Ацы бонты та Хуссар Ирыстон фæстаг хæрзбон загъта нæ цардбæллон лæппутæй ноджыдæр дыууæйæн – Дудайты Алан æмæ Æлборты Олегæн, кæцытæ фæмард сты Донбассы  сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы.

Фæмардуæвджыты бинонтæн мæсæллæй кæнынмæ æрбацыдысты бирæ адæм. Фыдохы митингмæ æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой Президент Гаглойты Алан, Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Владимир, Генералон прокуроры хæстæ æххæстгæнæг Битеты Сергей.

«Ныртæккæ  цы   цаутæ  цæуы  Украинæйы, уым фæивын махæн нæ бон ницы у. Алкæуыл дæр нæ æндавынц. Нæ сæйраг партнер – Уæрæсейы Федерацийы фарсмæ балæууын алчи дæр нымайы йæ хæсыл. Дудайты Алан Донецкы уыд 2014-æм азæй. Йæхи хуызæн  цалдæрхъæбатыр, лæппуимæ уый уырдæм ацыд бархионæй. Лæггад кодтой донецкаг адæмæн, сæ зындзинæдты сæ фармæ лæууыдысты. Махæн, ирон адæмæн та кодтой кад. Бирæ хæстон архайдтыты истой хайад. Фæлæ, хъыгагæн, æрцыд фыдбылыз. Алан йæхæдæг дæр сидзæрæй схъомыл, ныр та  ныууагъта дыууæ сидзæры. Мах хæсджын стæм, уыдон рæвдауæм сæ фыды бæсты», – дзырдта фыдохы митинджы паддзахады сæргълæууæг.

Уый ма дзырдта, зæгъгæ, абон, се ‘нусон бынатмæ, цы дыууæ лæппуйы фæндараст кæнæм, ахæмты фæрцы фæуæлахиз уыдзыстæм фашизмыл. Фæлæ, уыцы уæлахиз æгæр стыр аргъæй æфты къухы. Ирыстон стыр аргъ скæндзæн йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыцы лæппутæн. Уыдон нæмттæ сызгъæрин дамгъæтæй хъуамæ фыст æрцæуой Ирыстоны ног историйы».

Президент Дудайты Аланы (йæ мæлæты фæстæ) схорзæхджын кодта «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майданæй, кæцы лæвæрд æрцыд йæ бинонтæм.

ДУДАЙТЫ Донна

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.