Хъазиты Мелитон – Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар

– Æз ацы съездмæ уый тыххæй не ‘рбацыдтæн æмæ дзы мæхицæн исты ахæссон, фæлæ æрбацыдтæн ахæм хъуыдыимæ, цæмæй Ирыстоны проблемæтыл ныхас цæуа  æмæ ныхæстæн уа бындур. Зæгъæм, мæн сæйраг æндæвта, Ирыстоны баиуы тыххæй цы хъуамæ аскъуыддзаг кæнæм æмæ сæйраджы сæйраг, ацы хъуыддагыл дыууæ ничи загъта. Уыдис-иу, уымæй размæ ныхмæ чи уыдис, ахæмтæ дæр, фæлæ ныр йæ ныфс ничи бахаста, зæгъæм, ныхмæ исты зæгъынмæ. Стæй æнæуыйдæр цы хъуамæ зæгъа? Уый у ирон адæмы иумиаг бæллиц, фыдæлты бæллиц æмæ у æххæстгæнгæйæ. Æмæ бацархайын хъæуы алыгъуызы дæр, цæмæй Ирыстон баиу уа. Абон уыцы хъуыдыйыл цыдис дзырд, мæхæдæг дæр æй загътон, стæй-иу ыл æмдзæгъд кодтой, æмæ уый та нысан кæны, адæм разы кæй сты. Нæ ирон æвзаджы тыххæй, хуыздæр æй сахуыр кæныны тыххæй хæсджын стæм, хуыздæр æмæ йæм лæмбынæгдæр цæмæй æркæсæм. Зæгъæм, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн æнæмæнгæй хъæуы сæ мыздтыл бафтауын, къух куыд амоны, афтæ. Уый тынг стыр æххуыс фæуыдзæнис æрмæст ахуыргæнджытæн сæхицæн нæ, фæлæ ахуыргæнинæгтæн дæр, стæй ма стыр æххуыс фæуаид университетты ирон факультеттæм чи цæуы ахуыр кæнынмæ, уыцы абитуриентты нымæц бæрæг фæфылдæр кæнынæн дæр. Уымæ æнæмæнгдæр хъус æрдарын хъæуы. Мæ зæрдæмæ ма ацы съезды фæцыдис уый, æмæ кæрæдзи хуыздæр æмбарын кæй райдыдтам. Делегаттæ дæр ныр кæрæдзийы хуыздæр æмбæрстой. Ныр иууылдæр дзырд цыдис Ирыстоны иумиаг проблемæтыл, æмæ уый та у тынг хорз хъуыддаг.

Хъарданты Тимур – горæт Дигорайы патриотикон клуб «Фыдыбæстæ»-йы къухдариуæггæнæг:

– Æппæтирон адæмы дæсæм съезд мæ зæрдæмæ фæцыдис. Æз ма уымæй размæ, 2007-æм азы Хуссар Ирыстоны  уагъдцæуæг съезды дæр хайад истон. Уæд фыццаг хатт уыдтæн Цхинвалы æмæ мыл ныууагъта хорз тæлмæнтæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, саразын хъæуы афтæ, цæмæй-иу съезд иу аз уагъд цæуа Хуссар Ирыстоны æмæ иннæ аз та – Цæгат Ирыстоны. Уый та, мæнмæ гæсгæ, ахъаз фæуаид нæ адæмы иудзинадæн. Æз æнкъарын хусарирыстойнаг адæмы хъарм, хæларадон ахаст æмæ мын у тынг æхсызгон. Раздæр уын истон уæ газеттæ дæр æмæ уыдон руаджы хуыздæр зонгæ кодтон Хуссар Ирыстоны æрцæугæ цаутимæ. Ныр уын цæмæндæр нал исæм уæ газеттæ. Уый та уый тыххæй зæгъын, æмæ ахæм фарстытæ кæй хъæуы хæссын съезды уынаффæмæ, цæмæй, цас гæнæн ис, уыйбæрц скъуыддзаг цæуой хицауады ‘рдыгæй дæр æмæ хуымæтæг адæмы ‘рдыгæй дæр.

Мæнæн мæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты Президент Бибылты Анатолийы ныхæстæ ирæтты хи номы тыххæй. Раст у, хъуамæ ма рох кæнæм нæ истори æмæ хъуыды кæнæм нæ фыдæлты, аланты æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ нæ хъæуы рох кæнын, мах дунейы кæй зонынц, куыд ирæттæ, афтæ. Нæ фыдтæ æмæ нæ дадатæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты немыцаг фашисттимæ тохы рæстæджы стыр хъæбатырдзинад æвдыстой æмæ уæд алантæ нæ, фæлæ ирæттæ хæцыдысты знаджы ныхмæ. Æмæ уыдон ферох кæнæм, уый раст нæу. Истори цæуы йæхи фæндагыл æмæ йæ фæстæ уадзы йæхи сæрмагонд фæд.

