Раздæр, ирон адæм арæзтой Хорысæрты куывд. Уыцы бæрæгбон баст уыдис хуымгæрдæны райдианимæ æмæ-иу цалынмæ куывд нæ сарæзтаиккой, уæдмæ-иу ног тыллæджы хорæй хæрын нæ фæччыдис. Ацы бæрæгбоны хæрдзты тыххæй Ирыстоны бирæ хъæуты дардтой сæрмагонд зæххы хæйттæ – иумæйаг дзуары хуымтæ. Ацы хуымтæ-иу рахуыдтой бардуæгтæн сæхи нæмттæй (Таранджелоз, Уастырджи, Аларды) æмæ æндæр бардуæгты номæй дæр.

Цхинвалы районы Тъбайы хъæуы раздæры цæрæг Туаты Зауыр  куыд дзырдта, афтæмæй-иу уыцы хуымты тыллæг бахардз кодтой Хорысæрты куывды, кæнæ-иу æй цы бардуаджы номæй рахуыдтой, уыдон куывдты. Хуымтæм-иу сæ цæст дардтой, куывд кæнын-иу кæмæн бахæс кодтой, уыцы бинонтæ. Уыдонæн сæ хæс уыд уыцы хуым байтауын, уымæ хъусдарын, йæ тыллæг ын бафснайын æмæ хорты æрыссын. Тыллæг-иу куы бафснайдтой, уæд-иу хуымы зæхх ногæй бахуым кодтой.

Уыцы бæрæгбон арæзтой сæ хор æмæ-иу сæ мæнæуы хуымтæ карст, найгонд куы фесты, уæд. Бæрæгбоны агъоммæ-иу развæлгъау хæлттæ сæппæрстой, æвзæрстой фысымтæ, кæй хал-иу схаудта, уыдон-иу дзуапп лæвæрдтой фынгæн. Иудзырдæй, фынджы бæркад баст уыдис уыдоны арæхстдзинадыл. Развæлгъау-иу бахсыстой бæгæны, уагътой арахъ.

Фысым-иу куывдмæ алцыдæр куы æрцæттæ кодта, уæд-иу иумæйагæй цы гал балхæдтой, уый-иу аргæвстой. Йæ фыдызгъæл-иу ын ныддихтæ кодтой æмæ-иу æй хъæубæстыл байуæрстой. Куывдæн-иу ныууагътой сæр, къæхтæ æмæ йæ уæллаг хуылфыдзаума. Стæй -иу хъæуы кувæг лæг скуывта: “О, Хоры Уацилла, баххуыс нын кæн, ацы аз нæ хуымтæ тынг нæ фесгуыхтысты æмæ нын фидæнмæ бæркадджын тыллæг ратт, нæ хордонтæ куыд байдзаг уой”.

Хорысæрты куывд стыр циндзинад хаста сабитæн дæр. Фæсивæды ‘хсæн та уагъд цыдысты спортивон ерыстæ, сарæзтой-иу хъазт дæр æмæ-иу сæ рæстæг хъазгæ, худгæйæ арвыстой.

Хорысæрты куывдæн ма йæ хорздзинад уый мидæг уыдис, æмæ уыцы нæртон фынгыл расыг лæджы нæ федтаис, нæ дзы федтаис æнæгъдау дзыхæй дзурæджы. Адæм кæрæдзийæн аргъ кодтой, алчи дæр архайдта йæ фарсмæ бадæгæн куыд хуыздæр балæггад кæныныл. Фынгыл-иу  куывдтыты æхсæн сæрмагонд гаджидау уыд, азы мидæг хуыздæр чи бакуыста, хорз тыллæг чи æрзайын кодта, уыдонæн. Ахæмтæм-иу хистæртæ сæхи номыл нуазæнтæ барвыстой.

Хорысæрты куывды ма кодтой ахæм æгъдау дæр, хæдзары æфсин-иу хъæдын къусы ныккодта алы мыггаг хоры нæмгуытæ æмæ-иу сæ къуымты тилгæ рахæсс-бахæсс кодта хъæрæй дзургæ: хор – мидæмæ, мыст – æддæмæ. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, ацы ритуалон æгъдæуттæ нæ хæдзары æххæст кодта мæ фыды мад, кæд мæ зæронд дада дæр хæдзары уыд, уæддæр.

Абон, уыцы рагон нывтæ цæмæндæр мæ зæрдыл æрлæууыдысты æмæ мæм æрцыд ахæм хъуыды: æвæдза куыд хорз уаид, районты хъæууонхæдзарадон  цæрджыты `хсæн уагъд куы цæуид конкурстæ – ерыстæ. Дзырдæн зæгъæм, районы зæхкусæг бинонтæй иууыл стырдæр цыхт чи бацахста, фылдæр фос чи дары, фылдæр хос чи æркарста, чи фылдæр ныссагъта талатæ, чи фылдæр æркодта мæнæу, нартхор, картоф, хъæдур, нуры, къабускæ, цæхæра æмæ æндæр халсæрттæ. Кæцы районы ис æппæты фылдæр стурвос, фылдæр дуцгæ хъуццытæ, стæй афтæ лыстæг фос дæр.

Абон рæгъмæ цы фарстытæ рахастон, уый мæ хъуыдымæ гæсгæ, стыр ахъаз фæуаид  нæ хъæууон хæдзарад тагъддæр сæндидзын кæнынæн. Ам рохуаты ма хъуамæ баззайой механизатортæ, уыдонæй азы мидæг фылдæр æмæ хуыздæр чи бахуым кодта, фылдæр æмæ сæ гъæдджындæрæй чи фылдæр байтыдта, кæцы комбайнер æркарста фылдæр гектартæ, фылдæр тыллæг чи банай кодта.

Иудзырдæй, хъæууон цардæй иунæг къабаз дæр рохуаты ма хъуамæ баззайа.

Хоры куывд та ахæм хуызы куы райдаиккам аразын, уæд йæ мидис бирæ фæхуыздæр уаид.

        БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.