Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста тыхон структурæтæ «К-9»- ы службæйон-прикладон цæттæкæнынады Федерацийы Президент Заур Абдурагимов æмæ Федерацийы генералон директор Рустам Гумбатовы.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны 10 азы цытæн горæт Цхинвалы профессионалон тохтæ ауадзыныл.

Заур Абдурагимов куыд банысан кодта, афтæмæй тыхон структурæты службæйон-прикладон цæттæкæнынады Федераци цæттæ кæны специалон нысаниуæджы дæлхайæдты æмæ тыхон ведомствоты кусджыты. «Комплекс-9» («К-9»)-ы сконды ис ахæм системæтæ куыд доны бын ленк кæнын, десантон, штурмгæнæн, хæцæн-гарзæй æхсын æмæ къухæй хæцыны цæттæдзинад.

«Махæн тынг æхсызгон уыдзæн гарзджын конфликты 10 азы сæраппонд турнир ауадзын, цæмæй тыхон структурæты æппæт фæмардуæвджытæн скад кæнæм, афтæ ма Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн хæларадон ахастытæ сфидар кæныны тыххæй», – загъта Заур Абдурагимов.

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг ацы фæндоныл сразы ис.

«Мах алы аз дæр архайæм, цæмæй спорты тыхон хуызтæй ауадзæм  тохтæ. Æрæджы уагъд æрцыд Æхсæнадæмон турнир боксæй, фарон та – Æхсæнадæмон турнир къух хæстæй. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уæ фæндоныл разы дæн», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президент бахæс кодта РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергейæн, цæмæй организацион фарстатыл бакусой æмæ турнир уагъд æрцæуа бæрзонд æмвæзадыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.