Ирыстоны ногдæр историйыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд нæ нæ хъуыдытæ фылдæр ахæссынц хæстон архайдтытæм, нæ бæстæ, нæ фыдæлты зæхх цыфыддæр знагæй куыд хъахъхъæдтам, уыцы хæстон уæззау мысинæгтæм. Уыцы уæззау азты нæ фæндвидар æмæ хъаруджын лæппутæ æвдыстой хъæбатырдзинад. Сæрибардзинадмæ фæндæгтыл цæугæйæ, фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ хызтысты карз фы-дæвзарæнты сæрты. Бæрæг уыд иу хъуыддаг – Фыдыбæстæйы сæрвæлтау тох кæнын хъуыд æмæ нæ ауæрстой сæ хъарутыл, сæ цардыл.  

Паддзахадон бӕрӕгбонты ӕхсӕн «Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бон» махӕн сӕйрагдæртæй сæ иу у. 1989 азӕй суанг 2008 азмӕ гуырдзиаг тыхæйисджыты ныхмæ тохты бабын бирӕ хъӕбатыр, фӕндвидар æмæ зондджын фӕсивӕд. Уыцы азты хӕстхъом фӕсивӕд сӕ цард аразыны бӕсты райстой хӕцӕнгарз ӕмӕ хъахъхъӕдтой нӕ фыдӕлты зӕхх, цæмæй дзурæм не  ‘взагыл, æххæст кæнæм æмæ сæ нæ фидæны фæлтæртæм адæттæм.

Йæхи æппæрста уавæр кæм карздæр уыд, уырдæм

Нӕ уацы хъайтар у, гуырдзиаг-ирон ныхмӕлӕууынады райдианӕй йӕ кӕронмӕ чи фӕцыд, бирӕ рӕстӕг йӕ райгуырӕн бӕстӕ ӕмӕ йӕ радтӕг адӕмӕн чи фӕлӕггад кодта, уыцы хъӕбатыр фӕлтӕры минӕвар. Бирӕ фæныхас кодтам йемӕ, цӕмӕй йын бамбӕрстаиккам йӕ хъӕздыг удыхъӕд, фыдыбӕстӕйыл иузӕрдиондзинад æмæ йӕ тохы фӕндӕгтӕ равдисын. Æмӕ, чизоны, исчи ахъуыды кӕна ахӕм бон нӕ цӕмӕн цымыдис кӕны «йӕ хъӕздыг удыхъӕд», фӕлӕ уый ахсджиаг у фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕгӕн. Уый сӕ разӕнгард кодта, ӕмӕ нӕ хъуыды кодтой сӕ тыхтӕ, хъарутӕ ӕмӕ сæ цардыл, нӕдӕр стыр кадыл, фӕлӕ лӕгӕрстой размæ, лӕууыдысты бирӕ хатт тыхджындæр хотыхджын знаджы ныхмӕ, цалынмӕ бирӕ азты дӕргъы цы сӕрибардзинад ӕмӕ уӕлахизмӕ цыдыстӕм, уый нæ къухты бафтыд, уӕдмӕ.

Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады раздæры службӕгӕнӕг, ныртӕккӕ пенсиисӕг Гӕбӕраты Уасил, йӕ хæстон фӕсномыг «Хъызыл» министрады службӕ код-та йӕ сырӕзтӕй фӕстӕмӕ – 1992 азӕй. Уый агъоммӕ, цалынмӕ гуырдзиаг тыхӕйисджытӕ нӕ бӕстӕмӕ не рбалӕбурдтой, уӕдмӕ уый дӕр, астӕуккаг скъола каст фӕуыны фӕстӕ, йӕ ӕмбӕстагон хӕс бафыста дард Германы зӕххыл артиллерион дивизионы. Уӕлдӕр ахуырад райсыны нысанӕн ацыд Ирыстонӕй дард (йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ фыссӕм горӕты ном). Ахуыр кодта уыцы горӕты Ленины номыл университеты юридикон факультеты фӕсаууонмӕ хайады ӕмӕ уыцы иу рӕстӕджы кусгӕ дӕр кодта.

