Зынаргъ æмбæлттæ, æфсæддонтæ, ветерантæ!

Арфæ уын кæнын Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрадыл  30 азы  сæххæсты цытæн!

Ацы бон у Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты алы фæлтæры хъайтардзинады бон. Райгуырæн бæстæйы бахъахъхъæнын уыд æмæ у бæстæйы алы æмбæстаджы хæс. Райгуырæн бæстæ уарзын, паддзахады историйæн кад кæнын кæддæриддæр уыдзысты нæ адæмы æнæивгæ хæзнатæ.

РХИ-йы Гарзджын тыхтæ арæзт цыдысты уæззау рæстæджы – Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы. РХИ-йы Гарзджын тыхты æфсæддонтæ сты иузæрдион сæ хæсыл æмæ алыхатт дæр кодтой цæсгомджын куыст æмæ æвдыстой бæрзонд профессионализм. Ирыстон сæрыстыр у йæ хъæбултæй. Уыдон хъæбатырæй æмæ Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад æвдисгæйæ хъахъхъæнынц Фыдыбæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад.

Уæлдай бузныг мæ фæнды зæгъын хæстон архæйдтыты ветерантæн, кæцытæ егъау хайбавæрд бахастой нæ Гарзджын тыхты хæстон хъомыс сфидар кæныны хъуыддагмæ. Гуырдзиаг агресси аиуварс кæныны рæстæджы РХИ-йы Гарзджын тыхтæ хъæбатырæй хæцыдысты тохы быдыры, бахъахъхъæдтой   нæ паддзахады сæрибар  райрæзты бар.

Нæ сæртæ æркъул кæнæм зынгхуыст хъайтарты сгуыхтдзинæдты раз – сæ нæмттæ æнустæм фыст сты нæ историйы. Хъуамæ макуы ферох кæнæм, Хъахъхъæнынады министрады арæзтады  кæй егъау хайбавæрд ис, Хуссар Ирыстоныс уыцы номдзыд хъæбулты. Абон не фсæддонтæ дарддæр кæнынц сæ фыдæлты традицитæ, хуыздæр кæнынц сæ профессионалон цæттæдзинад, эффективонæй æххæст кæнынц сæ хæслæвæрдтæ.

Абоны бон нæ хъахъхъæнджытæ активон хайад исынц Сæрмагонд æфсæддон операцийы, Донбассы адæмы сæрыл хæцынц æхсарджынæй, æмæ æвдисынц æцæг хъайтардзинад неонацисттимæ тугкалæн тохты. Абон уыдон кæимæ тох кæнынц Донбассы, уыдон 1991-1992 æмæ 2008 азы Гуырдзыстонæн æххуыс кодтой Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ æфсæддон агрессийы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад стыр аргъ кæны нæ хъахъхъæнджыты æрвылбонон куыстæн, мах дарддæр дæр æххуыс кæндзыстæм нæ хæстонтæн, кæцытæ сты тохы быдыры.  Дызæрдыггаг нæу, сæрмагонд æфсæддон операци кæй фæуыдзæн Уæрæсейы Федерациимæ нæ иумæйаг уæлахизæй.

Зынаргъ æмбæлттæ, æфсæддонтæ!

Арфæ кæнын Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæн, Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæйы æмæ Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы Арæнгæрон дæлхайады офицертæ æмæ æфсæддонтæн, кæцытæ РХИ-йы Гарзджын тыхты дæлхæйдтимæ иумæ хъахъхъæнынц сабырдзинад нæ зæххыл.

Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ ног уæлахизтæ уæ зын куысты.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.