Æгас дуне ацы бонты, зæгъæн ис, цæры футболæй. Уый уæлдай тынгдæр хауы  Уæрæсемæ – йæ историйы фыццаг хатт ам уагъд цæуы спорты ацы хуызæй дунейы чемпионат. Уый байгом Мæскуыйы, 14 июны, стадион «Лужники»-йы 18 сахатыл. Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин чемпионат гом кæныны церемонийы футболæн табугæнджытæн раарфæ кодта планетæйы сæйраг турниры райдианы сæраппонд. «Ацы стыр спортивон цау фыццаг хатт цæуы Уæрæсейы æмæ мын уый у тынг æхсызгон. Нæ бæстæйы футбол спорты æрмæст иууыл дзыллондæр хуыз нæу. Футболы махмæ, æцæгæйдæр, уарзынц. Уыцы уарзт та у фыццаг бакастæй, фыццаг официалон хъазтæй, кæцы Уæрæсейы уагъд æрцыд 1897 азы», – загъта Владимир Путин.

 

БИБЫЛТЫ АНАТОЛИ ХАЙАД РАЙСТА ЦЫТДЖЫН ЦЕРЕМОНИЙЫ

Чемпионат гом кæныны церемонимæ Уæрæсейы Президент  Владимир Путин фæхуыдта нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийы дæр. Уый дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн радзырдта ацы спортивон цауы ахсджиагдзинады тыххæй, афтæ ма раргом кодта, кæцы командæйæн табу кæндзæн, уый дæр. Уый та у Уæрæсейы командæ æмæ йæ ныфс ис, аккагæй кæй акæндзæн йæ хъæзтытæ. «Æхсызгон мын у, дунейы чемпионат кæй цæуы Уæрæсейы. Ныфс мæ ис, алцыдæр кæй уыдзæн бæрзонд æмвæзадыл æмæ кæй фæахъаз уыдзæн футболы дарддæры рæзтæн», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президент каст чемпионаты фыццаг хъазт – Уæрæсе æмæ Саудаг Аравийы командæты хъазтмæ дæр. Зындгонд куыд у, афтæмæй Уæрæсейы æмбырдгонд командæ рамбылдта стыр хыгъдæй – 5:0.

 

ВЛАДИМИР ПУТИН РААРФÆ КОДТА ЧЕРЧЕСТЫ СТАНИСЛАВÆН

Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы уæлахизы тыххæй йæ тренер Черчесты Станиславæн раарфæ кодта УФ-йы Президент Владимир Путин, телефоны йемæ ныхас кæнгæйæ.

Дунейы чемпионаты хъæзтытæ уагъд цæуынц Уæрæсейы 11 горæты – Мæскуы, Санкт-Петербург, Казань, Нижний Новгород, Калининград, Волгоград, Сочи, Екатеринбург, Самара, Ростов-Доныл æмæ Саранскы.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.