон адæмы тугæй. 

Гуырдзыйы меньшевиктæ бырстой размæ, ницæуыл ауæрстой. Горæтмæ  бахизæнты сын бацайдагъ стыр тугкалæн тох. Растадонтæ нæмыг цух æййæфтой, уыййас тыхтæ дæр сæм кæм уыд æмæ сæ уым меньшевиктæ ныппырх кодтой. 

Бæди куыд дзырдта уымæ гæсгæ уыдон ныппырх сты Дзауы комы хъæдты дæр  къордтæй, лигъдон адæм лыгъдысты æмæ сæ хъахъхъæдтой тугмондаг гуырдзиаг лæгмартæй. Ципранæй сæ ахизын кодтой.  

– “Дæ бон ныккалай уæйгæнæг! Ципраны хъæдты бадтыстæм æмæ нæм уырдæм фæзынд нæхицæй иу ахæм уæйгæнæг лæппу лæг, йæ ном ын нал хъуыды кæнын, фæлæ нæм ссыд æмæ нæ æрсайдта бынмæ, ничиуал, дам, сæ ис ам, аздæхтысты, дам. Мах дæр фæныфсджын стæм æмæ æрхызтыстæм хъæдтæй бынмæ. Уырдæм нæ ныццавтой гуырдзыйы меньшевиктæ, фæмард нæ ис бирæ,  сæ къухты дæр дзы бирæ бафтыд.  Аирвæзтæн та ам дæр мæлæты дзæмбытæй, мæ къах фæцæф æмæ ма мæхи донмæ баппæрстон,  иу цалдæрæй цæфтæй дон-дон фæцыдыстæм. Уый фæстæ нæм æрбайхъуыст, кæй ракодтой уырдыгæй уыдоны уый фæстæ Згъудеры къуылдыммæ скодтой æмæ сæ уым фехстой.”

Чъребайы уынгтæ сау мыр баисты, ту-джы зæйтæй азмæлæнтæ нал уыд. Ӕнæ-хъæн Ирыстон горæтæй-хъæуæй цъæх пиллон арты сыгъдысты, зæхх дæр семæ. Цъыбыртты сыгъд бакодтой Дзауы комы хъæуты.

– “Баиу та стæм кæмтты цы къордтæ æмбæхст уыд уыдонимæ. Гуырдзы размæ бырстой судзгæ æмæ маргæ. Мах, лигъдон адæмæн тæрсгæйæ, сæ фæстæ цыдыстæм гуырдзыйы меньшевиктимæ тохгæнгæ. Нал нæм нæмыг уыд, нал тыхтæ, цæфтæй цыдыстæм размæ. Бахæццæ стæм Ручъы коммæ. Схызтыстæм Ручъы æфцæгмæ æмæ уырдыгæй хъахъхъæдтам кæд ма нæ лигъдон адæмæй исчи æсзынит. Ничиуал дзы разынд,  сулæфыдыстæм.  24 ма баззадыстæм. Ӕрцæттæ кодтам нæхи мæлæтдзаг хæстмæ цæфтæй, нæ хъæдгæмттæй нæ туг мызти. Нæ тугцъир знæгтæм нæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Хъахъхъæнæг иу ракаст. Иу афон ныхъ-хъæр кодта, æрбацæуынц, сæ къох-къох цæуы! Гъе ныр у, йе, нæ тугкалæн хæст! Нæмыг дæр нæм уыййас кæм уыд æмæ æнхъæлмæ кастыстæм æрбаввахс нæм уой. Уæлæмæ куыд  бырыдысты сæ цыппæртыл афтæ сыл нæмыджы зæй ауагътам уырдæм. Ӕхстам сæ винтовкæтæй æмæ нæм цы æнæбары пулемет уыд, уымæй. Ручъы æфцæгыл сын сæ фарсæй фæкодтам сæ цин æмæ сæ фыдмитæ. 

Уырдыгæй ацыдыстæм Дзæуджыхъæумæ, фæлæ нæм уым  ноджы стырдæр фыдбылызтæ æнхъæлмæ каст. Уым та нæ  цæттæ кодтой Бургъустаны хæстмæ.  Цалынмæ хæстмæ нæ ацыдыстæм, уæдмæ нын Дзæуджыхъæуы вокзалы уыд митинг, уым раныхас кодтой Киров, Санахъоты Владимир, Дзаттиаты Алыксандр. Нæ къордмæ ма æрбаиу сты дзæуджыхъæуккæгтæ æмæ нæ арвыстой хæстмæ урсгвардионты ныхмæ. Фидар лæууыдыстæм сæ ныхмæ ацы бандæтæн, фæлæ нæ иу улæфты рæстæджы нæ хистæр уырыссаг ауæй кодта.  Командæ не скодта, урсгвардионтæ куы арбацæйцыдысты уæд,  уыдон, зæгъгæ, æххуысмæ æрбацæуынц æмæ нæ æдзæдтæйæ æрбаййæфтой æмæ нæ ныццагътой. Ацы ран сусæгæйæргомæй Орджоникъидзеимæ баст уыдысты гуырдзиаг меньшевиктæ уырыссаг мыггæгтимæ, фæстæдæр сæ базыдтам, фæлæ ма цы. Ацы бригадæйы фылдæр  уыдыстæм Хуссар Ирæй, иу цалдæрæй ма раирвæзтыстæм… ралыгъдыс-тæм æмæ æрцыдыстæм Сындзы хъæумæ.

