Куыд зонæм, афтæмæй æрæджы Цæгат Ирыстоны уагъд æрцыдис Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Стыр ныхас»-ы IХ-æм съезд. Съезды куысты хайад райстой 700 адæймагæй фылдæр. Се ‘хсæн дзæвгар уыдис делегаттæ Турк, Греци, Канадæ, Украинæ æмæ æндæр бæстæтæй. Съезды фарстытæй алкæмæй ахсджиагдæрыл æз нымайын, не ‘взаг, нæ культурæ æмæ не ‘гъдæуттыл дзырд кæм цыд, уыдон.  Ацы фарстытыл дзырдтой бæстон æмæ лæмбынæг. Сæ сæххæст кæныны тыххæй съезды хайадисджытæ фæндæттæ дæр хастой. Карзæй дзырдтой æмæ фæдзæхстой уыцы бинонты, хæдзары æппынæдзух сæ кæстæртимæ, иронау нæ, фæлæ æндæр æвзæгтыл дзурыныл чи архайы. Æвзаджы фарстыл дзургæйæ ма раныхасгæнджытæ банысан кодтой, зæгъгæ, нæ рæвдауæндæттæ æмæ ахуыргæнæндæттæм цы æндæр æвзагыл дзурæг кæстæртæ цæуы, уыдон сæхæдæг дæр æмæ сæ ныййарджытæ дæр архайынц, цæмæй сæ кæстæртæ базоной иронау кæсын, дзурын æмæ фыссын. Уый хыгъд ирон хъомылгæнджытæй бирæтæ домынц, цæмæй сын рæвдауæндæтты æмæ скъолаты сæ сывæллæтæй уыдæттæ ма домой. Уый тыххæй хъасты гæххæтытæ дæр дæдтынц мидхъуыддæгты хайадтæм.

Алы адæмæн, уыцы нымæцы ирон адæмæн дæр се ‘взагау ахсджиаг сты се ‘гъдæудтæ. Уый тыххæй съезды куырыхон лæгтæ фæндон бахастой, цæмæй куыд æмбæлы, афтæ æххæст цæуой, æмæ æнæмæнгхъæуæгыл банымадтой, цæмæй арæзт æрцæуа æгъдæуттæ æххæсткæнæг къорд. Уыимæ ма банысан кодтой, зæгъгæ, нæ адæмæй хуыздæр æмæ рæсугъддæр æгъдæуттæ никæмæн ис. Уыдон бындурон æмæ бæстонæй, æнæ иуырдæм æнæивгæйæ æххæст куы цæуиккой, уæд бирæ хъуыддæгты нæ царды уавæртæ уаиккой хуыздæр æмæ размæцыддæр.

Алыгъуызон æгъдæудтæй дарддæр ма адæмты кад бæрзонд кæны культурæ. Ацы фарсты дæр ис къорд цухдзинады. Нæ æрыгон фæлтæртыл æнцонæй æндавынц ныгуылæн бæстæты æрыгон фæлтæртæй телеуынынад газеттæ æмæ журналты фæрцы цы уынынц уыцы,  æнæуаг митæ. Ам дæр сæ принципиалондзинад хъуамæ равдисиккой хъомылгæнджытæ. Уыдон хъуамæ зониккой сæ кæстæртæ, барæй скъуыдтæ хæлæфты куы рацæуынц, æмæ сæ чи уыны, уыдон сын арфæ кæй нæ ракæнынц, уый. Раныхасгæнджытæ ма дзырдтой æмæ домдтой цæмæй алы ирон æмбæстаг дæр, кæмфæнды дæр ма уа, уæддæр архайа, æмæ араза йæхицæн æмæ ма ирон адæмæн дæр чи кад кæна, ахæм хъуыддæгтæ.

Съезды раныхасгæнæг сылгоймæгтæй та сæ иу банысан кодта, зæгъгæ, чызджы сæйраджыдæр хъомыл кæны мад. Хъомыл æй хъæуы афтæ, цæмæй фау æрхæссæн ма уа, мадæр йæ ацыд æмæ мадæр йе ‘рбацыдмæ.

Раныхасгæнджытæй сæ иу та банысан кодта, зæгъгæ, нæм нæй мæгуырау фæсивæд. Цæмæй уой ноджы хуыздæр, уый тыххæй, аразын хъæуы разæнгардгæнæг мадзæлттæ. Цæмæннæ ис гæнæн, æмæ алы аз дæр дæттæм æппæт хъуыддæгты дæр чи фесгуыхт, цæвиттойнаг чи у, ахæм кæстæрæн «Кадджын кæстæр»-ы ном.

Дудайты Земæ,

Дменисы астæуккаг скъолайы

ирон æвзаг æмæ литературæйы

 Ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.