Цæгат Ирыстон та радон хатт равдыста йæ культурæ æмæ зонады бæрзонд æмвæзад Мæскуыйы æрвылазон традицион чингуыты фарастæм фестиваль «Сырх фæз»-ы.

Уæрæсейы регионтæй фестивалы цы 400 рауагъдады архайдта, уыдоны ʻхсæн уыдысты Ирыстонæй дæр: «Ир», «Респект», «Харизма» æмæ «Перо и кисть», стæй литературон журналтæ «Дарьял», «Мах дуг» æмæ «Ногдзау». Презентаци дæр амыдтой журналты редактортæ Цхуырбаты Алан, Хетæгкаты Оксанæ, Бигъаты Дианæ, стæй «Ир»-ы сæйраг редактор Быгъуылты Мæдинæ. Равдысты ма уыдысты хицæн авторты сфæлдыстад дæр.

Уазджытыл зæрдиагæй сæмбæлд æмæ сын арфæ ракодта РЦИ-Аланийы Æххæстбарджын минæвар Президенты цур Игорь Барсков.

«Ацы фестивалæн ис стыр нысаниуæг. Вæййы дзы фембæлдтытæ фысджытимæ, мастер-къласстæ, лекцитæ, театралон равдыстытæ, сывæллæтты ирхæфсыны мадзæлттæ… Ацы аз организатортæ бацæттæ кодтой ахæм программæ, цæмæй рауагъдадты æмæ чиныгуарзджыты зæрдæтæ барухс кæной. Мах сарæзтам нæхи стенд ахæм номимæ: «Алания: люди, смыслы, события». Нæ фæз срæсугъд  кодтам ирон зæдты фæлгонцтæй. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы Барамындæй ацы аз расидтыстæм нарты азæй, «Нартиадæ», зæгъгæ. Уымæ гæсгæ, адæмы рæгъмæ рахастам Нарты эпосæй бирæ литературæ. Тынг нын арфæ кодтой Цыбырты Людвиджы чиныг «Осетинская нартиада»-йы тыххæй. Зæгъæн ис, равдысты æппæт чингуытæ дæр уæйгонд æрцыдысты», – йæ тæлмæнтæ радзырдта Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдары хæдивæг Гæбæлаты Мæдинæ.

Нартиадæйы азæй дарддæр ма республикæйы 100 азы æмæ Гæздæнты Гайтойы райгуырды 120 азы бонмæ уагъд æрцыд бирæ литературæ æмæ аккаг бынат бацахстой фестивалы. Равдысты архайдтой «Гæздæнты Гайтойы хæлæртты æхсæнад» саразæг, прозаик Юрий Нечипаренко æмæ Гайтойы сфæлдыстадæн чи аргъ кæны, уыдон.

Республикæйы сырæзты 100 азы фæлгæтты хицæн презентаци арæзт æрцыд журналист-историктæ Таутиаты Хъазыбег æмæ Феликс Киреевы чиныгæн «История становления и развития государственности Северной Осетии».

«Мæскуыйы цы фарастæм фестиваль уыд, уырдæм аластам дыууæсæдæ номимæ алыгъуызон чингуытæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл сывæллæттæн фыст литературæйæ, историйæ, аивадæй. Уыимæ журналтæ. Уыдонæй бирæтæн нæй ссарæн интернеты, нæй сæ балхæнæн Мæскуыйы. Алцы аласæн нын нæ уыд, фæлæ бацархайдтам равзарын ахæм чингуытæ, кæцыты руаджы Мæскуыйы цæрджытæ нæ национ культурæ, æгъдау, традицитимæ хуыздæр базонгæ уыдзысты. Адæм ма хорз æлхæдтой «Алайнаг библиотекæ», Сталины чингуытæ,  дзырдуæттæ, ирон æмбисæндтæ æмæ къæбицы сусæгдзинæдтæ, Дзæуджыхъæуы къамты открыткæтæ… Фæлæ нæм уæддæр алцы нæ уыд. Зæгъæм, зæрдиагæй агуырдтой нæ Ирыстоны зынгæ спортсменты, музыкантты, Евгений Вахтанговы цард æмæ архайды тыххæй фыст чингуытæ, фæлæ нæм нæ уыдысты. Ныр уыцы рæдыд баххæст кæнынмæ хъавæм. Иуныхасæй, тынг разыйæ æмæ рæсугъд тæлмæнтимæ æрæздæхтыстæм фæстæмæ», – загъта рауагъдад «Ир»-ы сæйраг редактор Быгъуылты Мæдинæ.

Ирыстонæй чидæриддæр Мæскуыйы чингуыты фестивалы ар-хайдта, уыдон æндæр дзырд нæ кæнынц: мæскуыйаг ирæттæй дарддæр нæ фæзмæ цыд бирæ алы адæмыхаттытæ, уыимæ фæсарæнтæй. Цин кодтой ирæттыл, агуырдтой нын нæ чингуытæ. Алкæимæ аныхас кæнынæн, къамтæ исынæн дæр рæстæг ссардтой махуæттæ. Уæдæ рауагъдад «Ир»-ы типографы хицау Зассеты Болат нæ ирон чъиритæ æмæ бæгæныйæ æнæ ацаходгæйæ никæйы ауагъта. Радон хатт та равдыстам нæ уазæгуарзондзинад æмæ нæ интеллекты бæрзонд æмвæзад. Уый ноджы тынгдæр бамбардзысты, нæ чингуытæ нын чи самал кодта, уыдон…

Джусойты Нинæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.