1920 азы зымæджы рацыдыстæм Хуссар Ирмæ. Нырма уал Сауугæрдæнмæ æрбацыд Дзадтиаты Алыксандр, æрбахаста асыччы мидæг гранаттæ, гил-дзтæ æмæ цалцæгкæнинаг винтовкæтæ, радта сæ мæнмæ.

Уыдыстæм Тырсыйы дæр. Плиты Олгъа батальоны хистæры хæдивæг уыд… Пасанаурмæ æрцыдыстæм, уым æввахс фæсвæдты загътой, ис дзы, зæгъгæ, гуырдзиаг æфсад. Ацыдыстæм иу дыууадæсæй. Ничи дзы ис, алыгъдысты. Пасанаурæй нæ дæлæмæ нал ауагътой. Куыйты сæр хæрæнт, Орджоникъидзе приказ радта æмæ нæ нал ауагътой  гуырдзыйы ‘рдæм. Чидæртæ дзы  цалдæр  ссæдзæй алыгъдысты Лалисы æфцæгыл… фæстæмæ сæ аздæхтой Къобыл… чидæртæ дзы ахызтысты Захъхъайы хъæдласæныл зымæджы æвæды. Иннæтæ горæтмæ ныццыдысты. Мах нæ фæндаг сарæзтам хуссармæ, цæмæй тагъддæр æрхæццæ уæм.  Плиты Олгъайы сæргълæудæй… Зикъарайы хæхтыл… Чеселтыл, Раройыл, мæстæй нæ туг æхсыст, æххормаг æмæ фæллад дæр нал хатыдыстæм. Плиты Олгъа-иу ныл афтæ скомандæ кодта цъæхснаг хъæлæсæй, æмæ-иу кæмтты анæрыд, ахæм хъæбатыр сылгоймаг уыд. Ӕрхæццæ стæм Дзаумæ, нæхи бафидæрттæ кодтам, фæцæуæм Чъехы нарæджы… Мæсты адæм, цыма ныл исчи базыртæ басагъта… Афтæ кæмдæриддæр æй-йæфтам  гуырдзиæгты, нæ сыл ауæрстам, нæ мæгуыр адæмы маст сæ истам. Тæрæм сæ, асыгъдæг сæ кодтам Чъехæй суанг Маранеты хъæумæ. Ӕмæ та Орджоникидзейы бардзырдæй нæ разы æрлæууыдысты  æфсад… Афтæ нæ цæгъдын кодта Орджоникъидзе Ленины номæй, нæ мæгуыр ирон адæмы.

Алы бон Ленины уæгъд нæ уагъта Орджоникъидзе, ныдздзæнгæрæг æм  кæны, ацы абырджытимæ мæ бон нал у, цы ми сын бакæнон? Ацы ныхæстæ иу æмæ дыууæ хатты нæ загъта Ленинæн, фæлæ алы дыккаг бон. Ленин дзы куы сфæлмæцыд, уæд ын загъта, цы дæ фæнды, уый сын кæн. Ацы ныхæстæм æнхъæлмæ каст Орджоникъидзе дæр, цы йæ фæндыд, уый йæ къухты бафтыд, æмæ ирон адæ-мы абырджыты номæй фæцæгъдын кодта сусæгæй-æргомæй. Рацæудзæн рæстæг æмæ алцы дæр рабæрæг уыдзæн”.

Уæдæ Медойты Бæди (Иван) хуымæтæджы лæг нæ уыди, кæд царды уæз афтæ æзонгæй йе уæхсчытыл æрæнцой кодта, уæддæр. 92 азы йыл куы цыд, уæддæр æм йе ‘взонджы бонты цы фидар хъару уыд, уымæй бирæ нæ фæцудыдта, фидар уыд йæ куырдадзы арæзт кардау. 18 азæй фæстæмæ цы уæззау æмæ хæстон фæндæгтыл рацыд, уымæй никуы рахъаст кодта, æрмæст-иу загъта: “Хуыцау дын цы  хъысмæт сныв кодта, дæ райгуырдæй дæ амæлæты бонмæ уый хъуамæ де  ‘ккой хæссай кæрæй кæронмæ.”  Ӕниу, 18 азæй фæстæмæ мæлæты цæстытæм арæх каст. Ӕвæццæгæн-иу бирæ хатт загъта, мæнæ ныр мæ цард фæци, фæлæ та-иу мæлæт йæ иувæрсты ахызт. Къаддæр нæ уыдысты, Советон хицауад куы ‘рфидар, уыцы рæстæджыты фыдæбæт-тæ дæр, фæлæ уыдон та хицæнæй дзуринаг сты.

Æлборты Агуындæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.