Æвзаджы тыххæй дзырд куы цæуа, уæд ам съезды чи ныхас кодта, уыдонæй бирæтæн сæ хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæ сæ мадæлон æвзагыл дзургæ дæр нæ кæнынц. Ам дзырд цыдис, зæгъгæ, æвзаг хъæуы ахуыр кæнын æмæ зонын, фæлæ йыл, хъыгагæн, æмбæлон куыст нæ цæуы. Дæнцæгæн уын æрхæсдзынæн уый, æмæ æрæджы улæфæн парчы ирон фæсивæд хъазыдысты доминойæ æмæ дзырдтой гуырдзиагау. Уæд æз ахъуыды кодтон, зæгъгæ, гуырдзиæгтæ сты, фæлæ фæстæдæр кæрæдзимæ сдзырдтой иронау, æмæ йæ бамбæрстон, ирæттæ кæй сты. Худинаг хъуыддаг у, де ‘взагыл ма дзур æмæ йыл уæлæхох кæн, уый. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ нæ мадæлон æвзагыл куы нæ дзурæм, уæд ма цæй ирон адæм уыдзыстæм.

Пухаты Жале – туркаг ирон диаспорæйы аразæг:

– Фыццаг хатт уыдтæн ирон адæмы съезды æмæ мын диссаджы æхсызгон уыдис йæ куысты хайад райсын. Æнæуый йæ хъусгæ кодтон, Турчы дæр æй  зонæм, ирæттæн съезд кæй вæййы, уый. Мæнæн ацы съезд уыдис куыд стыр бæрæгбон, афтæ. Съезд иу бонмæ нæ, фæлæ фылдæр куы ахастаид, уый мæ фæндыд. Фыццаджыдæр уымæн, æмæ мæ ирон æвзаг дæр фæхъæздыгдæр кодтон нæ куырыхон лæгты раныхæстæй. Мадæлон æвзаг кæй уарзын, уымæ гæсгæ æз тынг лæмбынæг хъуыстон æппæт раныхæстæм дæр. Уый мæнæн стыр ахъаз у, мадæлон æвзаг хуыздæр базонынæн. Уæлдай æхсызгон та мын уый уыдис, æмæ нæ хотæ, не ‘фсымæртимæ кæй базонгæ стæм. Бирæ рæттæй æрцыдысты Ирыстоны зæхмæ æмæ уыдон дæр, æз куыд цин кæнын, афтæ цин кæнынц, нæ иумиаг хъуыддæгтыл съезды ныхас кæй цыдис, кæрæдзийы цæстæнгасæй кæй рæвдыдтам, уый тыххæй. Съезды дзырд цыдис, ирон адæмæн пайда чи сты, ахæм ахсджиаг фарстатыл. Ирондзинады, ирон культурæйы, ирон æгъдæутты фидæны хъысмæты тыххæй риссынц нæ хистæрты зæрдæтæ æмæ сæ рахастой адæмы размæ. Мæн фæнды, цæмæй съезды цы проблемæтыл дзырд цыдис, уыдон æвæрц-цагæй сæххæст уой æмæ даргъ, уæрæх цæуой нæ ирон адæм. Фылдæр хъæуы аразын, цæмæй нæ фæсивæд, нæ сомбонаразджытæм уа тырнындзинад æмæ цымыдисдзинад мадæлон æвзаг зонынмæ.

Махмæ дæр ис ирон æвзаджы проблемæ. Йæ рæстæджы нæ фыдæлтæ хъæутæй стыр горæттæм – Анкара, Стамбул, Измирмæ цæуын куы райдыдтой, уæд лæмæгъ кæнын райдыдта не ‘хсæн ирон æвзаг. Ассимиляци йæхи тынг равдыста. Мæ хъуыдыйы ис, бæргæ, иу къамис арæзт куы, рцæуид, цæмæй Турчы ирæтты проблемæты фæдыл лæмбынæгæй бакусой съезды къухдариуæггæнджытæ. Цæмæй адæмы ма стыхсын кодтаин, уый тыххæй ныхасы нæ рацыдтæн, фæлæ фæстæдæр аныхас кæндзынæн Кучиты фыртимæ. Стыр хъыгагæн, дæс-фынддæс азы фæстæ махмæ ирон æвзагыл чи дзура, чи зона, ахæм фæсивæд нал уыдзæн. Иуæй уый тыххæй, æмæ махмæ ирон скъолатæ нæй, нæдæр нæм курсытæ ис. Бузныг нæ ирон адæмæн, курсытæ цалдæр хатт бакодтам, æмæ-иу нæм уырдæм æрцыдысты ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ, фæлæ цалдæргай сахаттæ фаг не сты ахæм стыр горæтты. Стæй махæн нæ алфавит латинаг алфавиты бындурыл арæзт у. Кириллицæйы алфавит сахуыр кæнын та сæм фæкæсы зын æмæ йæ ныууа-дзынц. Курсыты райдиан ахуыргæнинæгты нымæц кæд 200 вæййы, уæд ма йæ кæронмæ баззайынц иу дæс адæймаджы. Туркаг ирæтты фæнды сæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ уый тыххæй та фылдæр уавæртæ хъæуы саразын, цæмæй сын уа тырнындзинад, уæлдайдæр та фæсивæдмæ хъæуы фылдæр хъусдард аздахын.

Хуссар Ирыстоны адæм тынг бирæ зындзинæдтæ федтой æмæ мæ бæрæгбоны тыххæй фæнды уыдонæн зæрдиагæй раарфæ кæнын. Мæ зæрдæ сын зæгъы сабыр æмæ амондджын цард, цæмæй макуыуал феной хæст æмæ рæсугъдæй аразой сæ райгуырæн бæстæйы фидæн.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.