«Иу изӕр фӕскуыст ӕрулӕфыдтӕн. Ног хабӕрттӕм, зӕгъын байхъусон, ӕмӕ ӕвдисынц нӕ горӕтмӕ ӕрбахизӕнмæ Гуырдзыстоны бирӕминон тыхтӕ куыд ӕрба-цыдысты, уыцы нывтӕ», – æрæмысыд Уасил. Уый фаг уыд ӕмӕ ӕвзонг лӕппу ныууагъта йӕ хабӕрттӕ, æрцыд ӕмӕ слӕууыд йӕ райгуырӕн уӕзӕг хъахъхъӕнджыты ӕмрӕнхъ.

Дӕргъвӕтин азты уӕззау тохы фӕндӕгтыл цы фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕг фӕлӕгӕрста, уый уадиссаг ныхас-мӕ нӕ цыд, хи схъауын, зӕгъгӕ, лӕгдзинад нӕу, фӕлӕ нын ӕххуыс кодтой йӕ бинойнаг Сиукъаты Мария ӕмӕ алы рӕстӕджыты йӕ хӕстон ӕмбӕлттӕ.

Уæрæсейы кæм куыста, кæм ахуыр кодта, уырдæм æм бирæ сидтысты, цæмæй сæм фæстæмæ æрыздæха, фӕлӕ нал ӕрӕвдӕлд царды ахсджиаг хъуыддӕгтӕм ӕвзонг лӕппуйы. Уыдонӕй ахсджиагдӕр ӕмӕ сӕйрагдӕр бынаты сӕвӕрдта Райгуырӕн бӕстӕ бахъахъхъӕнын, йӕ сӕрибардзинады сæрыл тох кæнын.

Марияйы ныхӕсттӕм гӕсгӕ Уасил уæд дӕр уыд мадзура. Карз тохты фӕстӕ-иу кӕддӕр йӕ дзаумӕттӕ ивы-ны тыххӕй куы фӕзынд, уæддæр-иу æй дзурынмæ нæ равдæлд.

«Цуанон ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй зӕронд кӕны – ахӕм уавӕры уыдтӕн ӕз дӕр. Æдзух ӕнхъӕлмӕ кастӕн, кӕд ӕрбайхъуысдзысты йӕ къахдзӕфтӕ, фӕлӕ уыцы уысмытӕ арæх нӕ уыдысты. Рудзынджы раз ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ мыл цал ӕмӕ цал хатты сбон…

Иу ахӕмы та йæм фæхабар чындæуыд, знаджы гӕрзифтонг тыхтӕ горӕты хуссарварсы ‘рдыгӕй кӕй ӕрбахъуызыдысты. Уый фехъусгӕйӕ нӕ хӕстон фӕлӕбурдта йӕ хӕцӕнгарзмӕ ӕмӕ хæдзарæй федте. Йӕ ныййарӕг мад йӕ фӕдыл ауад, кӕм уагъта йӕ хъӕбулы нӕмыджы размӕ. Дзырд дардыл у – хӕдзармӕ ӕрвыста йӕ мады, уый нӕ саст ӕмӕ уыййонг ссонт ӕмӕ йын йæ къӕхты бынмӕ фехста автоматы нӕмгуытӕ», – мысыд уӕды х-бӕрттӕ нӕ уацы хъайтары ӕмкъай Мария.

«Фыдыбӕстӕйы бирæ хъахъхъӕнджытау Уасил дæр Театралон фӕзуаты цытджын ард бахордта ирон тырысайы раз бӕстӕйыл иузӕрдиондзинад ӕмӕ ӕнувыддзинады тыххӕй ӕмӕ йӕ ӕххӕст дӕр скодта. Йӕхи ӕп-пӕрста хӕстон операци кӕм вазыгджындӕр ӕмӕ цар-дӕн тӕссагдӕр кæм уыд, уырдӕм. Нӕ республикӕйы территорийыл цы акоппытӕ ӕмӕ блиндажтӕ арæзт цыд, уыдонмӕ хъӕдӕрмӕг фылдӕр ласта Уасил. Бирӕ хатт-иу баззад йæ машинæйы – куы-иу йӕ ӕртаг фӕцис, куы та-иу хæлгæ фæкодта», – дзырдта нын йе ‘мслужбӕгӕнджы-тӕй сӕ иу – Санахъоты Алик.

