Хуссар Ирыстоны цалдæр ведомствойы райстой техникон æххуысы хорз лæвæрттæ. Ног автотранспортон фæрæзтæ лæвæрд æрцыдысты Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад, Хъæууон хæдзарады министрад, Сæудæджерад æмæ транспорты комитет, Хъæды хæдзарады управлени, афтæ ма РХИ-йы Автомобилон транспорты управленийæн. Æдæппæтæй лæвæрд æрцыд 20 автотранспортон фæрæзы, кæцыты æхсæн ис ног микроавтобустæ, «УАЗ» машинæтæ, «ГАЗельтæ» æмæ æндæр хъæуæг техникæ. Сывæллæтты æмæ республикон соматикон рынчындæттæн дæр лæвæрд æрцыдысты дыууæ тагъд æххуысы автомашинæйы сæрмагонд медицинон ифтонггæрзтимæ. Горæт Цхинвалæй  Ленингор, Абреу, Арцеу, Синагур æмæ Балтайы хъæутæм цы зæронд автотранспорт куыста, уыдон дæр ивд æрцæудзысты ног «УАЗтæй».

Автомашинæты бынаты федтой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы ныхæстæм гæсгæ автомашинæтæ æлхæд æрцыдысты 2015 – 2017 азтæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты къамисы фæрæзтæй. «Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн социалон-экономикон æмгуыстады тыххæй радон Æхсæнхицауадон къамисы радон рабадты рахаст æрцыд уынаффæ, цæмæй æлхæд æрцæуа ног  автотранспорт фæцауæрзт фæрæзтæй, кæцыты бæрц у 52 милуан сомы»,  – загъта Пухаты Эрик.

Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Бекъойты Геннади куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æппæт техникæ дæр арæзт сты ног модификацимæ гæсгæ æмæ æнæмæнгдæр бæлццæтты зæрдæмæ фæцæудзысты. 20 азы дæргъы автопарк афтæ бирæ машинæтæй баххæст никуыуал æрцыд. Уымæ гæсгæ цæрджытæ се ‘ппæт дæр бузныг сты, сæ уавæртæ бæрæг кæй фæхуыздæр уыдзысты, уымæй.

Автомобилон транспорты управленийы сæргълæууæг Дудайты Альберт дæр йæ рады банысан кодта, Цхинвал-Дзæуджыхъæуы маршрутæн цы автомашинæтæ рахицæн кодтой, уыдонæн сæ гъæд  æмбæлон кæй у æмæ, зæгъгæ, ног микроавтобустыл бæлццæттæ тагъддæр æмæ хæрзвадатдæрæй хæццæ кæндзысты сæ бынæттæм. Йæ хъуыдымæ гæсгæ бæлц-цæтты фылдæр хай зынаргъ такситыл цæуыны бæсты равзардзысты ацы ног транспорт, уымæн æмæ иуæй сты гъæдджын, иннæмæй та билетты аргъ у асламдæр».

Президент Бибылты Анатоли автотранспортыл азилгæйæ, Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Бекъойты Геннадийæн бахæс кодта, цæмæй лæмбынæг æркæса горæты транспорты маршрутмæ, уымæн æмæ Цхинвалы кæцыдæр районтæ цух сты ацы лæггæдтæй. «Æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй цæрджытæ æдыхстæй хæццæ кæной куыд медицинон уагдæттæм, афтæ æндæр социалон нысаниуæгджын объекттæм дæр», – банысан кодта Бибылты Анатоли. Уый бахæс кодта, цæмæй ног къуырийæ, ома, 25 июнæй ног автотранспорт кусын райдайа нысанмæ гæсгæ.

Цхуырбаты Нодар ныр 30 азæй фылдæр кæны шофыры куыст. Йæхæдæг нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Цхинвал-Дзæуджыхъæуы маршрутыл уый шофырæй кусы дæс азы дæргъы. «Хъыгагæн, тынг базæронд нæ транспорт æмæ сæм кæд æмбæлон æгъдауæй зылд цæуы, уæддæр арæх фехæлынц æмæ уымæй та зындзинæдтæ æвзæрстой бæлццæттæ. Хатт-иу фæндæгтыл дæр баззадыстæм. Ныр уавæр фæивдзæн хуыздæрæрдæм æмæ бæлццæтты зæрдæтæ дæр рухс кæндзысты. Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн ацы лæвæртты тыххæй», – загъта Цхуырбайы фырт.

Кокайты Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.