Нацийы стырдæр хъæздыгдзинад у æвзаг. Уымæ гæсгæ æвзаджы бахъахъхъæнын æмæ йыл не ‘рвылбонон царды дзурын у махæй алкæйы хæс дæр. Мадæлон æвзагыл цас фылдæр дзурой, фыссой æмæ кæсой, уыйас фидардæр кæны. Уый хынцгæйæ, Цæгат Ирыстон-Аланийы раздæры Сæргълæууæг Дзасохты Александры Барамындæй 2003 азы 15 май расидт æрцыд Ирон æвзаг æмæ литературæйы бонæй. Уæдæй фæстæмæ йæ æрвылаз дæр цытджын æгъдауæй банысан кæнынц куыд Цæгаты, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр. Ирон æвзаджы бонæн йæ нысаниуæг тынг стыр у.

Бæрæгбоны размæ, 11-æм майы ирон æвзаджы боны цытæн нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæйы уагъдæрцæуæг тымбыл фынгмæ æрбацыдысты философон зонæдты кандидат Дзугаты Къоста, ХИПУ-йы ирон литературæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг, поэт Плиты Серго, РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнджытæ, 6-æм астæуккаг скъолайы æмæ Колыты Аксойы номыл аивæдты паддзахадон лицейы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Дыгъуызты Лианæ æмæ Гæбæраты Фатимæ, РХИ-йы Культурæйы министрады библиотекæты куысты фæдыл сæйраг специалист Тедеты Мери, чиныгкæсджытæ, ХИПУ-йы студенттæ, ахуыргæнинæгтæ.

ирон æвзаджы сæйраг проблемæтæ æмæ сæ аскъуыддзаг кæныны фарстатыл, Дискусси рауад цымыдисон. Алкæмæндæр фадат уыд йæ хъуыдытæ æргомæй зæгъынæн, уæлдайдæр та æвзонг адæймæгтæн.

библиотекæйы директор Дриаты Нателæ æрмæбырдуæвджытæн раарфæ кодта ирон æвзаджы бæрæгбоны цытæн: «2012 азы РХИ-йы Парламент райста закъон, цæмæй республикæйы территорийыл уа дыууæ паддзахадон æвзаджы – ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ. Фæлæ кæд ирон æвзагæн паддзахадон статус ис, уæддæр абон иу документ дæр арæзт нæ цæуы мадæлон æвзагыл. Фарстæуы, афтæмæй  æххæст кæны паддзахадон æвзаджы статус æви нæ? Фæнды мæ уæ хъуыды базонын ацы фарсты фæдыл», – загъта Дриаты чызг.

«Йæ мадæлон æвзаг чи нæ уарзы, хъарм ахаст æм чи нæ дары, ахæм адæймаг гæнæн ис сомбоны йæ Райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй дæр рацæуа, ауæй йæ кæна. Йæ мадæлон æвзагыл чи æлгъ кæны, уымæн ирон схонæн нæй. Æндæр нацитæй хъауджыдæр, уазал ахаст цæмæн дарæм нæ мадæлон æвзагмæ? Ныййарджытæй бирæтæ хъаст кæнынц, зæгъгæ, ног чингуыты программæ зын ахуыргæнæн у. Афтæ чи хъуыды кæны, уыдон раст не сты. Колыты Аксо æртæ æмдзæвгæйæ йедтæмæ нæ ныффыста æмæ поэзи ууыл хъуамæ æрлæуыдаид? Хъæуы ног методтæ модернизаци кæнын, кружоктæ бакæнын, мадæлон æвзагыл литературон изæртæ уадзын. Битарты Зояйы бакуыстгонд программæ «Малусæг»-æн ныридæгæн ис тынг хорз фæстиуджытæ. Абон сабидæтты сывæллæттæ зонынц сæ мадæлон æвзагыл дзурын. Рæзгæ фæлтæримæ хъæуы æмбарынгæнæн куыст кæнын, науæд сомбоны байрæджы уыдзæн. Хорз уаид нæ хицауад куы райсид уынаффæ, , зæгъгæ, мадæлон æвзаг астæуккаг æмвæзадыл чи нæ зона, уый куыстмæ мачи хъуамæ райса», – загъта Плиты Серго.

 Гæбæраты Фатимæ банысан кодта, зæгъгæ, дон сæрæй рæсугъд кæны. «9-æм майы уæлахизы цытæн парады нæ райхъуыст иунæг ирон дзырд дæр æмæ уый цас раст у! Раздæр нæм уыд ирон æвзаджы рæзты фæдыл паддзахадон къамис, фæлæ уый дæр нал кусы, йæ программæ, дам, фæцис. Ау, программæйæн адарддæргæнæн нал ис? Алы адæймагмæ дæр хъуамæ уа национ идея, афтæ куы нæ уа, уæд нæ уый хорзмæ не ‘ркæндзæн. Бирæ ныййарæг фæзæгъы йæ сывæллонæн, зæгъгæ, ирон æвзаг ахуыр кæныныл дæ рæстæг дзæгъæлы ма саф. Мадæлон æвзаг адæмы  æнгом кæны. Хъæуы нæ бирæ бакусын ацы фарстыл. Æгæрыстæмæй, нын æндæр нациты минæвæрттæ дæр куы ахуыр кæнынц не ‘взаг, бирæтæ сæ æнæкæсгæйæ бакæсдзысты Къостайы фыст æмдзæвгæтæ, уæд мах не ‘рвылбонон царды цæмæннæ хъуамæ дзурæм мадæлон æвзагыл», – загъта Гæбæраты Фатимæ.

