Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр гастролон балцы ис Цæгат Ирыстон-Аланийы, цы ран хайад исы Националон театрты 9-æм æхсæнадæмон фестиваль «Сцена без границ»-ы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры пресс-службæйы нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй коллектив радон фестивальмæ йæхи бацæттæ кодта развæлгъау. Уыдон уырдæм хуынд æрцыдысты фæззæджы райдианы. Сфæлдыстадон советы уынаффæмæ гæсгæ бахастæуыд фæндон, цæмæй фестиваль «Сцена без границ»-ы равдисой ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ уацмыс «Фатимæ»-мæ гæсгæ æвæрд спектакль, кæцыйы сæвæрдта режиссер Дзуццаты Тамерлан. Хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæ спектаклы премьерæйæн аргъ кодтой ацы аз февралы мæйы. «Фатимæ» æвæрд æрцыдис ацы аз нæ республикæйы Хетæгкаты Къостайы азæй расидт кæй æрцыдис, уый цытæн. Ныр та спектаклæн аргъгæнджытæ уыдзысты Цæгат Ирыстоны сценæмæкæсджытæ æнæхъæн къуырийы дæргъы. «Дзæуджыхъæуы Тæбæхсæуты Балойы номыл цæгатирыстойнаг паддзахадон академион театры сценæйыл уагъд цæуы фестиваль «Сцена без границ». Фестивальмæ нæ паддзахадон драмон театр абалц кодтой 4-æм ноябры. «Сцена без границ» ацы аз уагъд цæуы фарастæм хатт. Хайад дзы фæисынц цæгаткавказаг паддзахадон театртæ æмæ ма йæм хуынд æрцыдысты Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæйы паддзахадон драмон театртæ дæр. Нæ театр ацы фестивалы фыццаг хатт нæ исы хайад. Уымæй размæ азты дæр-иу дзы хайад райстам æмæ-иу æрæздæхтыстæм æндæр æмæ æндæр хорзæхтимæ, уыдон æмрæнхъ-нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы хуыздæр рольтæ, хуыздæр режиссурæ æмæ æндæртæ. Ацы азы Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайыл 160 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд расидт æрцыдис Къостайы азæй æмæ æнæмæнгхъæуæгыл банымадтам, цæмæй фестивальмæ ахастаиккам спектакль «Фатимæ». Æдæппæтæй труппæйы архайы дыууынæй фылдæр адæймаджы. Фестиваль райдыдта 4-æм ноябры æмæ йæ бакодтой Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл театр Н. Гогольы уацмысмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Ревизор»-æй, кæцыйы æвæрæг режиссер у Уалыты Гиви. Нæ труппæ та сценæмæкæсджыты размæ рахызтысты 5-æм ноябры, изæрæй. Ныртæккæ йæ нæ зонæм, цахæм аргъ сын скодтой фестивалы, фæлæ фæстæдæр бæрæг уыдзæнис. Фестивалы ма ныры онг спектакльтæ равдыстой Абхазы,   Хъуымыхъæгты паддзахадон драмон театртæ. Абон та сценæмæ рахиздзысты Кæсæг-Балхъары æмæ Адыгейы паддзахадон драмон театртæ. Фестиваль æхгæд æрцæудзæнис 8-æм ноябры Тæбæхсæуты Балойы номыл театры спектаклæй. Уымæй дарддæр ма фестивалы фæлгæтты уагъд цæуынц сæрмагонд мадзæлттæ. Фестивалы хайадисджытæн уыдис сфæлдыстадон фембæлд зынгæ ирон режиссер Гуæцæлты Маратимæ. Уымæй дарддæр ма сын 7-æм ноябры уыдзæнис зындгонд режиссер Сæлбиты Акимы мастер-кълас», – загъта Зæгъойты Рада.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.