Афтæ зæгъæн нæй Кавказы адæмтæй, уæлдайдæр Цæгат Кавказы адæмты аив литературæтæй ирон нывæфтыд литературæ искæмæй чысыл фæстæдæр лæууы, зæгъгæ. Хуыцау бахизæд. Нæ ирон адæмæй, — хуымæтæджы нæ акæнæм, — иуæй-иу мыггæгтæм цас фысджытæ ис, Кавказы адæмтæй бирæтæм иууыл иумæ уыйбæрц нæй дзырдаивады кусджытæ.

Уый æнæнхъæлæджы нæу. Нæ ирон адæмон сфæлдыстад дæр афтæ хъæздыг у, фæлæ нын кæронмæ йæ рауадзын нæма бантыст. Æрмæст эпостæ нæм ис æртæ:
1) «Нарты кадджытæ»;
2) «Даредзанты кадджытæ» æмæ
3-аг — «Царциаты диссæгтæ».
Æндæр кæцыфæнды ахæм адæм сæ кад дунейыл ныддиссаг кодтаиккой. Мах лæууæм сæрныллæгæй. Цыма никуы æмæ ницы.

Нæ нын æнтысы нæ аив литературæ, ома, нæ фысджыты, стæй нæ аивады кусджыты сфæлдыстад, куыд æмбæлы, афтæ парахат кæнын дæр. Фæстаг фæндзай азы, Октябры революцийы размæ аив литературæйæн йæ кой дæр цы адæмтæм нæ уыдис, уыдон сæхи литературæйы фæрцы равдисыны тыххæй сæ сæртæй дуæрттæ кæнынц, мах та цыма иуран сæлгæ ныккодтам.

Уый тыххæй зæрдæйæн æхсызгон уыд, ивгъуыд азы зындгонд уырыссаг аивадон журнал «Дружба Народов»-ы 10-æм номыры зындгонд ирон романист Булкъаты Михалы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй фыссæг æмæ ахуыргонд, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, профессор Хъазиты Мелитоны монографи «Историйы азхынцæг» уырыссаг æвзагыл куы ныммыхуыр, уæд уый.

Фæлæ, ирон нывæфтыд литературæ чи уарзы, чи йын аргъ кæны, уыдоныл ацы азы тæккæ кæрон ацы журнал сæмбæлын кодта ноджы стырдæр циндзинад — журналы 12-æм номыры уырыссаг æвзагыл мыхуыр æрцыд Мелитоны зындгонд уацау «Алмас». Уыимæ журнал уацмысмæ чиныгкæсджыты йæхæдæг сцымыдис кодта йæ рæстаг аргъгондæй. Йæ авторæй, ома, нæ фыссæг æмæ йæ уацмысæй зæрдæхæларæй зæгъы: «Хочется отметить повесть патриарха осетинской литературы Мелитона Казиты „Алмас“. Это — аллегорическое повествование о природе любви и верности, страха и предательства, чести и долга. История о том, как щенок, рожденный от собаки и волка, разрывается между двумя своими ипостасями, двумя антагонистическими сущностями, принося и радость, и горе приютившим его людям.»

Ирон литературæйы классик

Журналы ацы номырыл цы уырыссаг газеттæ æмæ журналтæ фыссынц, уыдон нæ фыссæджы афтæ (зæгъæм телеканал «Культурæ» — 21.12.2022 æмæ æндæртæ) хонынц — «классик осетинской литературы».

Æмæ уым диссагæй ницы ис, диссаг уый у, нæ фысджытæй нын нырма ахæм нæмттæй кæй никæмæ дзырдтой, афтæмæй дзы уыцы ном æмбæлд æндæртæм дæр. Хъазиты Мелитонмæ уæддæр кæй æрхаудта, уымæй дæр табу — Хуыцауæн!