Дзугаты Къоста загъта, зæгъгæ, уый у ирон фыссæг Дзугаты Георгийы фырт. Мæнæн, дам, мæ чызг Дзерассæ мæхицæй хуыздæр зоны ирон æвзаг, уымæн æмæ йæ хъомыл кодта йæ нана Чилæхсаты Любæ. «Мæ фырт Батрадз дæр тынг хорз зоны йæ мадæлон æвзаг. 2012 азы дыууæ паддзахадон æвзаджы тыххæй цы закъон райстой, уый та у политикæ. Фæлæ махæн фыццаг рады алыхатт дæр хъуамæ уа нæ мадæлон æвзаг». Дзугайы фырт йемæ æрбахаста архивæй ист 1923-1931 азты документтæ ирон æвзаджы фæдыл.  Документтæй сæ иуы фыст ис: «Всем райпарткомам Юго-Осетинской Областной организации КПГ.

Согласно резолюции 12 съезда РКП по национальному вопросу и постановлению Зак.Цика, предлагается Вам постепенно ввести всякую переписку на осетинском языке в пределах Автономной области Юго-Осетии. Языком сношения с соседними республиками оставить русский язык. Отв.Секретарь областного парткома Юго-Осетии:

Зав.Орготделом 25 июля 1923 года».

Ахæм æнгæс документтæ истой цалдæр азы фæд-фæдыл. Уый 20-æм азты гуырдзыйы геноциды фæстæ. Уæдæ абон æвæллайгæйæ цæмæннæ хъуамæ кусæм ирон æвзаджы рæзтыл. Уыцы азты сæ кæд нæ «хорзмæбæллæг» сыхæгтæ хъыгдардтой, уæд абон та хæдбар, сæрибар паддзахад куы стæм.

Дзугайы фырт банысан кодта, зæгъгæ, йæ зæрдæмæ цæуы президент Гаглойты Алан ирон æвзагыл арæх кæй дзуры, уый. Афтæмæй уый цæвиттон æвдисы æндæртæн дæр.

Дыгъуызты Лианæ банысан кодта, зæгъгæ, скъолайы куыд хъæуы ирон æвзагыл дзурын, афтæ дзы хъуамæ пайда кæной хæдзары дæр. Абайты Вассо æнæхъуаджы куынæ загъта мыййаг, зæгъгæ, алы ирон хæдзары къулыл дæр фыст хъуамæ уа «Ам дзурынц иронау». «Раздæры азтимæ абаргæйæ, абон нæ мадæлон æвзаг æвзæр уавæры нæй, фæлæ нæ уæддæр фылдæр хъæуы кусын йæ рæзтыл. Советон Цæдисы рæстæджы ирон сабитæй бирæтæ мадæлон æвзаджы бæсты скъолайы ахуыр кодтой гуырдзиаг æвзаг. Семæ разы уыдысты сæ ныййарджытæ дæр. Уый уымæн афтæ уыд æмæ нæм национ идейæ ныллæг æмвæзадыл у. Хъæуы нæ бирæ бакусын ирон æвзаджы рæзтыл», – загъта Дыгъуызты чызг.

Ирон æвзаджы фæдыл ма сæ хъуыдытæ загътой æвзонг фæлтæры минæвæрттæ Гасситы Аннæ, Къæбулты Кристинæ, Икъоты Линдæ, Быценты Тея, Туаты Давид, Папашвили Александр æмæ æндæртæ. Уыдонмæ хъусгæйæ, зæрдæ цины малы аныгъуылд, æгайтма нæм мадæлон æвзагыл афтæ рæсугъд чи дзуры, ахæм фæсивæд ис.

Фыстæг-куырдиат: «Хъуыддагкæнынад арæзт цæуæд ирон æвзагыл»

Кæройнаг хатдзæджы тымбыл фынджы хайадисджытæ аскъуыддзаг кодтой РХИ-йы Хицауадмæ фыстæг-куырдиат ахæм фарстатимæ ныффыссыны тыххæй:

  1. «Ногæй æндидзыд æрцæуæд ирон æвзаджы рæзты фæдыл паддзахадон къамис.
  2. Иу мæйы æмгъуыдмæ къамис бацæттæ кæнæд йæ куысты план.
  3. Райдиан скъолайы цадæггай рахизын хъæуы ирон æвзагыл æппæт предметтæ ахуыр кæнынмæ.
  4. Хъуыддагкæнынад арæзт цæуæд ирон æвзагыл.

Ирон æвзаг у тынг рæсугъд æвзаг æмæ дзы мах иуылдæр хъуамæ уæм сæрыстыр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.