Йæ иннæ хӕстон ӕмбал, йе ‘рвад Гӕбӕраты Омар та ӕрӕмысыд 2008 азы хабӕрттӕ:

«Гуырдзыстоны æрдонгтæ нӕ горӕт ӕмӕ уымæ ӕввахс хъӕуты æхсты бын куы фæкодтой, уæд бӕрӕг уыд, ӕвыдӕй кӕй нӕ баззайдзыстӕм. Уыцы рӕстӕджы мах службӕ хастам министрады фӕсауӕрцон ифтонгады ротӕйы. Тӕссаг уыд нӕ сыхӕгты радон ӕрбабырстӕй, ӕмӕ уыцы нысанӕн хъуыд горӕтӕн ӕддейӕ позицитӕ хӕстон фӕсауӕрцтӕ ӕмӕ нӕмыгӕй ифтонг кӕнын. Уыцы ахсджиаг хӕс ӕндӕр службӕгӕнджытимӕ намысджынӕй ӕххӕст кодта Уасил дӕр. Тынг тӕссаг бынæттæм, гуырдзиаг ӕмӕ сӕ ӕххуырст ӕфсадмӕ хӕстӕг рæттæм хъуыд цæуын, фӕлӕ уӕддӕр уыцы уӕззау бонты нæ гарзджын тыхты артиллери ӕнӕкъуылымпыйӕ ифтонг цыд нӕмыгӕй».

 

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы интерестæ хъуамæ хъахъхъæд цæуой

Уасил йӕ намысджын службӕйы тыххӕй хорзӕхджын ӕрцыд «Сабырад хъахъхъӕнӕгӕн», «Хӕстон сгуыхтдзи-нӕдты тыххӕй», бӕстӕйы ӕмӕ министрады æндæр юбилеон майдантӕй. Фӕлӕ Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕгӕн, ӕвӕццӕгӕн, уый фаг нӕу нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ. Уымӕн ӕмӕ бахъуыды рӕстӕджы бӕстӕйӕн, паддзахадӕн кӕд лӕггад кӕнӕм, уӕд сабыр рӕстӕджы та паддзахад бахъуыды рӕстӕджы нӕ фарсмӕ хъуамæ балӕууа, нæ тыхст ӕмӕ уӕззау уавӕр, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, бӕстон кӕна.

Уавӕрӕй пайдагӕнгӕйӕ ӕнӕ банысангӕнгӕ нӕй уымæн, ӕмӕ ацы ӕгъдауджын ӕмӕ ӕфсӕрмдзӕстыг бинонтӕ абоны онг дӕр ӕххуырст фатеры сӕ царды бонтӕ кӕй тонынц. Паддзахады ‘рдыгӕй ацы категорийы ӕмбӕстӕгтӕн, закъонмӕ гӕсгӕ, сӕ интерестӕ хъахъхъӕд куы цӕуиккой, уӕд фыццаг рады цӕрӕнуатӕй ифтонг чи цӕуы, уыдоны ӕхсӕн нӕ Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕ дӕр ӕнӕмӕнг хъуамӕ уаиккой. Æмæ ныртæккæ цасдæрбæрцæй бӕстӕ æмæ къухдариуæгадæй ӕнӕхъусдард иуæй иутæ кæй аззайынц, уый раст нӕу. Хæсты дæргъвæтин службæ бирæтæн бандæвта се ‘нæниздзинадыл, хъыгагæн, æвзæ-рæрдæм æмæ сæ фарсмæ балæууын хъæуы.

Уасил æмæ нæ иннæ хъæбатыр хъахъхъæнджытæ арæзтой æнæферохгæнгæ сгуыхтдзинæдтæ ивгъуыд азты æмæ ныртæккæ та Уæрæсе Украинæйы цы сæрмагонд операци уадзы, уым. Фæлхатт цæуынц фæлтæрты хъæбатырдзинад æмæ патриотизмы традицитæ – уымæй мах стæм сæрыстыр æмæ уый мидæг ис нæ æгæрон тых дæр.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.